Фæстаг къорд мæйы Фыййагдоны поселочы кой арæхдæр кæнынц дзыллон информацион фæрæзтæ, йæ аппаратон æмбырдты йыл къорд хатты карз ныхас кодта нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей
МЕНЯЙЛО дæр. Карз ныхас баст уыдис, ам зæххытæ куыд æмæ кæмæн лæвæрд æрцыдысты, закъоны бындурыл æви нæ, уыцы фарстатимæ. Бæстондæр дзуапп сын хъуамæ чи ратта бынæттон администрацийы сæргълæууæг ГУЫРИАТЫ Валерийы йеддæмæ – уый ныр 30 азы лæууы поселочы администрацийы сæргъы. Фембæлдыстæм йæ кусæн уаты, æмæ не ‘хсæн рауад лæмбынæг ныхас:
– Валери, фæстаг къорд азы дзырдтæ «фæлладуадзын» æмæ «Фыййагдон» синонимтæ систы. Фæсте аззадысты Цъæй, Урсдон, Дзинагъа… Туристтæ Куырттаты ком афтæ бауарзтой, уæ климæт афтæ фæлмæн у, æмæ сæ зымæг дæр нæ уромы. Бынæттон цæрджытæ цас ис поселочы, стæй цас у «дачникты» нымæц? Кæй федтам, уыдон «дачæтæ» не сты, фæлæ æнæхъæн
галуантæ. Уыимæ – алыхуызон архитектурон хицæн æууæлтæ сæмтъеры сты, бынæттон ландшафт чи фыдуынд кæны, ахæмтæ. Ком арвистон фестад. Ахæм бар сын чи дæтты?
– Фыццаджыдæр, бынæттон цæрджытæ æдæппæтæй 1561 адæймаджы сты, фæлæ нæм цæргæ та къорд мин адæймаджы кæны, ам регистрацигонд чи нæу, ахæмтæ. Цы галуанты кой кæнут, уыдонæн сæ фылдæр æнæбындурæй арæзт сты, нæй сын, арæзтадæн бар чи дæтты, ахæм æнæмæнгхъæугæ гæххæттытæ, архитекторы амынддзинæдтæ, цы бынаты арæзт цæуы объект, уый анализ, сæхæдæг – архитектортæ, проектаразджытæ æмæ афтæ дарддæр.
2015 азы стыр куыст бакодтам, зæххытæ кадастрон хыгъды æвæрд æрцыдысты. Уый фæстæ 2021 азы сарæзтам поселочы генералон пълан æмæ хъуамæ, уый хынцгæйæ, арæзт цæуой хæдзæрттæ, дачæтæ æмæ иннæ объекттæ.
Æрæджы къамис арæзт æрцыд республикæйы прокуратурæ æмæ слестгæнæн комитет, æрдз хъахъхъæнæг оргæнтæ, районы æмæ бынæттон администрациты минæвæрттæй. Иудадзыг рейдты ацæуæм, бæлвырд кæнæм, æнæзакъонæй чи скодта дачæтæ, галуантæ, уыдоны, ныридæгæн уал тæрхондон рахаста 50 уынаффæйы сæ фехалыны тыххæй. Мæнæ ацы стыр пакеттæ уынут, абон та мæм сæ постæй æрбарвыстой, ноджыдæр ма сыл фондз бафтыд. Бирæтæ дзы арæзт æрцыдысты, культурон бынтыл нымад чи у, уыцы зæххытыл, иутæ та – Доны кодекс фехалгæйæ.
Ам мæ бафиппайын фæнды иу хъуыддаг. Зæххыты кадастрон хыгъды æвæрд куы ‘рцыдысты, уæд бынæттон цæрджытæй бирæтæ, сæхи зæххы гæппæлтæй уæлæмхасæн ма бацахстой саппытæ – сæ хайы «дзыхмæ» хохрæбынмæ цы уаццæгтæ ис, уыдон, кадастрон инженеры не ‘рбахонгйæ сæ сæхи бакодтой æмæ сæ уæй кæнынц. Кæй федтат, уыцы кæркæ-мæркæ коттеджтæн сæ фылдæр хай сарæзтой уыцы саппытыл. Къорд бонмæ дзы объект схъил вæййы, хицæн æмбырдгæнæн хæйттæй йæ ацамайынц.
– Дарддæр та йæ хъысмæт зын базонæн нæу: «Сдается коттедж. Сутки пребывания – 15 тыс. рублей». Уый у сæ «чысыл» бизнес. Бынæттон къазнамæ дзы хъалонты хуызы исты цæуы?
