«Артар» – уæлахиздзау

0
297

Иван Тургеневы номыл Хæрзаудæн фонд Уæрæсейы алы къуымтæ æмæ хæстæгдæр бæстæтæй Мæскуыйы иу сценæйыл æрæмбырд кодта. Фыццаг хатт арæзт æрцыд Уалдзыгон кубок «Уæрæсейы чемпионтæ». Архайдтой дзы не ’мзæххонтæ дæр.

Сывæллæтты адæмон кæфтыты ансамбль «Артар» нырма кæд хæрз æрыгон у, уæддæр ныридæгæн йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Размæ цæуы уæндон къахдзæфтæй, йæхицæн фидар бындур æмæ хъæздыг истори аразгæйæ. Уый нæ адæмы культурæимæ зонгæ кæны, канд нæ республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты нæ, фæлæ ма суанг фæсарæйнаг аивадуарзджыты дæр.
Кафджыты къорд алы аз дæр фæархайы алыхуызон музыкалон фестивальтæ æмæ конкурсты, канд Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр. «Артар»-æн тыхджын къухæмдзæгъд кодтой Турчы, Ираны, Азербайджаны. Сæрмагонд æфсæддон операцийы размæ ма сын сæ дæсныйадимæ базонгæ сты Украинæйы дæр, æмæ сыл уым дæр аивадуарзаг хуымæтæг адæм зæрдиагæй сæмбæлдысты.
Æрæджы та «Уæрæсейы иудзинад»-ы фæлгæты Мæскуыйы ахицæн сты дыууæ музыкалон фестивалы: «Величие Родины» æмæ «Страна побед». Цы курдиатджын æмæ тыхджын коллективтæ дзы архайдтой нæ бæстæйы алы регионтæй, уыдоны ’хсæн «Артар» дæр кадимæ равдыста нæ республикæ. Дыууæ конкурсы æппæт номинациты дæр «Артар» сси уæлахиздзау æмæ райста 1-æм къæпхæны 10 дипломы, аст хатты йын лæвæрд æрцыд Гран-При. Ансамблы аивадон разамонæг Дзукъаты Аленæйæн та фестиваль «Уæрæсейы иудзинад»-ы жюри æмæ организацион комитет балæвар кодтой Сæрмагонд кубок УФ-йы гербимæ æмæ диплом кæфтыты адæмон традицитæ бахъахъхъæныны, хуыздæр композицион хъуыды æмæ лексикон нысаниуæджы тыххæй. Ноджы ма Дзукъаты Аленæйæн лæвæрд æрцыд «Тургеневы ордены кавалер»-ы ном.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here