Æфсымæрон Дагестаны террористон фыдбæллæх

0
191

Дагестаны цы террористон фыдбæллæх æрцыд, уый фæстæ Цæгат Ирыстоны тыхы структурæтæ рахызтысты уæлдай тыхджындæр куысты фæткмæ. Уый фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.

«Дагестаны террористон фыдбæллæхы уидæгтæ агурын хъæуы æдде, йæ нысан у Цæгат Кавказы мидæггаг уавæр сæнкъуысын кæнын. Фыдгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ сæ бон бауыдзын динты ‘хсæн быцæутæ расайын. Рæдийынц. Абон уæрæсейаг æхсæнад иу-дзинады ахадындзинад æмбары. Æхсæнад уыны, ахæм фыдракæндты адæймагдзинадæн бынат нæй, уый у ардауæн мадзал. Нæ респуб-ликæйы тыхы структурæты раивтой уæлдай тыхджындæр куысты фæткмæ. Æххæст кæнынц, æхсæнадон бынæттæ, базарадон центр-тæ, социалон кусæндæттæ бахъахъхъæныны куыст. Æз æппынæдзух семæ баст-дзинад дарын», – фæбæрæг кодта республикæйы Сæргълæууæг.
Уый ма фæсидт Цæгат Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй сæхи хъахъхъæной тыхстаг уавæртæй, фыртасы хай ма фæуой. «Ардауджыты къорд уымæ бæллы, фæнды сæ æгас Цæгат Кавказы алыхуызон динты æмæ адæмты ‘хсæн быцæутæ расайын. Мах уыдæттæ æмбарæм, нæ сын рауайдзæн. Æмбæлттæ, лæмбынæгдæр ут! Æрмæстдæр официалон дзыллон хабархæссæг фæрæзтыл æууæндут. Æфсымæрон Дагестанæн та мæ зæрдæ зæгъы хъарутæ! Дагестаны разамонæг Сергей Меликовмæ телефонæй бадзырдтон, Ирыстон цæттæ у æххуысмæ! Æппæт фыдгæнджытæ дæр æфхæрд кæй æрцæудзысты, уый мæ уырны», – загъта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here