Уæззау, æнтъыснæг бонтæ, азтæ…

0
177

Мæныл цыди авд азы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг мæ райгуырæн хъæу Дур-Дур немыцаг фашисттæ куы бацахстой, уæд. Дзæвгар рæстæг рацыди уæдæй нырмæ, фæлæ цыма знон уыдысты уыцы цаутæ, афтæ сæ хъуыды кæнын, ницы мæ ферох. Немыц æрбацæуыны размæ æз æмæ ме ’фсымæр Петр сахуыр кодтам цалдæр уырыссаг ныхасы: «Слава Сталину, Гитлер капут!», кæд сын сæ мидис бæлвырд нæ зыдтам, уæддæр.

Иу райсом Петримæ ацыдыстæм цæугæдоны былмæ æмæ уым федтам æфсæддонты. Фыццаг фенхъæлдтам, кæд, мыййаг, нæхионтæ сты, зæгъгæ, фæлæ сæ уæлæдарæс уыдис бынтон æндæр, стæй сæ ныхас дæр уырыссаджы хуызæн нæ уыди. Æмæ йæ уæд бамбæрстам, немыцæгтæ кæй сты.
Мах лæууыдыстæм æнæдзургæйæ. Немыцаг салдæттæй иу йæхи махырдæм разылдта æмæ нæм æдзынæг ныккаст. Мæнæн мæ сæры цы фæмидæг, чи зоны, мæхицæй раппæлын мæ бафæндыди, авдаздзыд сывæллон цанæбæрæг æмбары, æмæ дын куы ныхъхъæр кæнин: «Слава Сталину, Гитлер капут!» Уыцы немыцаг мæм æрбауади æмæ мын мæ уадулæн ахъаззаг дзæхст ныккодта, Петры та йæ къахъæй ныццавта. Мах
кæугæйæ азгъордтам нæхимæ. Нæ баба хабар куы базыдта, уæд нæ сыхæгты ныккæндмæ ныккодта æмæ загъта, цæмæй уырдыгæй макæдæм ацæуæм.
Уæззау, æнтъыснæг бонтæ цыдысты иу иннæйы фæдыл. Фæуазæлттæ кодта, æмæ-иу хъæуы цæрджытæ бар-æнæбары, тæрсгæ-ризгæйæ, изæрæй хъæдæй æрцыдысты сæ хæдзæрттæм. Махæн нæ хæдзары æрæнцад немыцаг афицер Ганс, даргъ, къæсхуыр лæг. Хæринаггæнæг та йын уыдис Андреас, зæгъгæ, иу æрыгон æфсæддон. Иу бон йе ’ххуысгæнджытæ – Семен æмæ Иван нæ кæрты бæрæг астæу дынджыр аджы фыхтой картоф уырыдзытимæ. Мах – æз, Петр æмæ иннæ æфсымæр Арсæмæг сæм бацыдыстæм æмæ сын бамбарын кодтам, картæфтæ нын раттут, зæгъгæ. Иван нæм (уый дæр æмæ Семен дæр, нæ хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй уыдысты дезертиртæ Сырх æфсадæй æмæ куыстой немыцмæ) ацамыдта къухæй, рацæут, авæрон уын, зæгъгæ, йæхæдæг та æвиппайды зæххæй фелвæста дынджыр лæдзæг æмæ ныл хæфт-хæфтæй ралæууыд. Æвæццæгæн нæ мæлæтдзаг над фæкодтаид, фæлæ уæдмæ хæдзарæй рагæпп кодта Андреас, лæдзæг Иваны къухтæй ратыдта æмæ йын дзы йæхимæ æрлæвæрдта, «швайн, швайн!», зæгъгæ, хъæргæнгæйæ. Уый фæстæ нæ бакодта сарамæ æмæ нын радта урс дзулы фæйнæ кæрдихы фых хъæдуры касы сæрстæй.
Изæры куы ’рталынг, уæд Андреас æрбацыд йæхæдæг нæ хæдзармæ, йæ къухы – стыр тæбæгъ, урс дзулы гуыл, къалбасы карст æмæ фых хъæдуры касимæ. Æрæвæрдта сæ стъолыл, разылди фæстæмæ æмæ, амонæн æн-
