Атахтысты хърихъуппыты халау æртиссæдз азы, уыцы хъаймæты бон куы ’рцыди, уæдæй нырмæ. Сау халон сау хабар æрбахаста Сылтаныхъы быдырæй Хъарманы хъæумæ. Æрдзон фыдбылызы амæттаг баисты Хъарманы скъолайы рæзгæ сабитæ! Ацы æвирхъау хабарæй ныхъхъæрзыдта Ирыстон, цавддурау фестад æнæхъæн хъæу. Судзгæ марой кодтой ныййарджытæ, хионтæ. Сырдтæ дæр хъæды арфдæр æмбæхстысты адæмы зæрдæрисгæ хъарджытæм.
Ирыстоны суинаг кæстæртæ, бæллиццаг фидæн кæмæ æнхъæлмæ касти, сомбон йæ Райгуырæн бæстæйæн стыр хæрзты чи бацыдаид, уыцы зæдæнгæс сабитæ æгъатыр хъысмæты амæттаг баисты. Куыд тынг уарзтой цард! Куыд бирæ сæм уыди бæллицтæ! Хъысмæт æгъатыр у – нæ зоны тæригъæд, не ’взары хорз æмæ æвзæр, нæ кæсы кармæ дæр.
Цавæр ныфс сæвæрæн уыдис, сæ кæртыты дыгай чырынтæ чи æрæвæрдта, уыцы бинонтæн Атайтæн, Цæбитæн, Цæрукъатæн, Баситæн, Бекъойтæн, Хуыбылтæн, сæ иунæг хъæбулæй чи бавдæлон ис, уыцы Кобестæн!
Зæрдæ тæгæлтæ хауди Цæрукъаты Райкæйы хъарджытæм! «Цы тæхуды кæнын æз абон уыцы бинонтæм, йæ кæртæй дыууæ чырыны чи рахæсдзæн!» Йæ иунæг чызг (фондз æфсымæры хо) Беллæйы къуыри не ссардтой. Уæды обкомы секретарь (дзæнæты бадæг) Хъæбæлоты Билар Райкæмæ бацыд, йæ хæкъуырцц нæ уромгæйæ, æмæ загъта: «Æз бауромдзынæн æппæт заводтæ сæ куыстæй, рахондзынæн æппæт æфсæддонты, æмæ мах Беллæйы ссардзыстæм».
Зиантæ сæ бынатыл куы сæмбæлын кодтой, уæд рацыди бирæ адæм, æмвæтæнæгæй æрлæууыдысты æмæ цæугæдонæн йæ фæд-фæд фæцыдысты сгаргæ Сылтаныхъæй суанг Бæрæгъуынмæ. Йæ фыд Ханджери хъарджытæ куыд кодта (фыр буцæй йæ Дивын хуыдта), афтæ йæм змисы бынæй йæ къабайы кæрон фæзынди. Фыдæн йæ зæрдæ бавзæр, адæм амбырд сты æмæ йæ рынчындонмæ аластой. Беллæйæн йæ рæсугъд цæсгом равдисынмæ нал сбæззыд.
Ныййарджыты зæрдæты цы уæззау дуртæ ныххаудысты, уыдон сæ змæлын, риуæмбæрц сулæфын нал бауагътой, æмæ сæ зæронды бонмæ ничи фæцарди. Уыдон нæ, фæлæ ма сæ мадызæнæгтæй дæр бирæтæ нæ бабых-
сыдысты ацы æвирхъау мастæн æмæ сæ афонæй раздæр сау мæры дуар байгом кодтой. Афтæ фæзæгъынц, рæстæг, дам, хъæдгæмттæ дзæбæх кæны. Уый, æвæццæгæн, буары хъæдгæмттæй загъдæуыд, зæрдæйы арф хъæдгом та тугæрхæмæй баззайы цæргæбонты дæр.
