Ирыстоны фæсивæды проекттæн – бæрзонд аргъ

0
190

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг ПЛАТЫ Альбинæ зæрдиаг арфæ ракодта Президенты фонды Культурон хъæппæристы дыккаг æппæтуæрæсеон грантон конкурсы Цæгат Ирыстоны ацы азы уæлахиздзаутæн.

Лауреаттимæ фембæлды вице-премьер бахахх кодта, республикæ конкурсмæ цы проекттæ рахаста, уыдоны вазыгджындзинад:
– Тынг æхсызгон нын у, нæ республикæ ацы аз æппæтуæрæсеон конкурсы бæрзонд æмвæзадыл кæй архайдта, уый. Æз афтæ нымайын, æмæ Президенты фонды Культурон хъæппæристы проектон офис республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æххуысæй нæ регионы кæй байгом, уый фæахъаз нæ курдиатджын креативон æрыгон æмзæххонты культурон проекттæн цард раттыны хъуыддаджы. Зæрдиаг арфæ кæнын уæлахиздзаутæн, мæ зæрдæ уын зæгъы уыцы цымыдисаг æмæ хъæугæ проекттæ сæххæст кæнын. Цæгат Ирыстон ацы аз конкурсмæ цы æртын фондз проекты балæвæрдта, уыдонæй фарасты фарс рахæцыдысты, æмæ уый у æппæты хуыздæр бæрæггæнæн Цæгат Кавказы федералон зылды. Республикæмæ сæ сæххæст кæнынæн цы æхцайы фæрæзтæ æрбацыд, уыдон, æмткæй райсгæйæ, сты æртын авд милуан сомы. Æппæт проекттæ дæр æххæстгонд æрцæудзысты хæстæгдæр рæстæг æмæ ахадгæ æвæрæн бахæсдзысты нæ республикæйы культурон цардмæ, – загъта Платы Альбинæ.
Конкурсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ хуыздæртыл нымад æрцыдысты не ‘мзæххонты мæнæ ахæм проекттæ:
– Нарты кадджытæ аудиойæ фыстæй сывæллæттæн уырыссаг æвзагыл;
– æххæстметражон киноныв «Фыд» реконструкцийы элементтимæ;
– аивадон киноныв
«Цуанон»;
– креативон индустриты форум «Кавказаг акцент»;
– цыбыметражон киноныв «Монолог»;
– сæрдыгон театралон резиденци;
– проект «Кавказ абон æмæ райсом»;
– ирон адæмон инструментты ансамбль «Рагон»-ы гастролон тур;
– проект «Беслæн. Æнæсым минут».
Семæ базонгæ уæвæн ис Президенты фонды Культурон хъæппæристы сайты. Арæзт куы æрцыд, уæдæй нырмæ конкурс у дыууадæсæм, æмæ фыццаг хатт уæлахиздзауты ‘хсæн сты Уæрæсейы æппæт 89 регионы минæвæрттæ дæр. Лæвæрд æм æрцыд 10758 курдиаты. Уыдонæй равзæрстой, сæ иумæйаг аргъ 567 миллиард сомы кæмæн у, ахæм 1189 проекты.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here