Цæгат Ирыстоны 2024 азы райдайæнæй æрцыд 397 зынгсирвæзты. Ирвæзынгæнæн дæлхайæдтæ баххуыс кодтой 126 адæймагæн, мæлæтæй фервæзын кодтой 7 адæймаджы.
Ацы ахсджиаг хъуыддагмæ сæ бавæрæн хæссынц Дзæуджыхъæуы зынгхуыс-сынгæнæн-ирвæзынгæнæн 1-æм дæлхайады коллектив дæр. Æрбынæттон сты Островскийы уынджы. Ныхас кæнæм дæлхайады хицау майор Цыдаты
Сосланимæ.
– Зын, тæссаг, фæлæ вазыгджын куыст кæнæм. Иугæр дæ хъысмæт, дæ цард сбастай ацы дæсныйадимæ, уæд дзы, цыма, уидæгтæ ауагътай, афтæ у. Де ’мкусджытимæ æнгом баст дæ æмæ сæ нымайыс дæ дыккаг бинонтыл. Бирæ æхцатæ, уæлахизтæ æмæ кады тыххæй ничи бафæстиат уыдзæн. Æрмæстдæр барвæндонæй кусæн ис ацы службæйы. Цард дзы æхсиды æхсæвæй-бонæй, æнæрлæугæйæ. Ирвæзынгæнæг бирæ зын уавæрты бахауы, уымæ гæсгæ хъуамæ уа ныфсхаст, стæй хъаруджын.
Фыдбылыз фæрсгæ нæ кæны, не ’ххуыс бахъæуы цыфæнды афон дæр. Нæ дæлхайады æрвылбон вæййы, куыд теорион, афтæ практикон ахуыртæ дæр, – радзырдта Сослан.
Судзгæ арты ныхмæ ныфсджынæй чи рацæуы, уыдоны ’хсæн сты Севкойты Артур – караулы хицауы æххуысгæнæг, ныр 25 азы кусы, Басаты Эльбрус 20 азы размæ куы æрбацыд, уæдæй абонмæ йæ зæрдæ не сивта йæ куыстыл, ныр у хистæр зынгхуыссынгæнæг. Бирæ аразгæ у хистæр инструктор-шофыр Магкаты Русланы арæхстджын архайдæй, 20 азмæ йæ куыстмæ ницы фиппаинæгтæ уыдис. Стыр бинонты хицау Дзанайты Валентины цыппар хъæбулы куы бафæрсынц, сæ фыд цы фæкусы, уæд сын фæзæгъы: «Адæмы ирвæзын кæнæм æмæ æртытæ хуыссын кæнæм». Хуымæтæг ныхæстæ, фæлæ сæ арф хъуыды ис.
Базонгæ стæм, Сос-лан хуыздæр кусджытимæ кæй ранымадта, уыдонæй иу – Тимур Богаткинимæ. Дзæуджыхъæуы 3-æм скъола каст куы фæци, уæд уæлдæр ахуырад райста Зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн академийы.
Хуымæтæджы нæ равзæрста фидæны дæсныйад, йæ ныййарджытæ дæр ацы къабазы кусынц, æмæ йын зонгæ уыд. Ныр хистæр лейтенанты цины кусы хицауы хæдивæгæй. Фараст азмæ лæппумæ фæзынд фæлтæрддзинад, цы æрымыса, ахæм хабæрттæ дæр ис.
– Бирæфатерон хæдзары сыгъдис иуæндæсæм уæладзыг. Куыд зонут, афтæмæй ахæм уавæрты махæн лифтæй пайдагæнæн нæ вæййы. Сæрмагонд уæлæдарæсы асинтыл фæтæхын, фæздæг хъуыртæ ахгæны, ахъуыды кодтон – æгæр ныфсхаст цæмæн дæн, ацы тæссаг хъуыддаджы мæхи цæмæн æппарын, зæгъгæ. Фæлæ уайтагъд мæ хъуыдытæ фæурæдтон – ме ’ххуысмæ чидæр тынг æнхъæлмæ кæсы, æмæ размæ атын-дзыдтон. Уæдæй абонмæ йæ фидарæй зонын – уый мæ царды хæс у, – зæгъы Тимур.
Ахæм сæрæн, ныфсхаст æмæ зæрдæхæлар сты ацы хайады кусджытæ иууылдæр.
– Диспетчерон службæйæ куы æрбадзурынц, уæд радхæссæг къорд фæдисонтæй уайтагъд арæвдз вæййы. Нæ хæс у хæрз цыбыр рæстæгмæ бынатыл сæмбæлын. Иттæг рæвдз вæййынц нæ машинæтæ æхсæвæй-бонæй. Ис нæм нырыккон ифтонггарз, ног уæлæдарæс. Зонæм æй, нæ архайдæй аразгæ у æдас-дзинад, æмæ архайæм иузæрдионæй. Нæ хуыздæр хæрзиуæг та у адæмы арфæтæ, – зæгъы Цыдаты Сослан.
Зынгхуыссынгæнджыты номыр алчидæр зоны йæ сабибонтæй фæстæмæ, сæ куыст цæстуынгæ нæу, разыны, æрмæст искуы бæллæх куы æрцæуы, уæд.
Ацы бонты нæ хъайтартæ бæрæг кæндзысты сæ профессион бæрæгбон æмæ сын уый фæдыл зæрдиаг арфæтæ кæнæм!
Гугкаты Жаннæ














