Лекцитæ бакастысты

0
324

Цæгатирыстойнаг лектор æхсæнад «Зонынад»-ы рухстауæн маршруты фæткмæ гæсгæ раныхас кодта Луганскы Адæмон Республикæйы.

Нæ республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй 4-7 июны проект «Ног æрвгæрæттæ»-мæ гæсгæ амынд æхсæнады эксперттæ Луганскы Адæмон Республикæйы сæрмагонд профессион ахуырады кусæндæтты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæн лекцитæ бакастысты, стæй сын цæстуынгæ уроктæ амыдтой. Лекцитæм байхъусæг адæм ахуырады, геополитикæ æмæ промышленносты къабæзты уæрæсейаг æнтыстдзинæдты тыххæй хабæрттæ базыдтой. Лекцитæ кæсыны куысты архайдта Цæгат Ирыстоны ахуырады кусджыты дæсныдзинады къæпхæн уæлдæргæнæг республикон институты проректор Багаты Ибрагим.
Афæдзы дæргъы Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты, стæй Запорожье æмæ Херсоны облæстты территоритыл цæудзысты проект «Ног æрвгæрæтты» рухстауæн маршруттæ. Уæрæсейы æхсæнад «Зонынад» ахсджиаг тематикæйыл бирæ пайдайаг уроктæ бацæттæ кодта. Амынд ахуырадон фембæлдтыты хæс у фыдыбæстон æнтыстдзинæдтимæ ног уæрæсейаг регионты цæрæг адæмы базонгæ кæнын, стæй сын райрæзты фадæттæ равдисын.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here