– Хъыгагæн, афтæ у. Æрдзæн уыцы хылы-мылы, хæццæ арæзт коттеджтæ æмæ дачæтæ стыр зиан кæй хæссынц, уый сæйрагдæр хъуыддаг у. Дыккаг мæгуырыбон та уый у, æмæ ам хæдзар, дачæ, коттедж чи саразы, уый йæ кадастрон хыгъды æвæрынмæ нæ тагъд кæны, «недострой», дам, у нырма. Афтæмæй дзы цæры, пайда кæны цивилизацийы æппæт хорзæхтæй. Пенсиисджытæ зæххы хъалонæй уæгъдгонд сты, æмæ сæ иуæй-иутæ та уыдоныл сфидар кодтой. Фæлæ, куыд загътон, афтæмæй уыцы зианхæссæг фæзындтыты ныхмæ уæлдæр амынд къамис дысфæлдæхтæй кусын райдыдта, æмæ уавæр, æнæмæнг, закъоны бындурмæ æрцæудзæн. Ам алы дуры дæр фыдæлты фарн ис, æмæ йæ бахъахъхъæнын – не стырдæр хæс у.
– Валери, фыдæлты фарнимæ куыддæр нæ сыхагиуæг кæнынц, ныртæккæ æппæт дзыллон информацион фæрæзтæ цы лæбырдтыты кой кæнынц, уыдон. Куыдæй сæвзæрд ахæм, зæгъын æмбæлы, æвирхъау уавæр, ахуыргæндтæ дæр афтæ куы зæгъынц, æрцæудзæн, уый дызæрдыггаг нал у, фæлæ кæд æрцæудзæн, гъе уый у фарст, зæгъгæ?
– Ацы уавæры сæйраг аххосаг дæр у, цы саппыты кой кæнын, уый. Чидæр æй ауæй кодта, æмæ йæ ног хицæуттæ, нæдæр мæрæн анализ скодтой, къахын дзы æмбæлы, цавæр фæстиуджытæ уыдзæн сæ бавнæлдæн, уыдæттæ, афтæмæй æвæстиатæй къахынмæ бавнæлдтой. Мах æй æрвылбон къорд хатты бæрæг кæнæм, дарддæр кусын сæ нæ уадзæм, сæ техникон фæрæзтæ сын атардтам.
2002 азы санаторийы сæрмæ тыхджын уарынты фæстæ зæхх æрлæбырд æмæ тæссаг уавæр сæвзæрд – санаторийы кæртмæ дзы дзæвгар хай æрбакалд, æмæ уый аххосæй нæ хæтæлтæй сау писи æмхæццæ дон калд. Дзæвгар фæрæзтæ æмæ хъарутæ бахардз кодтам лæбырды фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Уыцы сапп балхæнджыты æнæрхъуыды бавнæлд урæд æрцыд, дарддæр дæр æм нæ цæст дардзыстæм. Ныридæгæн уал сыл тæрхондонмæ балæвæрдтам. Æнхъæлмæ кæсæм дзуапмæ.
– Уæ риссагдæр фарстатæ ма цы сты? Цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдты тыххæй цы зæгъдзынæ?
– Тынг разы стæм регионалон быронласæг компани «Эра»-йæ – поселокæй, нæ зылды дæс хъæуæй бырон ласт цæуы, хуыцаубон йеддæмæ, æрвылбон. Бырондон кæм февзæры, уымæ нæ хъус дарæм æмæ йæ уайтагъд
афснайæм. Доны тыххæй нæм арæх æвзæрди къуылымпытæ – хæтæлтæ – зæронд, 60-аздзыд уыдысты. Дон нæм хæддзуйæ цъититæй цыди, æмæ фæстаг авд азы тухæнæй мардыстæм, цъити-иу атыдта, æмæ-иу дзы хæтæлты писийы хуызæн сау дон ракалд. Нæ фæдисхъæрмæ-иу «Алагиркоммунресурс»-ы сæргълæууæг Моурауты Хъазыбег уайтагъд æххуысмæ бригад рарвыста. Æртæ азы размæ нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæны хъæппæрисæй федералон программæмæ хаст æрцыдыстæм, дыууæ каптажы нын сарæзтой, æмæ ныр алы хæдзармæ дæр сыгъдæг дон ног хæтæлтыл уайы. Ацы
хъуыддаджы нын стыр æххуыс бакодта спонсор Гуыриаты Владимир – 4,5 километры нын доны хæтæлтæ балхæдта.
