Зæрдæйы хъарм — адæмæн

0
251

Нæ ирон уарзон газет «Рæстдзинад»-ы арæх бакæсæн вæййы цымыдисаг æрмæджытæ: фыдæлтыккон хабæрттæ, нæ диссаджы æгъдæуттæ, нæ разагъды лæгты тыххæй. Мæнæ та ацы аз хуымгæнæны мæйы фæндзæм бон Кировы районы хистæр фæлтæры минæвæрттæ бакастысты æхсызгонæй ме ‘мхъæуккаг БЫЗЫККАТЫ Земфирæйы уацхъуыд «Нæртон æмæ куырыхон» — XX æнусы хæдзарадон, партион æмæ советон архайæг Хосонты Къостайы тыххæй.

Елхоты райгуырд æмæ схъомыл Хосонты Дзамболаты фырт. Куыддæр скъола каст фæцис, афтæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Хъахъхъæдта нæ райгуырæн Ирыстон, немыцаг фашисттæй уæгъд кодта Цæгат Кавказы зæххытæ.
Ссæдзаздзыдæй, уæззау цæфты фæстæ, райдыдта Къостайæн йæ æхсæнадон куыст. Уыдис йæ райгуырæн Елхоты колхозы фæскомцæдисонты раздзог, каст фæцис партийы Цæгат Ирыстоны обкомы цур партион-советон скъола, куыста фæскомцæдисы райкомы нымæрдарæй, колхозы партион къорды разамонæгæй, колхоз «Кавказ»-ы сæрдарæй. 1965 азы тъæнджы мæй та æвзæрст æрцыд партийы Кировы райкомы фыццаг нымæрдарæй…
Иван Ильин — зындгонд уырыссаг философ йæ рæстæджы фыста: «Дæ адæмы æцæгæй куы уарзай, уæд ын хъуамæ цæстмæ митæ ма кæнай, йæ аиппытæ йын ма æмбæхсай, фæлæ сыл хъуамæ рæстзæрдæйæ, æхсарджынæй дзурай…» Ахæм хъуыддаг кæнынхъом у, йæхæдæг уд æмæ цардыхъæдæй фидар чи у, ахæм адæймаг. Ахæм адæймагæй Кировы районы дзыллæтæ абон дæр ма мысынц Хосонты Дзамболаты фырт Къостайы рухс ном. Уый хуызæн адæймæгтæй фæзæгъынц: «Рæсугъд — йæ удыхъæд, рæсугъд — йæ гуырыконд, рæсугъд — йæ хъуыдытæ, йæ рацыд æмæ бацыд. Бакæс æм иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр, рабар æй дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр — æгасæй дæр нæртон лæг».
Фынддæс азы бакуыстон Къостаимæ Кировы районы. Уый — хæст æмæ фæллойы фæлтæрд, æз — æрыгон журналист. Аудыдта æрыгон кадртыл, ахуыр сæ кодта канд сæ дæсныйадыл кусын нæ, фæлæ ма адæмимæ ныхас кæнын, фыдыуæзæг æмæ Райгуырæн бæстæ уарзын. Стыр аргъ кодта хæсты ветерантæн, йæ хъæппæрисæй сырæзыд Æрджынарæг хъахъхъæнджыты кадæн егъау цыртдзæвæн, кæцы ныр æнусы æмбисы бæрц у рæзгæ фæлтæры хæстон-патриотон хъомылады зындгонддæр бынæттæй иу. Къоста арæх æмбæлди хистæртимæ, ивгъуыд æнусы 60-æм азты кæрон æмæ 70-æм азты райдианы районы фæллойгæнджытæй бирæтæ сæ хъазуатон куысты тыххæй райстой бæрзонд паддзахадон хæрзиуджытæ: Кочынаты Мария æмæ Хæбæлаты Андрей, Лианты Батрадз æмæ Алиаты Юри, Гайты Уардез æмæ Дзуццаты Дзамболат, Æлбегаты Аслæнбег æмæ Пагæты Гуыба, Николай Бондарь æмæ Дзæгъойты Сарæ, Милдзыхты Феликс æмæ Хъабанты Мария, Дзгойты Бег æмæ Бызыккаты Ладо (Земфирæйы фыд); Нæкуысаты Дæгко æмæ Дзгойты Еруслан та систы Социалистон Фæллойы Хъæбатыртæ.
Газеткæсджытæн ма сæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Æрджынарæджы хæстыты цаутæй иу. Цæвиттон, 1942 азы кæфты мæйы (октябры) талынг æхсæв 84-æм хицæн денджызон æхсæг бригады сгарджытæ Елхоты хуссарварс хæдзæрттæй иуæй фехъуыстой сывæллоны кæуын. Хъавгæ бацыдысты æмæ агъуысты ссардтой цæф сабийы, цыдаид ыл афæдз æмæ æрдæг. Йæ фарсмæ та ацæргæ сылгоймаджы мард. Рахастой сывæллоны, барæвдыдтой йæ, ном ыл сæвæрдтой «Эльхотæ» — ома, цы хъæуы йæ ссардтой, уый номæй. Йæ мыггаг ын схуыдтой «Морская» — денджызонтæ йæ кæй фервæзын кодтой, уымæ гæсгæ, фыды ном — «Анатольевна», бригады командиры хæдивæг политикон куысты Анатоли Даниловы номæй.
Бирæ фæцагуырдтой бригады ветерантæ хæсты фæстæ сабийы фæд. Сæ курдиатмæ гæсгæ сгарæн куыст кодтой Хосонты Къостайы разамындæй Кировы районы партион-советон кусджытæ дæр. Æмæ сæ фыдæбон нæ фæдзæгъæл: Гуырдзыстоны сæйраг сахар Тбилисы хуыйæн фабрикæтæй иуы мастерæй куыста Кудзаты Русудан — ахæм ном æмæ мыггагимæ ласт æрцыд 1942 азы цыппурсы мæй Тбилисы сидзæрты хæдзæрттæй иумæ. Æртын азы фæстæ Джиоты Хадизæт йæ райгуырæн Елхоты фембæлд йæ мад Нуца æмæ йæ ирвæзынгæнджытимæ.
Иннæ хъуыстгонд елхотаг — Моргуаты Уырысби. Хæсты ветеран, фæллойгæнджыты депутатты Кировы районы Советы æххæсткомы сæрдар, партийы Алагиры райкомы фыццаг нымæрдар, партийы Цæгат Ирыстоны обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады разамонæг, Ирон фыццæгæм педагогон училищæйы директор — ахæм уыдис йæ фæллойадон фæндаг. Уырысби дæр Къостайы хуызæн бирæ хæрзты бацыд йæ хъæубæстæн, нæ районæн, уарзон Ирыстонæн…
Ахæм хъуыдытæ мæм сæвзæрын кодта Бызыккаты Земфирæйы æрмæг. Кæронбæттæны ма мæ зæгъын фæнды: Къоста цы адæмы ‘хсæн цард, уым нымад уыдис æцæг лæгыл. Æххуысмæ-иу æм йæхи чи бакъул кодта, уымæн-иу, йæ уавæр куыд амыдта, афтæ-иу æй сарæзта.

Къубалты Солтан,
«Иры Стыр Ныхас»-ы Кировы районы хайады уынаффæдоны сæрдар,
ССР-ы Цæдис æмæ Уæрæсейы Журналистты цæдисты уæнг,
Цæгат Ирыстоны
культурæйы
сгуыхт кусæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here