«Прометей» æххуысмæ сиды

0
254

Грекъаг адæмы цæгатирыстойнаг иугонд «Прометей» 2025 азы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы 80-æм бæрæгбоны кадæн цы мадзæлттæ аразы, уыдоны сæйрагдæртæй иу у, Дыккаг дунеон хæсты Грекъаг паддзахады ссæрибар кæныныл тохты цы ирыстойнаг æфсæддонтæ хæцыдысты, уыдоны рухс нæмттæ ссарын.

2019 азы Дзæуджыхъæуы грекъаг адæмы æхсæнад «Прометей» цы хæдзары æрбынат кодта, уый кæрты арæзт æрцыд Кады фæйнæг, хаст æм æрцыдысты, Ирыстоны хъæбатыр хæстонтæй грекъаг партизантимæ уæхски-уæхск немыцаг фашистты ныхмæ чи тох кодта, уыдоны нæмттæ. Æдæппæтæй бæрæггонд æрцыд 66 ирыстойнаг æфсæддоны нæмттæ.
Мах, Ирыстоны цæрæг грекъæгтæ, стыр аргъ кæнæм, грекъаг зæхх фашистон оккупанттæй ссæрибар кæныныл хъæбатырæй чи тох кодта, уыцы Ирыстоны хъæбатыр фырттæн. Фæнды нæ уыдонæй алкæй тыххæй дæр фылдæр зонын, æмæ курæм сæ хиуæттæй ацы хъуыддаджы нæ фарсмæ æрбалæууын.
Кæд, мыййаг, хиуæттæ кæнæ зонгæтæй искæмæ баззадысты уыцы æфсæддонты къамтæ кæнæ æндæр мысинæгтæ, уæд уæ тынг бузныг уыдзыстæм, грекъаг æхсæнад «Прометей»-мæ нæм сæ куы æрбахæссат, уæд. Нæ адрис у: Дзæуджыхъæу, Налцыккаг уынг, 12-æм хæдзар. Кусæм къуырисæрæй сабатмæ 10 сахатæй 19 сахаты онг.
Абоны онг нæм бæрæггонд сты грекъаг сæрибарыл тохгæнæг æфсæдтæ «ЭЛАС» æмæ «ЭАМ»-ы архайæг ирон æфсæддонтæй æхсай æртæйы нæмттæ: 1. Арсæгты Агуыбе, Гæтиты Альберт, Гуытъиаты Хъазыбег, Дзахоты Темысо, Кцойты Муссæ, Цопанаты Мæирбег, Сланты Гаврил, Гæздæнты Барис, Дзытиаты Зелимхан, Гуыриаты Уналыхъ (се ‘ппæт дæр – Дзæуджыхъæуæй), Хъуылаты Газо, Цогойты Петро, Мерденты Дæгка, Туаты Алексей, Гитеты Хаджумар, Цогойты Мысост, Баскаты Гагуыдз, Уырымты Ванкæ (астæй дæр – Алагирæй), Бызыккаты Джабраил (Пепе), Дзубиты Тамерлан, Цæлойты Владимир, Хабæты Тугъан, (цыппарæй дæр – Хуымæллæгæй), Туаты Умар (Комсомольск-Дашков), Цорæты Николай (Чермены хъæу), Дзеранты Темырхъан, Хæдарцаты Амырхан, Фардзинты Гамбол (цыппарæй дæр – Црауæй), Хъайтмазты Сæрæби (Мызур), Бирæгъты Петро (Зынцъар), Брытъиаты Алыксандр (Суадаг), Мамсыраты Тлат (Фарн), Берозты Æхсар (Фарн), Къаболаты Хадзыбатыр (Ногхъæу), Къаболаты Ибрагим (Хæтæлдон), Хъайтмазты Владимир (Хæтæлдон), Дойаты Хамырзæ (Джызæл), Татраты Солтан (Джызæл), Джыгкайты Георги, Джелыты Соскъо, Тыбылты Георги, Кокойты Сергей, Плиты Дадте (фондзæй дæр – Ногирæй), Дзодзиты Георги (Рассвет), Бокоты Цæра (Хъæдгæрон), Дулаты Алихан, Хъæрæцаты Амырхан (Нартыхъæу), Тедтойты Лактемыр (Брут), Карсанаты Амырхан (Заманхъул), Хестанты Газакк (Фыййагдон), Куындыхаты – ном бæрæг нæу (Хуссар Ирыстонæй), Ботъоты – ном бæрæг нæу (Гадаборс), Баскаты Тæтæри, Хестанты Георги, Саламты
Додыр (æртæйæ дæр – Æрыдонæй), Челæхсаты – ном бæрæг нæу (Мæскуыйæ), Джелыты Зауырбег (Емаус), Æгъуызарты Осмæн (Лескенæй), Касаты – ном æмæ, кæцæй у, уый бæрæггонд нæу, Моргуаты – ном æмæ, кæцæй у, уый бæрæггонд нæу.
Сæ рухс нæмттæ цæрæнт мыггагмæ!

Юрий АСЛАНИДИ,
Ирыстоны цæрæг грекъаг адæмон æхсæнад «Прометей»-ы сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here