Адæймаджы ирвæзынгæнджытæ

0
254

Уæрæсейы паддзах АЛЕКСЕЙЫ бардзырдмæ гæсгæ, 1694 азы 30 апрелы арæзт æрцыд зынгсирвæзтыты ныхмæ службæ, æмæ уæдæй ацы бонмæ ныффидар, куыд сæ профессионалон бæрæгбон. Сæдæгай азты дæргъы ивтой сæ куысты уавæртæ æмæ домæнтæ, цæмæй дзы сырæза хъомысджын министрад. Абон Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад йæ архайд парахат кæны канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ ма бахъуаджы сахат фæсарæнты дæр.

Кæд медицинæйы къабазы ис тагъд æххуысы службæ, уæд нæ республикæйы та уый æмрæнхъ лæууы РЦИ-Аланийы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады дæлхайæдтæй иу – зынгсирвæзтытæ-ирвæзынгæнæг сæрмагонд хайад. Сæ архайд парахат кæнынц Хъаспийæ суанг Сау денджызы онг. Службæйы кусджытæ цæттæ сты цыбыр рæстæгмæ æрбалæууын адæймаджы фарсмæ йæ зын сахат, аиуварс кæнын æрдзон, фæндаггон æмæ æндæр фыдбылызты фæстиуджытæ. Уый сæ домы куыстмæ исын дæсны æмæ, йæ фæлтæрддзинад бæрзонд кæмæн у, ахæм ирвæзынгæнджыты, дохтырты, психологты.
Ацы службæ равзæрд хуымæтæг зынгхуыссынгæнæн хайадæй 2013 азы. Йæ райрæзтыл зæрдиагæй бацархайдта Чигаты Хаджысмелы фырт Арсен. Ныртæккæ уый разамынд дæтты цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджыты къордæн.
«Нæ сæрмагонд хай у чысыл хæстон æфсады хуызæн. Ис нæм цыппор иуæгæй фылдæр техникæ, уымæй уæлдай – цæугæдоны, миты кусынмæ сæрмагонд ифтонггæрзтæ, æнæпилот тæхæг аппараттæ, мотопомпæ, роботтæ.
Куысты домæнтæ хынцгæйæ, тырнæм техникон ногдзинæдтæ æййафынмæ дæр. Ногæй нæм цы фæзыны, уыдонæй куысты пайда кæнæм. Æрæджы райстам, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм машинæ. Иннæтæй хицæн кæны, йæ хуылфы цистернæ æмæ уæлæмæ асинтæй. Уæдæ искуы куы фæкусæм, кæнæ нæм ахуыртæ куы вæййы, уæд дæр бынаты саразæм хъæугæ царды уавæртæ – хъарм хæринаг æмæ, цæмæй адæймаг йæхимæ базила, уымæн», – зæгъы хайады разамонæг, мидслужбæйы булкъон Бæройты Ибрагим.
Сæрмагонд хайады бындурыл кусы аэромобилон къорд 100 адæймагæй. Алы бон дæр федералон резервмæ дæттынц сæхи тыххæй хъусынгæнинаг, ома, кæй сты цæттæ Уæрæсейы æмæ фæсарæнты æнæнхъæлæджы цауты уавæрты кусынмæ, цал адæймаджы сæм ис, уый, æмæ техникæйы нымæц. Бынатмæ рацæуынæн сæ бахъæудзæн æрмæстдæр цыппар сахаты.
Арæх хайады кусджытæ нæ фæзонынц, кæдæм цæуынц, уый, æмæ хъуамæ сæ бон уа хъæддых фæлæууын зындзинæдты ныхмæ, куысты уæззау уавæртæн, ныфс дæттой фæндаггон, кæнæ æндæр фыдбæллæхы бахауæгæн, суанг ма зиан кæуыл æрцыд, уыцы бинонтæн дæр.
Республикæйы цæрджытæн хъуыдыйаг сты, къуыригæйттæ фæндæгтыл лæугæйæ цы уæзласæн машинæтæ баззайынц, уыцы нывтæ. Арæх шофырты дæр бахъæуы дохтырты æмæ психологты æххуыс, цæмæй сын ныфс раттой. Уæдæ сын хъарм хæринаг байуарынц, баххуыс сын кæнынц сæ хиуæттимæ телефоны бастдзинадæй. Ахæм æххуысмæ шофыртæ алыхуызон цæстæй ракæсынц, чи бузныг фæзæгъы, чи та ма ноджы фыдæнæн мийæ равдисы йæ зæрдæйы уаг.
Æрæджы ирвæзынгæнджытæн бантыст Хохы Санибайы къуындæг фæндæгтæй стыр уæзласæн машинæ раирвæзын кæнын. Сыхаг республикæйы цæрæгæн чидæр бацамыдта, æнæ радæй ацæуынæн уыцы фæндаг. Шофыр дæр баууæндыд æмæ фæндæгты уавæр нæ зонгæйæ, гыццыл ма бахъæуа, былæй фæцæйхауд, ирвæзынгæнджытæ йæм куы нæ фæтагъд кодтаиккой, уæд. Цæттæ уыдысты Кæсæг-Балхъары республикæмæ ацæуынæн дæр, тыхджын дымгæ, уарын æмæ ихы фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ. Вæййы афтæ, æмæ сæм æбæрæг ранæй фæдзурынц, чи фæдзæгъæл, ахæм туристтæ, ссарут нæ æмæ нæ ракæнут, зæгъгæ. Ахæм цауты рæстæг специа-
листтæн æнцон нæ вæййы сбæлвырд кæнын, адæм кæм сты, уый. Уыцы хæс сæхимæ райсынц диспетчертæ æмæ бæлвырдгонд хабар дарддæр адæттынц, кæмæ æмбæлы, уыдонмæ.
Афæдзы райдайæнæй республикæйы æрцыд 400-йæ фылдæр зынгсирвæзты. Хус æмæ æнæкъæвда рæстæгмæ сæхи цæттæ кæнынц ацы хайады дæр. Зæрдæвæрæны мæйы ацæудзысты сæрмагонд ахуыртæ тыхджын зынгсирвæзтытæ ма ‘руадзыны тыххæй æмæ фæсиддзысты хъæдгæстæм дæр. Бæройты Ибрагим куыд бафиппайдта, афтæмæй, хъæды хæдзарæдтæ кæд хорз ифтонг сты зынгхуыссынгæнæн техникæйæ, уæддæр хъуамæ иумæйаг архайды хицæндзинæдтæ алчидæр æмбара æмæ зона.
Æнтыстдзинæдтæ къухы æфтынц, хайады кусджытæ сæ хæстæм бæрнон цæстæй кæй кæсынц, кæй æмбарынц, адæймаджы цард сæ къухы ис, уый. Хорз уаид, хайады специалисттæн сæ дæсныйад уæлдæр кæм кæной, сæ тых æмæ хъару кæм æвзарой, ахæм ахуырадон базæ саразын. Профессионалон бæрæгбоны агъоммæ йе ‘мкусджытæн æмæ ветерантæн арфæ кæны Бæройы-фырт æмæ сын бузныг зæгъы, се ‘нæзæрдæхудт куысты тыххæй. Нæ газеты номæй ма уыцы арфæтæм бафтаудзыстæм – æнæмаст æмæ æнæфыдбылыз ут!

Мамиаты Лолитæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here