Æрæджы Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вагзалы раз хæдтулгæ дыууадæсаздзыд Сæрмæты куыд сцавта, уый ауыдта Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы æртыккæгæм курсы студенткæ Сæлбиты Аланæ.
Трамвайæ рахизæг лæппу фæндаджы сæрты фистæг бæлццæттæн дихгонд сæрмагонд тæлмыл куы фæцæйзгъордта, уыцы уысм æй æрбацæйцæуæг хæдтулгæ сцавта. Транспортон фæрæзы цæфæй асфальтыл æрхауæг лæппу сыс-
тад, дарддæр цалдæр метры азгъордта æмæ та, ногæй куы æрхауд, уæд æм Аланæ батагъд кодта.
Зæххыл хуыссæг сывæллоны цардæн тæссаг кæй нæу æмæ йе стджытæй иу дæр кæй нæ асаст, уый рахатгæйæ, Аланæ æмæ лæппуйы сцæвæг хæдтулгæскъæрæг Сæрмæты аластой Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны исæн хайадмæ. Фæндагыл цæуыны рæстæг Аланæ хъыгдардбаййафæг лæппуйы уавæрмæ цæст дардта, сабыр æй кодта æмæ йын йæ ныййарджытæм телефонæй фæдзырдта.
Æрцæуæг фыдбылызы фæстæ хъыгдардбаййафæг сывæллоны фыд дæсны специалистты цæттæгæнæг медицинон колледжы разамынд æмæ æгъдауджын чызджы схъомылгæнæг Аланæйы ныййарджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта. Амынд колледжы медицинон хоты хайады æртыккæгæм курсы студенткæ Сæлбиты Аланæ цæры Беслæны. Чызг разæнгардæй архайы ахуыргæнæндоны æхсæнадон цард æмæ спортивон хайæдты.
1920 аз Дзæуджыхъæуы кæй байгом кодтой, уыцы медицинон колледжы нымад у Цæгат Кавказы рагондæр ахуыргæнæндæттæй иуыл. Амынд заманæй нырмæ медицинон колледж бацæттæ кодта 20 мин специалистты бæрц. Ахуыргæнæндон кæй ахсы, уыцы цыппаруæладзыгон бæстыхай ифтонггонд у куыстмæ ’взыгъд специалистты цæттæ кæнынæн æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй.
Датиты Ольгæ














