Гуыриаты Тамерлан загъта:

0
323

«Рагон сомихаг фыссæг Егише (цардис 5-æм æнусы) йæ заманы тæккæ нымаддæр фараст æвзагæн сæ миниуджытыл дзургæ, алайнагæн скодта уæлдай егъаудæр аргъ, схуыдта йæ «хæрзаив». Алайнаг хæрзаив æвзаг уæдæй нырмæ кæд егъау ивддзинæдтæ баййæфта, уæддæр йæ сæйраг миниуджытæ баззадысты, дзæвгар фæхъæздыгдæр, райста ног хуыз».

«Ныхасы культурæ ахæм уагыл сæвæрын хъæуы, цæмæй уый хорзырдæм зына æхсæнадон цардыл, расайа аив æмæ уæздан ныхасмæ тырнындзинад, рæсугъд хъуыдытæ. Адæймагæн йæ уды сыгъдæгдзинад зыны йæ ныхасы уагæй дæр».
«Ирон ныхасы бирæ гæнæнтæй нывыл пайдагонд нæ цæуы. Ацы хъуыды фысгæйæ, нæ зæрдыл æрлæууы, нæ мадæлон æвзагмæ цы ’мбисæндты тых ис, уый. Кæддæр зынгæ французаг ахуыргонд æмæ бирæ ’взæгтæзонæг Жорж Дюмезиль (уый сахуыр кодта æмæ стыр аргъ кодта ирон æвзагæн) фыста, зæгъгæ, уыдон европæйы дзурынц «курæг дæ дæн», «курын дæ», «бахатыр кæн», æмæ æндæр ахæмтæ, фæлæ, фыста уый, Сослан æмæ Сырдон та афтæ дзырдтой «Дæ рынтæ (низтæ) бахæрон!» Ацы ирон ныхас æм æвæджиау рæсугъд каст. Цæвиттон, мах хъуамæ нæ рагон æмæ хъæздыг æвзагæн аргъ кæнын зонæм».
«Ныхасы культурæйы сæйрагдæр хæс баст у практикæимæ – мах хъуа-мæ зонæм – не ’взаджы æнæкæрон хъæздыгдзинæдты ахадындзинад, æнкъарæм, хорз цы у æмæ æвзæр цы у, хъуамæ нæм хъара не ’взаджы аивдзинад, хъуамæ зонæм ирон æвзаджы цæвиттон гæнæнтæй пайда кæнын».

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here