Адæмты хæлардзинад æмæ фæрныгадыл ныхас

0
186

Нæ республикæйы паддзахадон национ политикæйы фарстатæ куыд æххæстгонд цæуынц, адæмтæ æмæ динты ‘хсæн сабырдзинад æмæ хæлар ахастдзинæдтæ бахъахъхъæныны куысты ведомствæ цавæр мадзæлттæй архайы, уый фæдыл дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæн пресс-конференцийы бæлвырд радзырдта РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр БÆГЪИАТЫ Алан.

– Нырыккон уавæрты национ политикæйы фарстатæм лæмбынæг цæстдард цæуы. Хистæр фæлтæры адæм ма хорз хъуыды кæнынц терроризм æмæ экстремизмы фæзындтытæ, цал æмæ цал теракты анæрыдис нæ горæты. Уыцы фыдбæллæхтæ нæ бирæ цæуылдæрты сахуыр кодтой. Нæ нысантæн сарæзтам стратегион схемæ æмæ уымæ гæсгæ аразæм нæ куыст. Æхсæнадон-политикон уавæр нæ регионы цæмæй нывыл уа, уый
тыххæй алыхуызон æхсæнадон организацитимæ кæнæм экспертон-аналитикон куыст. Министрады архайды сæйрагдæр у, цы бирæ адæмыхæттытæ æмæ динты, конфесситы минæвæрттæ цæры Цæгат Ирыстоны, уыдоны ‘хсæн хæлардзинады хидтæ аразын, æфсымæрдзинады тæгтæй сæ бæттын. Рæзгæ фæлтæрæн æмбарын кæнын, цавæрфæнды диныл хæст куы уа адæймаг, уæддæр иудзинадмæ бæллын кæй хъæуы, æнгомæй, хæларæй иумæ фидæн аразын. Ацы фарстайыл рагæй нырмæ дæр кусы æхсæнадон змæлд «Нæ Ирыстон», йæ сæргъы хорз хистæр, УФ-йы Æхсæнадон палатæйы уæнг Лагкуты Вячеслав, афтæмæй. Æппæты уæззаудæр рæстæджытæ Вячеславы уæхсчытыл æрæнцадысты, фæлæ Лагкуйы-фырт нæ бауагъта нæ республикæйы национ политикæйы уавæр фæцудын, алы адæмты ‘хсæн та хæрамдзинад сырæзын. Нацитæ æмæ динты организациты хæс у æхсæнадон æмгуыстад кæнын, терроризм æмæ экстремизмы ныхмæ æппæт мадзæлттæй дæр архайын, профилактикон куыст кæнын рæзгæ фæлтæр æмæ фæсивæдимæ,– дзырдта министр.
Бæгъиаты Алан ма радзырдта, ведомствæ æмгуыст кæй кæны нæ республикæйы хъазахъхъаг æхсæнадон структурæтæ, ветерантæ æмæ сылгоймæгты советтимæ, уый тыххæй дæр. Хъазахъхъæгтæ сæрæнæй архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы, се ‘вæрæн хæссынц нæ бæстæйы фæрныгадмæ. Уымæй уæлдай, министрадæн æнгом бастдзинæдтæ ис не ‘мзæххонтæ æмæ
диаспорæтимæ фæсарæйнаг бæстæтæ æмæ Уæрæсейы алы рæтты дæр.
– «Землячество» кæй хонæм, ахæмтæ нæм 52 ис. Сты Уæрæсейы Федерацийы. Фæсарæйнаг бæстæты та ис 34 ирон диаспорæйы. Уыдонæй æппæты тынгдæр йæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæдтой Турчы цæрæг ирæттæ. Абон сæ сæргъы Хъуысаты Сатреддин, афтæмæй æдзухдæр архайынц сæ фыдæлты уæзæгимæ бастдзинад дарын. 2020 азы пандемийы рæстæг нæ Турчы цæрæг ирон æфсымæртæ æрбарвыстой гуманитарон æххуыс – медикаменттæ. Фарон Турчы зæххæнкъуыст куы æрцыд, уæд та сын Цæгат Ирыстонæй æрвыст æрцыд æххуыс. Æмæ уый раст у. Хъуамæ кæрæдзиуыл æнувыд уæм, ирон адæймаг кæмдæриддæр цæры, уым. Франц, Герман æмæ ныгуылæйнаг иннæ бæстæты дæр цæрынц не ‘мзæххонтæ. Уыдон æрцæуынц Уæрæсемæ гæнæн æмæ амалæй, æмæ уый фæстæ радзурынц, нæ бæстæйы, æцæгæйдæр, цард куыд у, уый, зыгъуыммæ нæ чи æвдисы, уыдонæн та уайдзæфтæ бакæнынц. Рæстдзинад хъуамæ исчи дзура фæсарæйнæгтæн, уый вазыгджын фарста у, æмæ йыл архайын хъæуы. Зæгъын ма мæ фæнды ноджыдæр иу программæйы тыххæй. Нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ национ-культурон рæзтыл архайыны фарстатыл дæр биноныг кусæм. Интернеты фæрæзæй пайдагæнджытæн фадат ис ирон æвзаг ахуыр кæнынæн тæлмацимæ. Уый ахъаззаджы мадзал у, æвзаг базонын кæй фæнды, уыдонæн. Ацы фарстайы нæ фарсмæ æрбалæууыдысты нæ республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад, Фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитет, æмæ нæ размæ æвæрд нысантæм цæуæм фидар къахдзæфтæй. Кæд ведомствæйы сæйрагдæр нацитæ æмæ динты æхсæн национ политикæйы нывыладыл кусын у, уæддæр нæ мадæлон æвзаг æмæ культурæйы фарстатæ дæр æмбаст сты нæ архайдимæ,– дзырдта дарддæр Бæгъиаты Алан.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here