Цæгат Ирыстоны æхсæнадыл æрцыд стыр зиан – йæ 88-æм азы цардæй ахицæн Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы Адæмон нывгæнæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Инженерон дунеон академийы уæнг-уацхæссæг Ходы Владимиры фырт Никъала.
Ходы Никъала рай-гуырд 1936 азы, 18 сентябры, Орджоникидзейы горæты. Райс-та металлурджы дæсныйад. Раздæр уал 1955 азы каст фæцис Хæххон-металлургон техникум, фæстæдæр – 1966 азы – Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институт, диссертаци бахъахъхъæдта 1974 азы. Ссис техникон наукæты кандидат, 1994 азы Инженерон академийы уæнг-уацхæссæджы ном райста. Бирæ азты разамынд лæвæрдта егъаудæр æмæ рагондæр, хуызджын металлургийы завод «Электроцинк»-æн.
Уыцы-иу рæстæг Ходы Никъала уыд зындгонд скульптор-монументалист, йæ къухæй рацыдысты бирæ скульптурæтæ, нæ республикæйы бакаст чи сфидауц кодта, ахæмтæ. Уый Уастырджийы цыртдзæвæн Уæлладжыры комы – дунейы æппæты стырдæр бæхджын цырт-
дзæвæн, Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашовы, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы, поэт Михаил Лермонтовы, Хетæгкаты Къостайы, Къубалты Алыксандры цыртдзæвæнтæ.
Уымæй уæлдай,
Дзæуджыхъæу сфи-дауц кодтой Нарты кадджыты хъæбатырты скульптурæтæ, «Мады зæрдæ»-йы цырт. Скульптор йе ‘ппæт куыстытæ дæр лæвар кодта республикæ-йæн, йæ цæрджытæн. Нæ зæрдæты Ходы Ни-
къалайы сурæт баззайдзæн, куыд адæймаджы бæрзонд æууæлты æмæ дæсны куысты миниуджыты хицау, куыд фæллойгæнæг æмæ аразæг, йæ фæллæйтты цæр-дзæн æнустæм.
С. Меняйло ,
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг,
Тускъаты Т.,
РЦИ-Аланийы
Парламенты Сæрдар,
Дзанайты Б.,
РЦИ-Аланийы
Хицауады Сæрдар,
Фидарты С.,
РЦИ-Аланийы
культурæйы
министр