Уыцы рæстæджы советон цардарæзт йæ тæккæ тæмæны уыд. Кæд абон адæмæн сæ сæйрагдæр нысан у цардæн йæ хъаймагъ ссивын, уæд уыцы рæстæджы та патриотон хъомылад бæрзонд къæпхæныл æвæрд уыд. Уæдæ скъолатæй рох нæ уыдысты æнæмæлгæ Къостайы ныхæстæ дæр:
«Куыст – царды фæрæз, нæ зæхх та – нæ дарæг». Нæ райгуырæн хъæуы колхоз раззагдæрты æмрæнхъ уа, уый тыххæй се ’ххуысы хай æвгъау нæ кодтой скъоладзау сабитæ дæр. Алы уалдзæг, алы фæззæг, скъолайæ уæгъд рæстæг зивæг нæ кодтой быдыры кусынмæ. Уый уыди сыгъдæг зæрдæйæ æххуыс. Сæ куыстæн нæдæр фæллойбонтæ истой, нæдæр – æхцайæ мызд. Куыд диссаг у æвæдза – адзалы фæндагыл, дам, мыд конд ис, загътой. Æмæ, æвæццæгæн, уымæн æзфæраздæронæй згъордтой æхсæвиуатæй Сылтаныхъы быдырмæ, чи – балалайкæимæ, чи та – йæ фæндыримæ. Цæмæй æнхъæл уыдысты, хъысмæт сæм йæ дзæмбытæ цыргъæй кæй дары. Лæппутæй ма чидæртæ бæргæ аирвæзтаиккой, фæлæ сæ сæрмæ не ’рхастой чызджыты сæ бар ныууа-
дзын уыцы зындоны æмæ сæхи удтæ фервæзын кæнын. Баппæрстой-иу сæхи абухгæ донмæ æмæ-иу чызджытыл куыд фæхæцыдысты, афтæ та-иу, дон хъæдфадæнæй цы стыр хъæдтæ ласта, уыдон-иу сæ ныкъкъуырдтой, æмæ-иу доны бын фесты.
Хуыздæрты хуыздæртæ, зæдæнгæс сабитæ, ’нафоны зынгхуыст кæстæртæ сæ уарзон ахуыргæнæг Гулаты Ахуырбегимæ æнусон бынат ссардтой хъæуы тæккæ астæу. Сæ уарзон скъолайы рацæуæны, Хъарман бæласы дæлбыл фæзы. Хъарман-бæлас уæлæуæз къуыбырыл зади, æмæ-иу хъæуæй бæлццон искæдæм куы цыди, уæд æй ардыгæй фæндараст кодтой, æртæ чъирийæ Стыр
Хуыцауыл бафæдзæхсгæйæ. Бæлас дæр хъæуы цæрджытимæ иузæрдион разынди. Нæ ныббыхсыди ацы æвирхъау зындзинадæн æмæ цыбыр рæстæгмæ æд уидæгтæ рафæлдæхти. Хъæуы амалхъом лæппутæ хорз базылдысты уæлмæрдмæ. Саив кодтой ингæнтæм бацæуæнтæ, ныссагътой рæсугъд бæлæстæ. Æдзухдæр – æфснайд. Хъæумæ искæцæй уазæг куы ’рбацæуы, уæд ингæнтыл æнæ къух авæргæ сæ рæзты никуы ацæуы.
Æрдзон хъаймæты ныхмæ адæймаг æдых у. Фæлæ ацы æдзард сабитæн сæ нæмттæ дзуары номау мысын та не стыр хæс у. Нæ хъæубæстæй, нæ туг, нæ къабæзтæй рох никуы уыдзыстут не ’дзард хотæ æмæ æфсымæртæ. Царды хæрзтæй нæ бафсæстыстут, уæ чингуытæ æрдæг кастæй баззадысты, уæ тетрæдтæ – æрдæг фыстæй, уæ бандæттæ та – афтидæй. Фæлæ кæд мæрдты бæсты исты ис хорзæй, уæд уыдонæй уе ’ппæт дæр хайджын ут! Æнæтæригъæд, цардуарзаг сабитæ уыдыстут, фæлæ уæ хъысмæт не ’хсæнæй стыдта, æмæ ма нæ бон у æрмæстдæр зæрдиагæй зæгъын: «Рухс дзæнæты уæ бынат уæд!»
Зæрдæрыст æмхъæуккæгты номæй
ЦÆРУКЪАТЫ Азæ