гуылдз йæ былтыл авæргæйæ, сабыргай бакодта: «Ганс, Ганс…», ома, мæ хицау ма базонæд. Андреас фæцæйцыди æддæмæ, фæлæ йæ мæ фыдыфыд баурæдта, йæ разы йæ сбадын кодта æмæ сынтæджы бынæй райста дынджыр авг йæхи конд арахъхъимæ. Байдзаг кодта дыууæ агуывзæйы, иу дзы Андреасмæ радта æмæ скуывта: «Гъе, Стыр Хуыцау, курын дæ, æмæ дуне басабыр уæд, рæстзæрдæ адæмæн баххуыс кæн, хæрамдзинад чи кæны, уыдоны та бафхæр!» Андреас лæмбынæг хъуыста, цыма бабайы ныхæстæн исты æмбæрста, уыйау, стæй уый дæр йæ нуазæн йæ тæккæ бынтæй анызта.
Уый фæстæ дæр ма-иу нæм Андреас арæх æрбауад йæ дынджыр тæбæгъимæ, бабаимæ кæрæдзи хорз æмбæрстой.
Хæсты фæстæ азты дæр ма-иу арæх æрымысыдыстæм Андреасы, цымæ цы баци, куыд рауади йæ дарддæры хъысмæт, зæгъгæ.
Царды фæзилæнтæ, æвæдза, куыд диссаг сты, цас æнæнхъæлæджы фембæлдтытæ, цаутæ дзы вæййы! 1985 азы æз куыстон Стъараполы бастдзинады уæлдæр æфсæддон-инженерон училищæйы æхсæнадон наукæты кафедрæйы сæргълæууæгæй. Æмæ уæлдæр Хицауады фæндонмæ гæсгæ мæ службæ дарддæр хæццæ кæнынмæ æрвыст æрцыдтæн Германы Советон æфсæдты
къордмæ. Мæхи кусæн бынат уыдис къорды политикон управленийы, мæ бинойнаг та райдыдта кусын горæт Тойпицы æфсæддон госпитæлы дохтыр-неврологæй. Госпитæлы хæдфарсмæ уыд нервыты немыцаг рынчындон, йæ сæйраг дохтыр – немыцаг сылгоймаг Сюзаннæ Энгель. Мæ бинойнаг-иу йæ куысты хабæртты фæдыл арæх фембæлд Сюзаннæимæ, фæхæлар сты. Сюзаннæ нæм уазæгуаты иу æмæ дыууæ хатты нæ уыди йæ фырт Штефанимæ, бинойнаг сæ-иу бабуц кодта нæхимæ уæливыхтæй.
Иуахæмы мæм Штефан мæ куыстмæ æрбацыд йе ’мбæлттимæ, иууылдæр – йæхи хуызæн æвзонг, цардбæллон фæсивæд. Æз Штефанæй ракуырдтон, цæмæй мæ базонгæ кæна мæ уазджытимæ, зæгъа мын сæ нæмттæ. Уый æппæты фыццаг загъта, йæ фарсмæ цы лæппу бадти, уый ном. Æмæ «Андреас», зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд куыддæр фæдæн, цыдæр æнахуыр æнкъарæнты аныгъуылдтæн. Уыимæ ма лæппу йæ æддаг бакастæй дæр уыцы кæддæры немыцаг æфсæддоны хуызæн уыди. Бафарстон æй, йæ хæстæг хионтæ, æрвадæлтæй ма исчи хуынди Андреас, зæгъгæ. «Афтæ хуынди мæ фыдыфыд, уый ном мын радтой», – загъта лæппу. Уый йæ фыдæй куыд фе-
хъуыста, афтæмæй хистæр Андреас хæцыди кæмдæр Кавказы æмæ æбæрæгæй фесæфт, фашистты нæ уарзта, æнæбары йæ акодтой хæстмæ дæр…
Гъе, уыцы бон мæ бауырныдта – диссæгтæ æцæгæйдæр æрцæуынц. Дызæрдыг нал кодтон, Дур-Дуры чи бамидæг, уыцы Андреасы байзæддаг кæй у мæ ног æрыгон зонгæ.
Æз ракуырдтон Штефанæй, цæмæй мæм арæхдæр цæуой Андреасимæ, ахуыр сæ кодтон иронау дзурыныл, æмæ-иу куыддæр къæсæрæй æрбахызтысты, афтæ мын-иу мидбылты худгæйæ иронау, немыцаг здæхтимæ, салам радтой…

ХЪИРГЪУТЫ Анзор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here