РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН кусæг фембæлд уыд Кавказы автомобилон фæндæгты федералон управленийы хицау Александр ЛУКАШУКИМÆ. Ныхасы архайджытæ бæстон æр-дзырдтой республикæйы фæндагон
инфраструктурæйы дарддæры райрæзтыл.
Фембæлды райдайæны Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй регионы автомобилон фæндæгты хызæджы модернизацимæ ныртæккæ здæхт цæуы фыццаградон æргом.
– Транспортон инфраструктурæйы нывылад комкоммæ ахады адæмы æрвылбоны царды хæрзхъæддзинадыл, фæндæгты уавæрæй бирæ аразгæ у регионы экономикæйы размæцыд. Уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, республикæйы разамынд бæстон кусы автомобилон фæндæгты цалцæг æмæ рацарæзты проекттыл. Подрядчикты размæ æвæрд ис бæлвырд хæстæ. Уыдонæн сæ сæйрагдæртæ – æппæт нысангонд куыстытæ дæр хъуамæ æххæстгонд цæуой афойнадыл æмæ æнаипп хæрзхъæддзинадимæ, – загъта регионы Сæргълæууæг.
Сергей Меняйло управленийы разамонæджы æргом раздæхта, федералон æмæ регионалон нысаниуæджы цалдæр ахсджиаг фæндагон объектыл ныртæккæ цы куыстытæ цæуы, уыдонмæ.
Фыццаджы-фыццагдæр, рæгъмæ рахастæуыд Дзæуджыхъæуы иувæрсты автомобилон фæндаджы арæзтад дарддæр ахæццæ кæныны фарста. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы объектыл ныридæгæн зынгæ куыстытæ бакодтой. Подрядон организацитæ бакодтой фыццаг къæпхæны куыстытæ, ныртæккæ та æххæст кæнынц дыккаг æмæ æртыккаг къæпхæнты пълантæ (ацы бонты сæ архайд цæуы фæндаджы 10-æм километрæй 25-æм километрмæ уаццагыл).
Александр Лукашук куыд радзырдта, афтæмæй ацы объектыл архайынц хъомысджын арæзтадон тыхтæ. Подрядчиктæ фæндаджы 10 километрмæ ‘ввахс уаццагыл бакодтой нысангонд куыстыты фылдæр хай, амынд участочы бындур цæттæ у асфальты-бетоны змæстæй æрæмбæрзынмæ. Уæвгæ, фæндаджы иу хай ныридæгæн сфæлыстой ног асфальтæй. Сæрмагонд бригадтæ æххæст кæнынц инженерон коммуникацитæ аразын æмæ фидæны фæндаджы алфамбылайы фæлгонцады куыстытæ дæр. «Управленийы минæвæртты ‘рдыгæй бæстон цæстдард ис, куыстыты графиктæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ», – бафиппайдта Александр Лукашук.
Афтæ лæмбынæг фембæлды архайджытæ æр-дзырдтой иннæ фæндагон объектты арæзтад æмæ цалцæгыл дæр. Зæгъæм, бындурон цалцæджы куыстытæ ныртæккæ цæ-уынц «Транскам»-ы, Дзæу-джыхъæумæ бацæуæн æмæ æндæр фæндæгты хицæн уаццæгтыл. Уыимæ, подрядчиктæ архайынц хидтæ æмæ æндæр инфраструктурон объект-ты рацарæзтыл дæр. Зæ-гъæм, хæрзæрæджы ахицæн Садоны поселокмæ ‘ввахс «Транскам»-ы фæндагыл хиды цалцæг…
Ныхасы архайджытæ разыйæ баззадысты, Цæгат Ирыстон æмæ Кавказы автомобилон фæндæгты управленийы ‘хсæн цы æнгом æмархайд ныффидар, уымæй.
Фембæлды архайдта РЦИ-Аланийы Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэль дæр.














