Мад æмæ сабийæн – фидар æнæниздзинад

0
93

Фидæны мадæлтæ æмæ сабитæн æнæзæрдæхудт лæггад чи кæны, уыдонæй иу у Дзæуджыхъæуы 4-æм паддзахадон поликлиникæйы цур сылгоймæгты 1-æм консультаци. Йæ дохтыртæ æнæкæрон цин хæссынц бинонтæ æмæ ныййарджытæн.

Зын зæгъæн у, цал æмæ цал сылгоймаджы банкъардтой сывæллоны ад, 1-æм консультацийы чи кусы, уыцы дæсны специалистты фæрцы. Абон сæ бæрны ис 28 мин сылгоймаджы, бынтон æрыгæттæ, 18-аздзыдтæ æмæ уыдонæй хистæртæ. Цæстдард цы районмæ кæнынц, уый дæр у нæ сахары егъаудæртæй иу – Барбашовы уынгæй, Æрхонкæмæ фæзилæн кæй хонынц, уый онг.
Ацы консультацимæ тырнынц канд районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма æнхъæлцау сылгоймæгтæ сыхаг регионтæй, суанг ма Хуссар Ирыстонæй дæр. Уыцы бар сын дæтты национ проект «Æнæниздзинад»-ы фæлгæты медицинон полис, ома, куыд Уæрæсейы цæрæг, афтæ сæ бон у сæхи бафидар кæнын кæцыфæнды поликлиникæ æмæ дохтырмæ дæр. Ахæм сылгоймæгты нымæц бирæ у, фæлæ сын консультацийы сæйраг дохтыр Борæдзаты Маринæ бамбарын кæны, канд медицинон нæ, фæлæ ма сын юридикон æгъдауæй дзуапп кæй дæттынц, дохтырæн та йæ бон нæу бахъуаджы рæстæг æндæр регионмæ ацæуын сылгоймаджы фæдыл.
Алы æнхъæлцаумæ дæр кæсынц хæзнайау, æнувыдæй кусынц æмæ ныхас кæнынц, мад суæвынмæ чи хъавы, уыдонимæ. Æрæджы консультацийы сарæзтой стыр бæрæгбон мадæлтæ æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæн. Мадзал расидт Президент Владимир Путин национ проект «Бинонтæ»-йы фæлгæты. Фæлварынц уал æй Уæрæсейы цалдæр регионы, фæстæдæр æй парахат кæндзысты иннæтыл дæр. Йæ сæйраг нысан у, дæрддзæф регионты чи цæры, уыцы æнхъæлцау сылгоймæгтæн аккаг æмæ хъæугæ медицинон æххуыс дæттын. Бæрæг æй кæнынц афæдз дыууæ хатты, апрель æмæ октябры 7-æм боны. Ацы аз фæлварæн проекты бацархайдта Дзæуджыхъæуы 1-æм сылгоймæгты консультаци дæр. Бæрæгбонæй разыйæ баззадысты се ‘ппæт дæр.
«Ноджы ма Бинонты аз дæр кæй у, уымæ гæсгæ бацархайдтам æмæ сарæзтам стыр бæрæгбон мадæлтæн. Фæхуыдтам, цыппар, фондз æмæ æхсæз сывæллоны кæмæн ис, кæнæ сæм чи æнхъæлмæ кæсы, ахæм бирæсывæллонджын сылгоймæгты. Æрбацыдысты нæм æртын æртæйæ. Ис нæм ахæм фæндон, цæмæй йæ афæдз дыууæ хатты кæнæм, нысангонд куыд у, афтæ», – зæгъы Борæдзаты Маринæ. – Махæн тынг æхсызгон вæййы, зæгъæм, царды зын уавæрты чи бахауд, ахæм сылгоймагæн йæ уынаффæ хорзырдæм куы аивæм, уæд. 2023 азы нын бантыст, цæмæй царды рухс феной 34 сабийы».
