Фембæлдтытæн – ахадгæ фæстиуджытæ

0
238

Кавказы инвестицион форум знон йæ куыст фæци. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН форумы фæлгæты уыдис бирæ фембæлдтытæ, уыдонæй алкæмæндæр, æнæмæнг, уыдзæн æвæрццæг фæстиуджытæ. Форумы фæзы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг фембæлд Республикæ Узбекистаны Минæварады делегациимæ, йæ сæргъы – Æнæрадон æмæ æххæстбарджын минæвар нæ бæстæйы Ботиржон АСАДОВ, афтæмæй.

Уазджытæн зæрдиаг салам зæгъгæйæ, Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, Уæрæсе æмæ Узбекистаны цæдисон ахастдзинæдтæн кæй ис стратегион ахадындзинад æмæ дарддæр парахатдæр кæй кæнынц. Уыимæ Цæгат Ирыстон æмæ Узбекистаны ахастдзинæдтæ кæдæм рæзой, уый сын ис – сфидар кодтой æмгуыстад ахуырад æмæ культурæйы къабæзты.
– Цæгат Ирыстоны цæры, республикæйы этнокультурон тыгъдадмæ егъау æвæрæн чи хæссы, нациты ‘хсæн сабырдзинад чи фидардæр кæны, æхсæнадон мадзæлтты сæрæнæй чи архайы, ахæм стыр узбекаг диаспорæ, – загъта Сергей Меняйло.
Базарадон-экономикон къабазы æмгуыстад фылдæр у экспорты хуызы. Регионæй ласт цæуы цæхх, дур, къулсæрдæн æрмæджытæ, чъыр æмæ цемент, авг, мыггæгтæ æмæ хор, нуазинæгтæ æмæ афтæ дарддæр..
Фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ йæ архайджытæ баныхас кодтой регионты ‘хсæн бастдзинæдтæ фæуæрæхдæр кæныныл.
Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн форумы рæстæг уыд кусæг фембæлд Республикæ Беларусы Æнæрадон æмæ Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Александр Рогожникимæ дæр.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ белоруссаг дипломат æрныхас кодтой абоны æмгуыстадыл, дарддæры иумæйаг куысты перспективон здæхттыл.
Фембæлды райдиан Сергей Меняйло зæрдиаг арфæ ракодта Александр Рогожникæн, бæрзонд бынатмæ нысангонд кæй æрцыд, уый фæдыл. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг фæбæрæг кодта, Беларусь нæ республикæйы рагон æмæ æууæнкджын хæлар кæй у, æмæ республикæ йемæ экономикон æмæ гуманитарон бастдзинæдтæ дарддæр дæр фидардæр кæй кæндзæн.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм: 2018 азы РЦИ-Аланийы Хицауад æмæ Республикæ Беларусы Хицауад бафыстой бадзырд базарадон-экономикон, наукон-техникон æмæ социалон-культурон æмгуыстады тыххæй. Бадзырдмæ гæсгæ йæ бафысджытæ кæрæдзийæн æххуыс кæнынц промышленносты, информацион коммуникациты, агропромышленнон комплексы, базарад æмæ лæггæдты, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, наукæйы, туризмы…
Республикæ Беларусимæ парахат кæнынц базарадон ахастдзинæдтæ. Ирон экспорты номенклатурæ: электрикон машинæтæ, ифтонггæрзтæ æмæ сæ хæйттæ, мырфыссæн æмæ мырноггæнæн аппаратурæ, кæрдтæ, аслам згъæртæй конд уидгуытæ æмæ вилкæтæ æмæ афтæ дарддæр. Беларусь та Цæгат Ирыстонæн æрвиты мебель, цырæгътæ, рухсгæнæн ифтонггæрзтæ, рухсы вывескæтæ, хæлцы æмæ æхсыры продукттæ, мыд.
Кавказы инвестицион форумы хъуыддаджы программæйы сæйраг мадзал уыд пленарон æмбырд «Егъау Кавказ: денджызæй денджызмæ». Амыдта йæ УФ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Александр
Новак. Цæгат Кавказы федералон зылды экономикон гæнæнтимæ баст фарстатыл ахсджиаг ныхасы архайдта Цæгат Ирыстоны делегаци, йæ сæргъы – регионы разамонæг Сергей Меняйло, афтæмæй.
Александр Новак фæбæрæг кодта, Цæгат Кавказмæ абон инвесторты ‘рдыгæй тынг стыр цымыдисдзинад кæй ис.
