Уæрæсейы театралон фестиваль «Сыгъзæрин маскæ»-йы профессионалон жюрийы эксперттæ: драматург, УФ-йы культурæйы сгуыхт архайæг Александр Пудин, театриртасджытæ æмæ театралон критиктæ Мария РАЙКИНА æмæ Нинæ Монова уыдысты Дзæуджыхъæуы. Уыдон федтой фестиваль «Сыгъзæрин маскæ»-йы 30-æм юбилейы архайæг Ирон
театры спектакль, Шекспиры «Къарол Лир».
Эксперттæ йæ æвзардзысты цыппар номинацимæ гæсгæ: куыд стыр формæйы спектакль, режиссер Уалыты Гивийы
куыст, нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы хуыздæр рольтæ (Æлбегаты Алан æмæ Æгкацаты Аминæ).
Алы театр дæр хæссы фестивальмæ йæ хуыздæр спектакль, æмæ уый хъуамæ уа фæстаг рæстæджы сценикон куыстытæй иу. Ахæм уынаффæимæ разы сты УФ-йы Театралон архайджыты цæдисы сæрдар Владимир Машков æмæ УФ-йы Культурæйы министрад дæр. Эксперттæн сæ бон нæу рагагъоммæ конкурсы архайæг спектаклы тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъын, фæлæ нæ басусæг кодтой, нырыккон театр куыд æмæ цæуыл хъуамæ куса, уый.
«Театр у адæймаджы тыххæй æмæ адæмæн! Хъуамæ дзы бынат ма уа, театры хорз традициты ныхмæ, йе знаггад æмбаргæйæ, чи кусы, ахæмтæн. Регионалон театрæй æнхъæлмæ кæсæм ахæм спектакльтæм, кæцытæ адæмы æфтауой хъуыдытыл, агайой сæ, цымыдис кæной театрдзауты, хæссой сын æнцойдзинад. Фæнды нæ фенын курдиатджын актертæ æмæ сæ архайд сценæйы, уæдæ цавæр ног сценикон ахорæнтæй пайдагонд цæуы, уымæ дæр кæсдзыстæм»,– загъта йæ хъуыды Александр Пудин.
Боны фыццаг æмбис эксперттæн уыд сфæлдыстадон фембæлдтытæ театры артисттæ æмæ режиссертимæ, журналисттæ æмæ студенттимæ.
Ирон театры Чысыл залы Александр Пудин ныхас кодта, нырыккон драматургийы размæ цавæр хæстæ æмæ нысантæ лæууы, национ театр хъуамæ цавæр ахсджиаг фарстатæм разила йе ‘ргом, ууыл. Фæнысан кодта, куыд вазыгджын у алы нацийæн дæр йæ мадæлон æвзаг хъахъхъæнын, театр та дзы, æнæмæнгæй, пайда куыд кæна, уый. Дзуаппытæ радта фембæлды архайджыты.
Мария Райкинаимæ фембæлд, тынг æхсызгон уыд хис-
тæр фæлтæры актертæ æмæ режиссертæн. Мария дзырдта вахтанговонтæ æмæ щукинонтæ актерты раздæры фæлтæрты æмæ бæстæйы раззагдæр театрты ‘хсæн сфæлдыстадон æмгуыстады тыххæй, æрымысыд, фæскулисæты цы цымыдисаг цаутæ цыд, уыдон.
Нинæ Монова у нæ бæстæйы куклаты театрты куыст хуыздæр иртасджытæй иу. Уый фембæлд куклаты театр «Саби»-йы минæвæрттимæ. Радзырдта сын сæ куысты профессионалон сусæгдзинæдты тыххæй. Æвдыста видео æрмæджытæ.
«Сыгъзæрин маскæ»-йы преми УФ-йы Театралон архайджыты цæдис расидт 1993 азы. Уæдæй нырмæ ацы аивадон профессионалон проект архайы уæрæсейаг театры традицитæ бахъахъхъæныныл, алы хуызы жанрты хуыздæр спектакльтæ иртасыныл, ног театралон тенденцитæ бæрæг кæныныл.
28 мартъийæ фестивалы оргкомитет исын райдыдта фидæн азы «Сыгъзæрин маскæ»-йы архайджытæй курдиæттæ. Ныридæгæн сты сæдæйæ фылдæр. Иу театрæн йæ бон у дыууæ курдиаты бадæттын. Нæ респуб-
ликæйы театрты нымæц æмæ сæ ирд премьерæтæ хынцгæйæ, мах дæр æнхъæлмæ кæсæм ноджы фылдæр архайджытæм æмæ национ театралон преми «Сыгъзæрин маскæ»-йы уæлахиздзаутæм!
Мамиаты Лолитæ