Дохтыр хъуамæ уа иучысыл психолог дæр æмæ æнхъæлцау сылгоймагимæ зæрдæхæлар ахастдзинæдтæ араза. Уæдæ медицинон технологитæ размæ кæй цæуынц, уый та сæ домы сæ фæлтæрддзинад бæрзонддæр кæнын. Абон консультацийы кусы дæсны специалисттæ, ног медицинон аппараттыл архайынмæ хорз чи арæхсы, ахæмтæ: Абысалты Гретæ, Бесолты Ольгæ, Галазты Аланæ, Дедегкаты Элинæ, Джериаты Маринæ, Дудараты Риммæ, Кадиты Зæлинæ, Хъодзаты Мæдинæ, Кортиаты Мæдинæ, Къуымæллæгкаты Маринæ, Эльмирæ Мусаева, Рубайты Заремæ æмæ Цорæты Ларисæ.
Консультаци ифтонг у УЗИ-йы нырыккон аппаратæй, ис сæм колькоскоп, райстой йæ 2022 азы нацпроектмæ гæсгæ, лабораторон анализтæн хъæугæ уавæртæ æмæ æрмæг. Стæм хатт арвитынц сылгоймаджы æндæр ранмæ, йе ‘нæниздзинадмæ йын уæлæмхасæн æркæсын куы фæхъæуы, уæд.
Æнхъæлцау сылгоймагæн йе ‘нæниздзинад фæстаг азты кæй фæцудыдта, уый сусæггаг нæу. Экологийы уавæр домы ахæм сылгоймæгтæ æмæ дохтыртæй уæлдай къæрцхъус уæвын.
«25-27-аздзыд сылгоймагмæ цавæрдæр медицинон патологитæ куы раиртасæм, уæд уый сæ кармæ гæсгæ раст нæу. Алы фæндзæм æнхъæлцауæн дæр æвæрæм диагноз «анемия». Мах та фæнды, цæмæй сæ диагнозы фыст уа æрмæстддæр «æнхъæлцау», – зæгъы Борæдзаты Маринæ. Дохтыр сиды сылгоймæгтæм, цæмæй фылдæр æргом здахой сæ хæринагмæ. Æнæмæнгæй сæ рационы хъуамæ уой дзидза, дыргътæ æмæ халсартæ.
Фидæны мадæлтæ æрыгонæй-æрыгондæр кæнынц, ис сæм 2002-2004 азы гуырд сылгоймæгтæ, бæрæггæнæнтæм гæсгæ къаддæр арынц 90-æм азты гуырдтæ.
Абоны бонмæ 1-æм консультаци медицинон лæггæдтæ дæтты 570 æнхъæлцауæн, иннæ азтимæ абаргæйæ, сæ нымæц у къаддæр. Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы арæндæттæм цæуынц иннæ регионтæй дæр – Саха Якутийæ, Хуссар Ирыстонæй, кæд сæхимæ дæр хорз ифтонггонд перинаталон центр ис, уæддæр.
Уæлдай бæрнон цæстæй дохтыртæ кæсынц, фаззæттæм чи фенхъæлмæ кæсы, ахæм сылгоймæгтæм. Фарон сылгоймæгтæй иуæн райгуырд æртæ сывæллоны, уыимæ, ЭКО-йы фæрцы нæ. Бинонтæ хъомыл кодтой ноджы дыууæ сабийы, сæ фыд та уыцы рæстæг архайдта сæрмагонд æфсæддон операцийы. Арæх сты дыгай фаззæттæ дæр. Борæдзаты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй полисы фæрцы алы сылгоймагæн дæр йæ бон у ЭКО-йæ спайда кæнын. Дыууæ консультацийы куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фарон ацы процедурæмæ бацæттæ кодтой 46 сылгоймаджы, æнæкъуылымпыйæ сын радих кодтой квотæтæ дæр. Сылгоймаджы йæ фæндонмæ гæсгæ сæ бон арвитын у Бетъырбухмæ, Налцыкмæ, хорз клиникæтæ ис нæ республикæйы дæр.
Куыст æмбæлгæ уавæрты кæй цæуы, уымæй Борæдзаты Маринæ æмæ йе ‘мкусджытæ бузныг сты сæ раза-монæг Паркаты Эльдæйæ. Уымæн йæ дæлбар дыууæ консультацийæ уæлдай ис акушерон пункттæ Бæлта æмæ Реданты. Йæ куысты домæн – æппæт медицинон лæггæдтæ дæр рæстæгыл дæттын, æмæ бæрзонд профессионалон æмвæзадыл бынæтты æххæст кæнын.

Мамиаты Лолитæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here