Сæйраг финансон документ

0
137

Нæ республикæйы разамынд бавнæлдта 2025 азмæ æмæ 2026-2027 азтæн бюджеты тыххæй проектыл кусынмæ. Нысанимæ баст фыццаг æмбырд амыдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис.

Финансты министрад уал рæгъмæ рахаста 2025 азмæ æмæ 2026-2027 азтæн бюджеты тыххæй æмæ Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фæзуатон фонды 2025 азæн æмæ 2026-2027 азтæн закъонты проектты, документты, æрмæджыты график. Дзанайы-фырт фæбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг финансон документыл афойнадыл куысты ахадындзинад.
Финансон ведомствæйы размæ сæвæрдта разамынды æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн ацы графикмæ гæсгæ сæ бюджеттæ аразыны хæс. «Абон мах æвзарæм 2025 азæн æмæ 2026-2027 азтæн бюджет саразыны нормативон актты график. Фæрæзтæ цас ахадгæ хуызы хардзгонд цæудзысты, уымæй аразгæ уыдзæн республикæйы æппæт къабæзты рæзт æмæ нæ цæрджыты фæрнæйдзаг цард. Хъуыддагмæ бæрнонæй акæсут», – бафæдзæхста Хицауады Сæрдар.
Куыд ма радзырдта, афтæмæй бюджетон политикæйы сæйрагдæр рахæцæн у социалон хæстæ афойнадыл æххæст кæнын. Финансон ведомствæйы разамонæджы хæдивæг Оксанæ Карова куыд радзырдта, афтæмæй нысантæн сæ ахсджиагдæртæ сты бюджеты къабазы кусджытæн мызд фидыны, Æнæмæнг медицинон фæдзæхстадæн, социалон пособитæ æмæ граждæнты хицæн къордтæн фиддонтæ кæнын.
Республикæ дарддæр æххæст кæндзæн ахуырадæн, культурæйæн фæрæзтæ дæттыны хъуыддаг, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадздзæн. Дзанайты Барис æмбырды архайджыты æргом аздæхта хæрдзтæн бындурон хатдзæгтæ скæнынмæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here