Туркаг горæт Антальяйы ивгъуыд къуыри дзюдойæ цыдысты дунеон-рейтингон турнир «Стыр згъæрхуд»-ы ерыстæ.
Турниры цы æхсæзсæдæ спортсмены архайдта, уыдоны ’хсæн уыдысты амæй-ай зындгонддæр æмæ тыхджындæр дзюдоисттæ.
Уæрæсейы номæй хæцæг дзюдоисттимæ уыдысты ирыстойнаг чызг æмæ лæппу Таймазты Мæдинæ æмæ Хуыбецты Алан.
Хъыгагæн, Хуыбецы-фырты архайд нæ фæрæстмæ, æмæ баззад æнæ хæрзиуæгæй. Сылгоймæгты ерысты 70 кг онг уæзы Таймазты Мæдинæйæн уыди цалдæр тыхджын ныхмæлæууæджы. Уыдонимæ хъазуатон тохты фæуæлахиз мароккойаг дзюдоисткæ Нуангыл, гуырдзиаг чызг Гульбанианийыл, Испанийы номæй хæцæг япойнаг дзюдоисткæ Ай Цунодо-йыл æмæ рацыд ерысты æрдæгкæронбæттæнмæ. Хъыгагæн, ацы фембæлды Мæдинæ чысыл фæкъуылымпы æмæ фæхæрд Олимпиаг хъæзтыты 2-аг бынат бацахсæг австриаг дзюдоисткæ Паллерисæн. Мæдинæ бацахста 3-æм бынат, фæлæ, йæхи загъдау, тырныдта 1-аг бынатмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Таймазты Мæдинæ ныридæгæн кæй у, Олимпиаг хъæзтытæм лицензи чи бакуыста, уыдонæй. Ацы турниры архайд дæр ын уыд Олимпиаг хъæзтытæм йæхи цæттæгæнæн фæрæз. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ рæдыдæй дæр хъуамæ скæна раст хатдзæгтæ. Уырны нæ, афтæ кæй уыдзæн, уый!
Баскаты Уырызмæг














