Хъæлдзæгдзинад атындзыдта Терчы сæрты

0
218

11-12 июны Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 250 азы бæрæгбон æмæ Уæрæсейы боны кадæн нæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ архайдтой, культурæйы кусджытæ, аивадон коллективтæ кæй бацæттæ кодтой, уыцы диссаджы мидисджын, цымыдисаг хъæздыг программæйы. Мадзæлтты фылдæр хай арæзт æрцыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл Центрон парчы.

Кæд боныхъæд уарын амыдта, уæддæр тынг бирæ дзыллæ æрæмбырд Сабырдзинады проспекты, парчы. Ам, «Ракушка» кæй хонынц, уыцы сæрдыгон эстрадæйы сценæйы сæ аивадæй барухс кодтой уырыссаг æмæ хъазахъхъаг зарджыты къордтæ «Сударушка» æмæ национ кæфтыты ансамбль «Ритмы гор», грекъаг адæмон хореографион ансамбль «Прометей», сомихаг кæфтыты аивадон къорд «Эребуни» æмæ бирæ æндæртæ. Хъæл-
дзæгдзинад афæйлыдта паркыл æмæ атындзыдта Терчы сæрты.
Парчы адæмон амалиуæггæнджытæ армукъайы равæрдтой куырдадзы, æлыгæй архайæн æрмадзы, цармæй, хъæдæй арæзт рæсугъд, аив конд дзаумæттæ. Ам ма сæ арæхстдзинадæй фæхай кодтой, кæй фæндыд, уыдонæн, амыдтой сын нымæт уæрдын, æлыг, хъæд æмæ цармимæ архайын.
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ горæты уазджытæн Ирыстон Уæрæсемæ баиуы 250 азы кадæн арæзт чингуыты армукъайы сæ уарзон фысджытæ æмæ поэтты чингуытæ балхæныны фадат уыди.
Программæйы ма уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хуызтæй арæзт равдыст; этномодæйы фестиваль; Уæрæсейы алы адæмыхæттыты хæринæгтæ саходын æмбæлди фестиваль «Дзаджджын Дзæуджыхъæу»-ы фæзуаты. Бæрæгбон аразджытæ нæ ферох кодтой спортуарзджыты дæр – бацæттæ сын кодтой Нарты хъæзтытæ.
Адæмы йæхимæ æркæсын кодта, 250 фæндырдзæгъдæджы кæм архайдтой, уыцы музыкалон флешмоб, уыдон ацагътой уырыссаг æмæ ирон адæмон мелодитæ, зарджытæ.
Изæрæй Дзæуджыхъæуы сæйраг фæзы паддзахадон ансамбль «Алан» æмæ мæскуыйаг кæфтыты театр «Гжель» бæрæгбоны архайджытæн сæ диссаджы аивад æмæ уæлмонц зæрдæйы уаг балæвар кодтой.
Бæрæгбоны мадзæлтты архайдтой республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ йæ хæдивæг Платы Альбинæ.
«Абон Ирыстон бæрæг кæны тынг вазыгджын бон – Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 250 азы бæрæгбон. Афтæ кадджын уавæры бæрæг кæндзыстæм Дзæуджыхъæуы 240 азы æмæ Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы бонтæ дæр. Махæн не ‘ппæтæн дæр уыдон вазыгджын цаутæ сты, уынæм нæ регионы размæцыд, аразæм ног хæрзхъæд инфраструктурæ, аразæм, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объекттæ, царды æнтыстджынæй уадзæм паддзахадон программæтæ. Федералон центры æххуысæй нæ республикæйы рæзты бирæ фарстатæ лыггонд цæуынц. Зæрдиаг арфæ уын кæнын нæ кадджын бæрæгбоны фæдыл, мæ зæрдæ уын зæгъы дзæбæхдзинад, æнæниз-дзинад, сæйрагдæр та – нæ регион куыд рæза Уæрæсеимæ нæ дарддæры иумæйаг историйы, – загъта Дзанайты Барис.
12 июны кадджын ма-дзæлттæ дарддæр цыдысты. Сæйрагдæр культурон цауыл банымайын æмбæлы Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæ Джиоты Вероникæ æмæ Цæгат Ирыстоны Мариинаг театры симфонион оркестр нæ республикæйы адæмон артист, дирижер Гугкаты Зауырбеджы разамындæй концерт Уæрæсейы бон æмæ Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 250 азы кадæн Сæрибары фæзы. Бæрæгбоны концерты азæлыдысты дунейы зындгонд композитортæ Петр Чайковский æмæ Джакомо Пуччини, ирыстойнаг автортæ Плиты Христофор, Гæбæраты Илья, Æлборты Феликс æмæ Хаханты Дудары музыкалон уацмыстæ, зындгонд аритæ оперæтæй.
Ирыстон дарддæр йæхи цæттæ кæны нæ республикæйы иннæ вазыгджын юбилейтæм.

ГАПБАТЫ Алетæ
Къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here