РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй ацыд Хица-уады æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Архайдтой дзы нæ республикæйы ведомствæтæ æмæ муниципалон скондты разамонджытæ. Ныхас цыдис Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон фарстатыл, æдасдзинад æмæ æндæр хъуыддæгтыл.
Оперативон уавæры фæдыл РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд ра-дзырдта, афтæмæй 24-25 июны нæ республикæйы уыдзæн 38 градусы тæвд.
– Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ развæлгъау архайынц, цæмæй зынгсирвæзтытæ ма æрцæуа, уыцы фарстамæ бæлвырд цæстдарды мадзæлттыл. Районты сæргълæуджытæ æмæ Интернеты хызы хъусынгæнинæгтæ æрвыст цæуынц, цæмæй, æрдзы хъæбысы йæ фæллад чи уадзы, уыдон æртытæ ма кæной, – фæнысан кодта Томайы-фырт. Фæлæ, цавæр мадзæлттæ арæзт цæудзысты, уыдон та ведомствæйы разамонæг бæлвырд нæ бацамыдта.
– Афтæ кусæн нæй. Интернеты хызмæ алчи иудадзыг нæ кæсы, хъæуы дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ æмæ районты сæргълæуджытæн хъусынгæнинæгтæ æрвитын, цæмæй уыдон цæрджытæм хæццæ кæной хъæугæ информаци. Бабæрæг кæнут, Уæллаг Ларсы арæны фæзыл транзитон транспорт кæм лæууы, уыцы бынæттæ æмæ уæхи цæстæй фенут, адæм дон кæм балхæной, ахæм мадзæлттæ дзы ис æви нæ, уый, – загъта нæ республикæйы разамонæг.
Аппаратон æмбырды ныхас цыдис Дагестаны теракты фæдыл дæр. Ацы ран Сергей Меняйло Томайты Ирбегæн бафæ-дзæхста, цæмæй районты сæргълæуджытæ æмæ мидхъуыддæгты оргæнтæ иумæ æркæсой, æдасдзинады фарстайы цы бирæ лыггæнинаг хъуыддæгтæ ис, уыдонмæ.
– Нæ республикæйы цал участокты пъæлицæйа-джы ис, æмæ кæцы ран сты сæ бынæттæ? Кæд æмæ хъæуæй 20 километры дæрддзæф ис пъæлицæйæгты участок, уæд, уыцы куыст, æнæмæнг, хъæуы хуыздæрæрдæм рацаразын. Барадхъахъхъæнынады фарста бæрзонд æмвæзадмæ сисын – нæ ахсджиагдæр нысантæй иу, – дарддæр дзырдта Сергей Меняйло.
РЦИ-Аланийы цæрæн-уатон-коммуналон хæдза-рады архайды цы бирæ æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ ис, уыдоны фæдыл министр Таматы Майрæн бæлвырд бæрæггæнæнтæ бацамыдта. Министр ма загъта, фæззыгон-зымæгон афонмæ ныридæгæн министрад йæхи цæттæ кæнын кæй райдыдта. Уымæй уæлдай, Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй ацы мæйты Раздзог æмæ Заманхъулы ивд цæудзысты доны хæтæлтæ. Фæлæ министр æмæ Алагиры районы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Исламмæ нæ республикæйы Сæргълæууæгмæ уыдис фарст:
– Буроны цæрджытæ мæм хъаст æрбарвыстой, дон сæм кæй нæй, уый тыххæй. Кæд адæм комкоммæ мæнмæ дзурынц сæ риссаг фарстаты фæдыл, уæд уый æз афтæ æмбарын, æмæ сын сымах æппындæр ницавæр хъусынгæнинæгтæ дæттут. Цæмæн хъуамæ зонон æз подрядон организацийы хицауы ном æмæ мыггаг, лыггæнинаг хъуыддæгтæ комкоммæ сымахмæ куы хауынц, цæмæн хъæут уæд сымах, кæд уæ хæстæ не ‘ххæст кæнут, уæд, – бауайдзæфтæ кодта Сергей Меняйло Таматы Майрæн æмæ Дзантиаты Исламæн.
Аппаратон æмбырды Сергей Меняйло Дзæу-джыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславæн бахæс кодта нарты кадджыты сурæттæ парк «Нæртон»-ы бæлвырддæр бацамонын.
– Донбеттыры æз зонын, фæлæ нæм цы бирæ туристтæ цæуынц, уыдон та нæ зонынц, кæй сурæт у, чи у, уый. Саразут алы хъайтары сурæтыл дæр амонæн таблицæ, Нарты кадджытæй у, уый, æмæ сæ алчидæр зона. Уайдзæф кæнын, нæ респуб-ликæйы историон-культурон хæзнатыл чи архайы, уыдонæн дæр, нæй нæм хорз гидтæ. Нæ историон хæзнайыл æрмæст Вахтанговы хæдзар куы нымайæм, уæд иннæ объект-тæ та чи зондзæн, Терчы был мæзджыт нæ хæзнатæй нал у? Бирæ объекттæ æмæ историон хæзнатæ нæм ис, æмæ сæ биноныг зонын алы гидæн дæр йæ хæс у. Искуы æндæр горæты куы вæййын, æмæ мын не ‘гъдæут-
тæ кæнæ культурæйы хабæрттæ зыгъуыммæ куы фæдзурынц, уæд мын тынг хъыг вæййы. Æмбарын æй, æцæгæлон æмныхасгæнæг ницы аххосджын у, куыд ын радзырдтой Ирыс-
тоны, афтæ сæ базыдта уый дæр. Æмæ ма иу хатт зæгъын. Нæ респуб-ликæйы истори æмæ культурæ, фольклор æмæ æгъдæуттæ иттæг хорз чи зоны, ахæм адæймæгтæ ис, æмæ уыдоны бафæрсут, исты фæндтæ уæм куы вæййы, уæд, æмæ уын бацамондзысты, куыд растдæр сæ хъæуы саразын æмæ ныффыссын, уый, – загъта Сергей Меняйло.
САУТÆТЫ Тамилæ