Абоны онг нæм нæй донсыгъдæггæнæн амаддзæгтæ, æмæ нæм уый тыххæй иудадзыг дзырд хауы, иу хатт ма ивар дæр бафыстон. Нæхи хъарутæй сæ нæ сараздзыстæм, уый алчидæр зоны, фæлæ æдзух æфхæрд æййафæм. Ныр хъуыддаг йæ бынатæй фезмæлд – нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Уæрæсейы Президент Владимир Путинæй ракуырдта, цæмæй пульмонологон центрæн дыккаг корпус æмæ нын донсыгъдæггæнæн амаддзæгтæ саразой, æмæ разыйы дзуапп райста. Мæскуыйæ хицауады минæвæрттæ ссыдысты, æркастысты, ацы аз хъуамæ арæзтадмæ бавналой, æмæ уæд уыцы риссаг фарста дæр лыггонд æрцæудзæн.
Раздæры азты поселочы центрон агуаты æндзæрстам мазутæй, ныр къорд азы пайда кæнæм æрдзон газæй – бахæццæ нæ администрацийы зылды æппæт хъæутæм дæр – Хæрисджын, Хиды-
хъус, Лæц, Уырыхъæу, Цымыти, Барзыхъæу, Дæллагхъæу, Дзывгъис æмæ Дзуарыхъæумæ. Ацы ахсджиаг хорздзинад нæм фæзынд республикæйы раздæры разамонæг Битарты Вячеславы æх-
хуысæй. Архайæм, «догазификаци» кæй хонынц, уыцы программæйы дæр.
– Сусæггаг нæу, ныртæккæ администрацитæм цы лыггæнинаг фарстатæ сæвзæры, уыдон ма паддзахады æххуысы уæлæмхасæн фæхъæуы амалхъом зонгæты æххуыс дæр.
– Кæддæр, нæ æрзæткъахæн ма куы куыста, уæд-иу бахъуаджы сахат йæ хицау Дзылыхты Максиммæ фæдзырдтон, æмæ мæ никæд бауагъта батыхсын. Ныртæккæ нæ администрацийы зылды чи архайы, уыцы куыстуæттæ, уагдæттæ «Роза ветров», «Форест», «Панорама», «Долина солнца» нæм фæкæсынц сабиты зæрдæтæ барухс кæнынмæ Ног азы, 1 сентябры æмæ иннæ бæрæгбæтты рæстæг, сæрмагонд æфсæддон операцимæ цы гуманитарон æххуыс арвыстам фондз хатты, уырдæм дæр се ‘вæрæн бахастой. Арæх бахатæм не ‘мзæххон, ме ‘рвад Гуыриаты Владимирмæ. Тынг бузныг дзы стæм. Сæрмагондæй зæгъдзынæн нæ культурон бынтæй иу ахъаззаг объекты – Куыртта æмæ Тæгайы мæсыджы тыххæй.
Рæстæг æмæ æрдзы фæзындтытæ сæ кæнон кæнынц – заууатмæ æрцыд, йæхи дурæй хæлд, ныккæлынæй йын тæссаг уыд. Валодяйæн фехъусын кодтон хабар, ссыдыстæм æм, æмæ куы ‘ркасти, уæд эксперттæм фæдзырдта, сбæрæг ын кодтой йæ уавæр. Дарддæр фембæлд Дзанайты Славæимæ, æмæ йыл 40 минуты рацыд, афтæ ам æрбалæууыд. Валодя кусджыты бригад æрбарвыста. Се ‘ппæты цæрæнбон дæр бирæ уæд, абон та мæсыг кæддæрау сæрбæрзондæй лæууы сæ руаджы.
Меценаты æххуысæй (йæ ном дзурын нæ уадзы) сарæзтам стадион, æмæ дзы фæсивæд сæхи ирхæфсынц, арæх дзы ацæуынц районы æмæ республикон ерыстæ дæр.
Нæ уæлмæрд уæрæхдæр кæнынхъуаг уыдис, æмæ уал ын йæ зæхх банывыл кодтам, дарддæр ыл кусæм. Техникæйæ нæм фæкæсы амалхъом Санахъоты Нугзар.
Хуыцауæй разы, æхгæд æрцыд куыстадон æппарæнты бынат дæр, æртæ фæлтæры мæрæй йæ бамбæрзтам. Кæсæм федералон программæтæ æмæ национ проекттæм, поселочы хорздзинадæн дзы чи дзуапп дæтта, уыдоны архайдзыстæм.
– Бузныг, Валери, рæстæг кæй ссардтай нæ фембæлдæн, уый тыххæй.
Ныхас ныффыста
ГАПБАТЫ Алетæ














