Татарстаны сæйраг горæт Хъазаны ацы бонты дарддæр цæуынц дунейы бæстæты бархион иугонд «БРИКС»-ы спортивон хъæзтытæ. Ерыстæ цæ-уынц спорты 21 хуызæй, æмæ дзы архайынц 97 бæстæйы 4800 спортсмены.
Уæрæсейы номæй ерысты архайынц къорд зындгонд спортсмены. Сæ фылдæр сты, Дунеон Олимпиаг хъæзтыты комитеты æнæхъола миты аххосæй, ацы азы Олимпиаг хъæзтытæм сæ фæндаг кæмæн сæхгæдтой, уыцы спорты хъайтартæ.
Хъазаны ерыстæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр, æмæ уымæй тынг разы сты фæсарæйнаг спортсментæ æмæ уазджытæ.
Ерыстæ спорты алы хуызтæй цæуынц тынг зæрдæмæдзæугæ æмæ цымыдисаг тохты. Уæрæсейы спортсментæ фыццаг цыппар боны рамбылдтой æстай хæрзиуæгæй фылдæр.
Нæ бæстæйæ сыгъзæрин майдантæ чи рамбылдта, уыдонæй иу у Ирыстоны минæвар, уæззау атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионат æмæ рекорд-сменкæ Гусалты Зæринæ. Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер æмæ
сгуыхт тренер Золойты Хъазыбеджы хъомылгæнинаг, 71 кг онг уæзы ерыс кæнгæйæ, дыууæ хуызы систа 230 кг (108+122) æмæ, æнæдызæрдыгæй, бацахста 1-аг бынат. Зæринæ ма хъавыди йæхи Уæрæсейы рекордтæ фæуæззаудæр кæнын, фæлæ йын ацы хатт уый нал бантыст. Зæринæйы уæзы 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ бацахстой белорусаг чызджытæ: Дианæ Моисевич – 217 кг (98+119) æмæ Полинæ Погуляева – 216 кг (95+121).
Ирыстойнаг спортсментæй ма ерысты архай-дзæн Багаты Арслан. Уый уæгъдибар хъæбысхæс-тæй ерыс кæндзæн 92 кг онг уæзы. Уырны нæ, Багайы-фырт дæр нæ спортуарзджыты зæрдæтæ йæ архайдæй кæй барухс кæндзæн!
БАСКАТЫ Уырызмæг