– Кавказ нæ бæстæйы æппæты æрыгондæр регион у. Уникалон климæт, алæмæты рæсугъд æрдз, историон бынæттæ æмæ иу денджызæй иннæмæ кæй айтыгъта йæхи, уый йын ахъаз у инвестортæ йæм æрбаздахынмæ æмæ уыдоны руаджы йæ рæзтæн. Национ нысантæ сæххæст кæныны тыххæй Уæрæсейы Президент нæ размæ æвæры 2030 азмæ инвестициты нымæц 60 проценты фæфылдæр кæныны хæс. Æмæ уыцы хæс мах æххæст кæнæм æмгъуыдтæй раздæр. Фароны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Кавказы инвестициты нымæц сырæзыд 17 проценты. Уый та у, æмткæй райсгæйæ, Уæрæсейы рæстæмбис бæрæггæнæнæй дзæвгар бæрзонддæр, – загъта Александр Новак.
Вице-премьер хицæнæй фæбæрæг кодта туристон проектты рæзты æнтыстдзинæдтæ сæрмагонд экономикон зонæты, агропромышленнон, транспортон-логистикон къабæзты, промышленносты.
Æмбырды хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло бафиппайдта, Кавказы инвестицион форум пайда кæй у субъектты гæнæнтæ раргом кæнынæн.
– Абон Уæрæсейы регионты размæ лæууы вазыгджын хæс: инвестортæн, уыимæ – фæсарæйнæгтæн дæр, уавæртæ аразын, уымæн та ахъаз сты КИФ-ы хуызæн фæзтæ. Цæгат Ирыстон цæттæ у ног æмгуыстадон баст-
дзинæдтæм, ног проектты фарс рахæцынмæ, – загъта регионы разамонæг.
Кавказы инвестицион форум тынг бæрзонд æмвæзадыл кæй ацыд, уый Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин, мадзалы цæмæ æркаст æмæ цы федта, уымæн хатдзæгтæ кæнгæйæ.
«Ам æппæт дæр архайдтой Рамзан Кадыров æмæ нæ цæцæйнаг æмкусджытимæ æмæ сарæзтой иттæг хорз уавæртæ инвестортæн, регионты сæргълæуджытæн, федералон хицаудзинад æмæ æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæн. Ууыл дзурæг уыдысты, абон стендтæм чи кастис, æмæ дзы чи куыста, уыдоны ирд цæсгæмттæ», – загъта Мишустин.
Уæрæсейы хицауады Сæрдар ма радзырдта, ахæм егъау масштабы форум фыццаг хатт кæй цæуы, æмæ УФ-йы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ æрвылаз арæзт кæй цæудзæн.
Йæ раныхасы Михаил Мишустин дзырдта, æмткæй райсгæйæ, федералон зылды уавæрыл. Хицæнæй æрлæу-
уыд туризмы сферæйыл. Премьер æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, Президент кæй сæвæрдта нысан – æхсæз азмæ нæ бæстæйыл балцы ацæуыны нымæц фæфылдæр кæнын æрвылаз 140 милуаны бæрц. Мишустины ныхæстæм гæсгæ, Кавказ алкæддæр хицæн кодта йæ уазæгуарзондзинад æмæ йæ алæмæты дзæнæтон æрдзæй. Фæлæ нырма алкæм нæма ис туристтæн æмбæлгæ уавæртæ – «сервисы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын хъæуы». Уыцы куыст разæнгардæй æххæст кæнынц бизнесы минæвæрттæ, Хицауад та амалхъомтæн уæрæх æххуыс дæтты.
«Льготон кредиттæ дæттыны программæмæ гæсгæ, туризмы къабазы 23 проектæн лæвæрд æрцæудзæн ахæм кредиттæ фысымуæттæ æмæ бирæфæрæзон комплекстæ аразынмæ. Дыууæ дзы ныридæгæн байгом сты æмæ кусынц. Субсидитæ раттам модулон фысымуæттæ аразынæн дæр, ныртæккæ дзы 90 номеры цæттæ сты», – радзырдта Михаил Мишустин.
2023 азы Владимир Путин бафыста закъон, уый бындурыл туроператортæ уæгъд сты уæлæмхасæн аргъы хъалонæй, Уæрæсейы фæзуаты балцæгтæ уæй кæнгæйæ. Ацы фæрæз ахæсдзæн 2027 азы 30 июнмæ.
Кавказы инвестицион форум цыди Грознайы æртæ боны дæргъы – 15-17 июлы. Сæйраг равдысты экспозицийы фæлгæты Цæгат Ирыстоны стенды æвдыст æрцыд 29 инвестицион проекты экономикæйы бындурон къабæзты. Царды уагъд куы ‘рцæуой, уæд регионæн ратдзысты аст мин куысты бынаты. Форумы фæзы йæ архайджытæ базонгæ сты нæ регионы промышленнон куыстуæтты продукциимæ.
Кавказы инвестицион форум арæзт цæуы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ. Æрвылазон кæй у, уый ахъаз у Цæгат Кавказы инвестицион гæнæнтæ фæхъомысджындæр кæнынæн, йæ æнæрлæугæ социалон-экономикон рæзтæн. Кавказы инвестицион форум аразæг у фонд «Росконгресс» Уæрæсейы Федерацийы Экономикон рæзты министрады æххуысæй.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here