«Аланочка» фæуæлахиз Волгограды

0
149

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы боны кадæн Волгограды волейболæй цы турнир ацыд, уым фæуæлахиз Дзæуджыхъæуы командæ «Аланочка».

Турниры архайдтой 11-12-аздзыд чызджыты командæтæ: Волгоград, Самара, Серпухов, Волгодонск, Саратов æмæ æндæр горæттæй. Дзæуджыхъæуы командæ акодта æхсæз хъазты æмæ фæуæлахиз йе ’ппæт ныхмæлæуджытыл дæр.
«Аланочка» йæ фыццаг фембæлд акодта «Волгодонск»-имæ æмæ рамбылдта 3:0 хыгъдæй. Йæ дыккаг ныхмæлæууæг уыдис Саратовы командæ, æмæ уыцы хъазты нæ чызджытæ рамбылдтой 3:2 хыгъдæй, Самарæйы командæйыл та фæуæлахиз 3:1 хыгъдæй.
Нæ командæйы цыппæрæм ныхмæлæууæг уыди Волгограды командæ, æмæ ацы хъазт дæр ахицæн 3:1 хыгъдæй ирыстойнæгты пайдайæн. Сæ фæндзæм фембæлд уыд Саратовы дыккаг командæимæ æмæ та ам дæр фæуæлахиз сты Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ 3:0 хыгъдæй.
«Аланочка» рамбылдта 3:0-æй æмæ кæронбæттæны фембæлд Серпуховы командæимæ. Ацы фембæлды дæр тренер Козаты Фатимæйы хъомылгæнинæгтæ ахъазыдысты æнæкъуыхцыйæ æмæ рамбылдтой 3:0-æй.
Командон 1-аг бынат бацахсынæй уæлдай ма сæрмагонд лæварæй хорзæхджын ссис «Аланочка»-йы хъазæг Кокойты Евæ, куыд турниры «Хуыздæр хъазæг».

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here