«Лента» æрбахæццæ Ирыстонмæ. Дарддæр – фылдæр…

0
261

Нæ республикæйы туризмы рæзтыл рагæй дзырдтой, фæлæ ныхæстæй дарддæр хъуыддаг йæ бынатæй не ‘нкъуыст.Фæстаг рæстæг ацы хъуыддаджы ивддзинæдтæ фæзынд. Туристты нымæц нæм фæфылдæр. Зын зæгъæн у, цы фæахъаз уыцы рæзтæн, мæнмæ гæсгæ йын цалдæр рахæцæны ис.

Раздæр нæм схъæл ахаст уыдис. Адæм, дам, кæд æдылы не сты, уæд хъуамæ æмбарой, æрмæстдæр махмæ, дзæнæтон бæстæмæ, кæй хъæуы цæуын фæллад уадзынмæ. Уый чи не ‘мбары, уый, дам, зондцух у. Потенциалон туристтæм æндæр цæстæнгас уыдис, æмæ уымæ гæсгæ хъуыддаг не змæлыд. Фæлæ æппынфæстаг бамбæрстам, риу хойынæй кæй ницы ис, æмæ бавнæлдтам уавæр цæхгæр фæивынмæ, туристтæ кæмæ тырнынц, кæй æмбарынц, уыцы ‘рдæм. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы фæзынд бирæ чысыл кафетæ, фæлладуадзæн бынæттæ. Активонæй куыст цæуы æхсæнадон бынæттæ банывыл кæныныл. Уазæгдзæрæнты сервис фæхуыздæр. Туристтæ уыцы ивддзинæдтæ æнкъарынц. Уæлдайдæр та ма, мæскуыйаг мыздимæ абаргæйæ, амы æргътæ сæ зæрдæмæ цæуынц. Æппæт уыцы æууæлтæ æнæфæзынгæ нæ фесты туристты нымæцы рæзтыл.
Уыцы рæзтæн æппæрццæг фæзынд дæр ис. Нæ уæйгæнджытæ оперативон æгъдауæй уавæрæй фæпайда кодтой æмæ не ‘мзæххонты тæбæкк чыссæтæй се ‘ргом цардхъом туристты нæрст æхцадæттæм раздæхтой. Æргътæ рæзынц. Иуæй-иу хæлцы продукттæ балхæнын республикæйы цæрджытæй бирæтæн сæ бон нæу, сæ дзыпп нæ амоны. Фæлæ, æмткæй райсгæйæ, тырнындзинад хорзыл банымайын æмбæлы. Куыд фæзæгъынц,хъуын куы уа, уæд æй алырдæм ныффасын дæр æмбæлы. Сæйрагдæр – туризмы къабазæй республикæмæ æхца цæуын байдыдта, æмæ, кæд нырма лыстæг къадайæ цæуы, уæддæр уæхи зæрдæ – уе ‘вдисæн, Волгæйы цæугæдон дæр чысыл мæсчъыдонæй ратагъди.
Йæ рæстæджы Ирыстонмæ «МЕТРО» æмæ «Леруа Мерлен» куы ‘рбацыдысты, уæд хорзырдæм фæбæрæг сты нæ «сабыр» экономикон къабазыл инвестициты хуызы. Дарддæр та, раздæрау, бæстæ ныссабыр. Фæлæ мæнæ Дзæуджыхъæуы байгом гипермаркет «Лента», æмæ æлхæнджыты зæрдæмæ фæцыд. Дзырдæн, дуканийы кусджытæ разы не сты, нæ республикæйыл депрессивон регионы ном кæй сбадт, уыцы цæстæнгасимæ. Аныхас кодтон семæ, уыдон мæйы æмгъуыдмæ ссыдысты æндæр рæттæй бынæттон дуканигæсты
ахуыр кæнынмæ. Куыд загътой, афтæмæй, цы ‘хцайы зилдух ис фыццаг бæтты дуканийы, уымæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæ бынтон мæгуыр не сты. О, ис нæм, хъæздыг схонæн кæмæн ис, ахæм граждæнтæ дæр.
Алы ног байгомгонд гипермаркет дæр нæ æддæдæр кæны базарад æмæ бизнесы иугай амалхъомты æлдариуæгæй, аразы уавæртæ æцæг ерысæн экономикæйы уыцы къабæзты. Ахæм ныхæстæ фехъусæн вæййы арæх: «Нæ амалхъомтæ хорз адæм сты. Раст зæгъгæйæ, фидгæ гыццыл кæнынц, фæлæ сæ бон фылдæр фидын нæу, кæд сæхæдæг хорз адæм сты, уæддæр». Адæм дисы бацæуынц: «Кæд нæ амалхъомтæн сæ бон, куыд æмбæлы, ахæм мызд фидын нæу, уæд сæфтмæ цæуылнæ æрцæуынц, банкроттæ цæуылнæ сты, сæ æнæпайда куыстуæттæ цæуылнæ ауæй кæнынц, фæлæ дидин æфтауынц, хъæздыг сты, хæрын дæр сæм цæуы æмæ сæ рустæ сырх дарынц, æнæниз сты, сæхи амондджын хонынц».
Германы 2008 азы, 60 миллиарды кæмæ уыдис, ахæм хъæздыг промышленник кризисы азарæй 20 миллиарды фесæфта æмæ фырадæргæй йæхи поезды бынмæ баппæрста. Ахæм у æцæг базарадон экономикæ.
Кæмдæр, Ростовы облæсты, мæй æстай мины чи иста, уыцы таджикаг кусджытæ сабухтой, нæ мызд, дам, нын 25 проценты фæбæрзонддæр кæнут. Махмæ та фынддæс мины исынц æмæ быхсынц, сæ куысты бынæттыл фидар хæцынц, уымæн æмæ куысты бынат ссарын зын у – ахæм у нæ базарадон экономикæ.
Политикæ, шахмæттæ æмæ бизнесы хъæуы ныхмæлæууæг, æндæр хъазт нæ рауайдзæн. Цы гипермаркеттæ нæм æрбацыд, уыдон æцæг «хъазт» аразынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, иу хосы «таблеткæйæ» æппæт низтæ не сдзæбæх кæндзыстæм, фæлæ уал бындур æвæрд æрцыд.
Базарадон экономикæйы æцæгдзинад хынцын хъæуы. Гыццылгай махмæ дæр йæ закъæттæ кусын кæй райдайдзысты, уымæн разæууæлтæ фæзынд. Куыд фæзæгъынц, кæд цайдан фыцгæ нал кæны, уæддæр ма тæвд у.
Туризмы ахсджиаг рахæцæн у транспорт, фæлæ нæ горæты уыцы хъуыддаг зæрдæмæдзæугæ нæма у, алырдыгæй хъæстытæ цæуы «маршруткæты» æвзæр
куысты тыххæй. Фæлæ уый дæр не ‘хсæнады иумæйаг «низты» фæстиуæг у. Фæсивæд транспортыл кусын нæ комынц. Транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитет куыд фехъусын кодта, афтæмæй транспортон фæрæзтыл сбадыны тыххæй хъусынгæнинаг раттой, æмæ, кæй бафæндыд кусын, уыдонæн се ‘ппæты æрыгондæрыл цыд 58 азы. Ахæм у уавæр. Фæсивæды фæнды сæхи æндæр сферæты бавдисын – менеджеры, юристы, финансисты, IT-технологион дæсныйæдтæ райсын, спортсментæ суæвын. Уыдон, дам, кадджын сты…

Юрий ПЕТРОСОВ,
æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here