Рæстæг дугъон бæх у, фæзæгъынц. Æцæгæйдæр, афтæ у. Беслæны 1954 азы 13 апрелы Мамсыраты Дзæмбеджы хæдзары фæзынд ноггуырд, æмæ диссаджы арфæтæ райхъуыст лæппуйы гуырæн боны фæдыл… Цыдæриддæр куырдтой Дунесфæлдисæгæй, уыдон сæххæст сты. Мамсыраты Таймураз Ирыстонæн стыр хæрзты бацыд. Уый æмхуызонæй дæр зонынц.
Йæ ахуыры фæндаг æй рахуыдта Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институты промышленнон æмæ граждайнаг арæзтады факультетмæ. Кусын райдыдта цæугæ мехинизацигонд 815-æм колоннæйы мастерæй. Сæрæнæй архайдта фæс-комцæдисон змæлды, 1978 азы йæ райстой рес-публикæйы Фæсивæды Æппæтцæдисон Ленинон Коммунистон цæдисы комитетмæ, уыд Цæгат Ирыстоны арæзтадон къордты сæйраг инженер.
Афтæ къæпхæнгай Мамсыраты Таймураз æппæт фæлварæнты сæрты дæр ахызт, уæдмæ йæ ахуыдтой Мæскуымæ, куыста Фæсивæды Ленинон Коммунистон цæдисы Центрон комитеты, Цæгат Ирыс-тонмæ æрыздæхт æмæ ссис ФÆЛКЦ-йы цæгат-ирыстойнаг обкомы нымæрдар. Фæстæдæр ссис Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советы депутат, 1990 азты уыд Коммунистон партийы цæгатирыстойнаг обкомы инспектор. Куыста Рахизфарсы районы, 1998 азы республикæйы Президент Дзасохты Алыксандры фæндонæй ссис республикæйы Хицауады Сæрдар.
2005 азæй 2015 азмæ уыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг. 2007 æмæ 2011 азты архайдта Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хыгъдты уыд раззагдæр. 2015 азы 21 мартъийæ у Федерацийы Советы уæнг, сенатор, йæ бартæ ноггонд æрцыдысты 2016 азы сентябры æмæ 2021 азы сентябры. Йæ архайды тыххæй хорзæхджын æрцыд «Александр Невскийы номыл», «Кады Нысаны», «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты», «Хæлардзинады» ордентæй æмæ бирæ майдантæй.
Мамсыраты Дзæмбе-джы фырт Таймуразы фыст чингуытæй пайда кæнынц скъолаты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ.
Интернетæй ист
Æрмæг














