Цæгат Ирыстоны Национ-наукон чиныгдоны уыд шахмæттæй турнир скъоладзауты ‘хсæн, скодтой йæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг ГАБЕТЫ Уазгерийы 100 азы кадæн. Уый хæстмæ ацыд хæрз æрыгонæй.
– Ныртæккæ рæзгæ фæлтæры ‘хсæн архайын хъæуы патриотон хъомыладыл. Хæст куы райдыдта, уæд, Уазгерийыл нырма 18 азы дæр кæй нæ цыд, уый тыххæй йæ нæ уагътой фронтмæ, фæлæ йæ кармæ йæхицæн афæдз бафтыдта, æмæ йын уый фæстæ тохы быдырмæ ацæуын бантыст. Йæ райдианæй йæ кæронмæ уыд хæсты. Фыццаг уыд сгарæг. Фæцæф ис, фæлæ уый фæстæ уæддæр фæс-тæмæ хæсты быдырмæ ацыд, – загъта Габеты Уазгерийы чызг Тотойты Эльзæ. Турниры нысан у шахмæтты хъазт парахат кæныны фæрцы рæзгæ фæлтæры ‘хсæн патриотон хъомыладон куыст æмæ се ‘нгом-дзинадыл бацархайын.
Турниры архайджытæ æдæппæтæй уыдысты 24 адæймаджы: 1-11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Архайдтой дзы Æрыдон, Алагир, Æрæф æмæ Дыгуры районтæй. Фыццаг æмæ призон бынæттæ бацахстой
Дзусты Арсен, Парсиаты Давид, Цæмæхъаты Давид, Созайты Юри, Дзанайты Ацæмæз, Хъуысаты Давид, Чъерджиаты Тимур, Созайты Андрей, Битарты Алинæ, Со-зайты Маргаритæ, Цогойты Анжеликæ, Тыджыты Мария. Се ‘ппæт дæр хæсты хъайтары чызг Габеты Эммæйы къухæй райстой майдантæ, Кады гæххæттытæ, кубоктæ, лæвæрттæ æмæ æхцайы призтæ.
– Турнир мæ зæрдæйы ныууагъта тынг хорз æмæ æхсызгон æнкъарæнтæ. Æз шахмæттæй хъазын дыккæгæм къласæй нырмæ, тынг цымыдис мæм кæсы ацы хъазт. Мæ зæрдæ дардтон, искæцы бынат кæй ба-цахсдзынæн, ууыл, – загъта Красногоры скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау Цогойты Анжеликæ.
Турниры тыххæй йæ хъуыдытæ загъта патриотон клуб «Фыдыбæстæ»-йы ра-замонæг Хъарданты Тимур дæр:
– Стыр бузныг Габеты Уазгерийы цот æмæ уыдоны кæстæртæн, уæлдайдæр Эммæйæн. Сæ бон уыди сæ фыды – хæсты активон архайæджы – 100 азы бон æндæр хуызы сбæрæг кæнын, фæлæ сæ бафæндыд сывæллæтты зæрдæтæ барухс кæнын. Тынг разыйæ баззадысты кæрæдзийæ турнир аразджытæ æмæ йæ архайджытæ. Æрхъуыды кодтой чысыл лæвæрттæй, призон бынæттæ чи нæ бацахстой, уыцы сабиты дæр. Уый тыххæй Уазгерийы
кæстæртæн – уæлдай бузныг, сæ фыды рухс номæн кад кæй кæнынц!
Цæгæраты Эльмирæ
Къам систа
Татьянæ Шеходанова














