Туризмы рæзт, объектты цæттæдзинад

0
158

Цæгат Ирыстоны федералон грантты æххуысæй ныртæккæ царды уагъд цæуынц æртындæс проекты. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис цы æмбырд сарæзта туризмы рæзты тыххæй, уым æрныхас кодтой туристон объектты цæттæдзинад, æмæ гранттæ райсджытæм цы фарстатæ сæвзæры, уыдоны тыххæй.

Уæлдæр амынд проекттæн 2023-2024 азты национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустри»-йы фæлгæты 500 милуан сомы лæвæрд æрцыд. РЦИ-Аланийы Туризмы комитеты сæрдар Кочиты Сослан куыд фе-
хъусын кодта, афтæмæй субсидитæ чи райста, уыдонæн се ‘ппæтимæ дæр бадзырдтæ бафыстой, проектты цы уавæртæ фыст æрцыд, уыдон æххæст кæнынц. Специа-
листтæ иудадзыг объекттæм ацæуынц, сæ цæст дарынц, арæзтад куыд цæуы, уымæ.
Æмбырды архайджытæ алы проектмæ дæр сæрмагондæй æркастысты, гранттæ райсджытæ радзырдтой сæ алы боны куысты тыххæй, радтой дзуаппытæ æххæстгæнæг оргæнтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады минæвæртты фарстытæн.
– Республикæйы бирæ хъуыддæгтæ арæзт цæуы туристон къабазы рæзтæн феххуыс кæныны тыххæй, уыимæ – федералон æмæ регионалон мадзæлттæй дæр. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, субъект фыццаг аз нæ исы финансон фæрæзтæ кемпингтæ, глэмпингтæ, туристон маршруттæ, нырыккон сервис саразынæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн, регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы архайды фæрцы нæ респуб-
ликæ райста стыр æххуыс æмæ ис, федералон центр фылдæр финансон фæрæзтæ кæмæн радта, уыцы фыццаг фондзы хыгъды. Йæ бадзырдты фæстиуæг уынæм – туристон инфраструктурæ къæпхæнгай рæзы, Цæгат Ирыстонмæ фылдæр уазджытæ цæуын райдыдта. Уый нын тынг æхсызгон у. Мах хъуамæ алцыдæр саразæм туристты æдасдзинад æмæ хæрзхъæд фæлладуадзынæн, цæмæй нæ субъекты фæзуаты сæхи иттæг хорз æнкъарой. Гранттæ чи райста, уыдоны сæйрагдæр хæс та у бæрæггонд æмгъуыдмæ бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ сæххæст кæнын, федералон фæрæзты æххуысæй цы объекттæ аразынц, уыдон, – фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.
Дзуапдæттæг комитетæн бахæс кодта сæрæн архайд инвестортимæ æмæ æрвылбон цæст дарын проектты арæзтæдты æмгъуыдтæм. Уымæй уæлдай ма Хицауады Сæрдар бахахх кодта инженерон хызтæм сæ бафтауыны фарс-
тайы вазыгджындзинад.
Гранттæ чи райста, уыдонæн та ма сæ зæрдыл иу хатт æрлæууын кодта, цæмæй бæрæггонд æмгъуыдтæм лæмбынг кæсой – куыстытæ хъуамæ æххæст кæной æнæкъуылымпытæй, æнæ ивддзинæдтæй.
Æмбырды архайджытæ ма æркастысты туризмы иумæйаг фарстатæм, федералон программæты уæлæмхасæн архайдмæ цæттæдзинадыл дæр аныхас кодтой. Фæбæрæг кодтой, Цæгат Ирыстон дарддæр дæр кæй архайдзæн къабазы национ проекты, уыимæ глэмпингтæ аразынæн субсидитæ исыны механизмæй пайда кæнгæйæ дæр.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы æмæ Хицауады пресс-службæ.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here