Куыд амæй размæ азты, афтæ та ныр дæр скъоладзаутæ æмæ иннæ æнахъомтæн июны райдайдзæн сæрдыгон фæлладуагъд æмæ æнæниздзинад фæфидардæр кæныны рæстæг. Уыцы ахсджиаг кампанимæ æппæтуæрæсеон æхсæнад «Зонынад» бацæттæ кодта дзыллон рухстауæн проекттæ.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæцы сæрдыгон лагерь æмæ дзæбæхгæнæн центр дæр йæ фидæны хъомылгæнинæгтæн бацæттæ кодта цымыдисаг фæлладуадзæн-хиирхæфсæн программæтæ. Уыцы куысты архайдзысты нæ зонадон-рухстауæн иугонды минæвæрттæ дæр. Афтæ, æппæт уæрæсе-йаг регионты дæр сæрды мæйты дæргъы æххæст кæндзыстæм сывæллæтты удварнон-æхсæнадон райрæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттæ – лекцитæ, мастер-класстæ, интеллектуалон хъæзтытæ, кинонывты равдыстытæ, литературон бакастытæ, наукон фæлтæрæнтæ æмæ афтæ дарддæр», – радзырдта æхсæнад «Зонынад»-ы генералон директор Максим Древаль.
Иу ныхасæй, алкæцы сæрдыгон лагерь æмæ фæлладуадзæн центрæн дæр ис, æхсæнад «Зонынад» цы рухстауæн проекттæ бацæттæ кодта, уыдоны архайæг суæвыны фадат. Уыимæ, равзарæн ис иу, кæнæ цалдæр проекты. Цы равзарой, уый та сын, æнæмæнг, ис – «Зонынад. Наукæ», «Зонынад. Хъæбатыртæ», «Зонынад. Фидæны дæсныйад æмæ карьерæ», «Зонынад. Кинойы аивад», «Зонынад. Лекцитæ», «Зонынад. Хъæзтытæ» æмæ афтæ дарддæр. Уымæй уæлдай, æппæт зæрдылдарæн бонтæ æмæ паддзахадон бæрæгбæттæм дæр «Зонынад» снысан кодта сæрмагонд лекцитæ æмæ кинонывты равдыстытæ дæр. Уыимæ, «Зонынад»-ы лектортæй уæлдай, уыцы мадзæлтты архайдзысты ахуыргæндтæ, эксперттæ, кусæг дæсныйæдты минæвæрттæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ иннæтæ…
Амынд проекттæ æмæ программæты архайыны тыххæй фæлладуадзæн лагертæ æмæ дзæбæхгæнæн центрты разамынды бахатын хъæуы «Зонынад»-ы регионалон хайæдтæм, кæнæ та – бадæттын курдиат æхсæнадон иугонды официалон сайтмæ – znanierussia.ru –мæ (курдиатмæ каст æрцæудзæн 5 боны æмгъуыдмæ).
2023 азы скъоладзауты фæлладуадзæн-дзæбæхгæнæн кампанийы бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, Максим Древаль куыд бафиппайдта, афтæмæй уæд сæрдыгон лагерты «Зонынад»-ы минæвæрттæ сарæзтой 8,5 мин алыхуызон рухстауæн мадзалæй фылдæр. Уыцы фембæлдтыты уазджытæ систы зындгонд ахуыргæндтæ, артисттæ, спортсментæ, æндæр дæсныйæдты минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ… Ахæм цымыдисаг æмбырдтæ бабæрæг кодтой 180 мин лæппу æмæ чызджы.
Æхсæнад «Зонынад»-ы цæгатирыстойнаг хайады директор Гæбæраты Каринæ «Рæстдзинад»-æн куыд радзырдта, афтæмæй нæ республикæ дæр зæрдиагæй архайдзæн æхсæнадон иугонды федералон проекттæ æмæ прог-
раммæты.
«Ирыстоны сæрдыгон лагертæ æмæ дзæбæхгæнæн центртимæ уæрæх æмгуыстадмæ цæттæ стæм, æнхъæлмæ кæсæм лагерты куысты райдайæнмæ. Нæ лектортæ æмæ иннæ специалисттæ фарон дæр архайдтой ахæм рухстауæн проектты æмæ та ныр дæр цæттæ сты сæ зонындзинæдтæй рæзгæ фæлтæрæн рæдауæй фæхай кæнынмæ. Нæ зæрдæ дарæм, фæсивæд ахæм фембæлдтытæм æхсызгонæй кæй саккаг кæндзысты, сæхицæн пайдайаг ногдзинæдтæ кæй базондзысты, ууыл», – загъта Каринæ.
Æмæ ма цалдæр нымæцы. Æрæджы сæрмагонд федералон хицауадон къамисы æмбырды Уæрæсейы рухсады министр Сергей Кравцов куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2024 азы фæлладуадзæн-дзæбæхгæнæн мадзæлттæ аххæсдзысты 5,3 милуан скъоладзау æмæ æнахъомыл. Цæгат Ирыстоны ацы аз уыцы нымæц уыдзæн 36 мин сывæллон æмæ æнахъомы. Ахæм бæрæггæнæнтæ райстам РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады. Уыимæ, министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, 2024 азы скъоладзаутæ æмæ æнахъомты фæлладуадзæн-дзæбæхгæнæн кампанийæн республикæйы бюджетæй дихгонд цæуы 240 милуан сомы бæрц (2023 азимæ абаргæйæ, 6,5 проценты фылдæр).
Сланты Аслан














