Галæрыскъæфы бæрзонд тыллæг æрæмбырд кодтой Мæздæджы районы зæхкусджытæ. Хæдзарады адджын æмæ хæрздæф гагадыргъ æмбырд кæнын райдыдтой майы райдайæны, сагъд у иу гектары фæзуаты.
Рагæй дæр зындгонд у гагадыргъы пайда адæймагæн. Чи йæ хæры, уыдоны иммунитет фидардæр кæны, хорзырдæм зыны дадзинты уавæрыл дæр. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй тох кæны микробтимæ, йæ бон æруромын у судзаг рыст. Бирæ дзы ис йод, уымæ гæсгæ, нæ алы боны хæринаг æмæ доны йод куы нæ фаг кæна, уæд ын йæ боны бæрц галæрыскъæф æххæст кæны.
Мæздæджы зæхкусджытæ йын йæ æрзайын кæныны технологийы сусæгдзинæдтæ рагагъоммæ базыдтой – хъæуы йын йæ миниуджытæм æркæсын, раст æм зилын – уыдон сты бæрзонд тыллæджы рахæцæнтæ. Иу мæймæ уыцы фæзуатæй æрæмбырд кодтой 10 тоннæмæ æввахс гагадыргътæ. Галæрыскъæф мæнгæфсон у – æмбырд кæнын æй хъæуы арæхстгай, йæ товарон хуыз куыд нæ фесафа, æлхæнæджы зæрдæ йæм куыд райа, афтæ.
Бригадир Тамарæ Косивченко нын радзырдта: «Сыгъдæг æй кæнæм, æфснайæм æй, донхорыг æй суанг ма зымæгон дæр кæнæм. Ныр ыл дыккаг аз цæуы, æмæ та нын нæ зæрдæ барухс кодта. Разы стæм нæ архайды фæстиуджытæй, хорз гагадыргъ æрзайын кодтам».
«Ацы аз галæрыскъæфæн хорз аз уыди, – зæгъы дон пырхгæнæг Расик Алазов. – Тынг æм базылдыстæм, донæй йæ æфсæстам, мотоблокæй йын йæ мæр фæлмæн кодтам, æмæ уæхæдæг – æвдисæн, тынг хорз бæрæггæнæнтæ райстам, ныр дæр ма тыллæг æмбырд кæнæм».
Мæздæджы зæхкусджытæ сæ адджын продкуци уæй кæнынц Мæздæджы район æмæ республикæйы иннæ районты.
ГАПБАТЫ Алетæ