Арфæ Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ!

0
268

Абон нæ бæстæ бæрæг кæны паддзахадон бæрæгбон – Уæрæсейаг парламентаризмы бон.
Уæрæсейы дзыллон хицаудзинады уагæвæрды ахсджиаг хай уæвгæйæ, закъонæвæрынадон оргæнтæ бæстæйы райрæзты национ хæстæ æнтыстджынæй баххæст кæнынæн нырыккон барадон тыгъдад аразынц.
Барады сæйрагдзинад, æвзарджыты цур бæрнондзинад æмæ стыр дæсныдзинад ахъаз кæнынц политикон æмæ социалон-экономикон фидардзинадмæ, адæмы фæрныгадæн фадæттæ саразынмæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнынмæ арæзт ахадгæ закъонтæ сфидар кæнынæн. Хуыздæр æгъдæуттæ хъахъхъæнгæйæ æмæ рæстæджы фарстытæн æвæс-
тиатæй дзуапп дæтгæйæ, æппæт къæпхæнты депутаттæ уæрæсейаг паддзахад фидар кæныны, стæй алы регионы æмæ æппæт бæстæйы райрæзты фæдыл æвæрд сыл хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй æххæст кæнынц.
Иннæ аз æртын азы юбилей кæй бæрæг кæндзыстæм, уыцы цæгатирыстойнаг парламентаризмы райрæзтмæ стыр æвæрæн бахæссыны тыххæй республикæйы æппæт æвзæрстыты адæмон депутаттæн, фадатæй пайда кæнгæйæ, бузныг зæгъын.
Мæ зынаргъ æмзæххонтæ! Уæрæсейаг парламентаризмы боны фæдыл уын арфæ кæнын! Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад, ме ’мгуыстгæнджытæн та – Райгуырæн бæстæйы дарддæры райрæзты сæраппонд – æвидигæ сфæлдыстадон хъару æмæ ног æнтыстдзинæдтæ!

Тускъаты Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы
Парламенты Сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here