Æвзонг туристты æппæтуæрæсеон слет – Дыгургомы

0
208

21 июлы Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иу – Дыгургомы йæ куыст райдайдзæн Æвзонг туристты æппæтуæрæсеон слет. Нæ республикæ дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ суазæг кæндзæн 28 уæрæсейаг ре-
гионы æвзонг туристты хуыздæр командæты.

Фарон ахæм æппæтуæрæсеон фембæлд арæзт æрцыд Камчаткæйы крайы. Уæд уынаффæ хаст æрцыд 2024 азы слет Цæгат Ирыстоны скæныны тыххæй. Уæдæй нырмæ РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ Сывæллæттæ æмæ фæсивæды туризмы республикон центр Уæрæсейы Рухсады министрады бæрнон кусджыты æххуысæй бакодтой стыр цæттæгæнæн архайд, цæмæй ахæм егъау мадзалы программæ уа мидисджын æмæ пайдайаг. Æмæ уый къухы кæй бафтдзæн, уый дызæрдыггаг нæу – уазджыты сбуц кæнынмæ республикæ æххæстæй цæттæ у.
«Æппæтуæрæсеон слеты архайджытæ æмæ уазджыты нымæц 4 сæдæйæ фылдæр уыдзæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, мадзалы сæйрагдæр архайджытæ суыдзысты, регионалон къæпхæны ерысты хуыздæр зонындзинæдтæ æмæ бæстондæр цæттæдзинад чи равдыста, æвзонг туристты уыцы командæтæ. Мæскуыйы æмæ Ленинграды облæсттæ, Адыгейы республикæ, Омск, Красноярск, Иркутск, Камчаткæ æмæ иннæ регионтæ – афтæ уæрæх у, ацы азы слеты кæй минæвæрттæ архайдзысты, уыцы регионты географи», – «Рæстдзинад»-æн радзырдта Сывæллæттæ æмæ фæсивæды туризмы республикон центры директор Мæхæмæтты Петр.
Слеты архайджыты лагерь æрбынæттон уыдзæн туристон базæ «Комы-арт»-мæ ‘ввахс. Уым уæлвæзыл равæрдзысты цатыртæ. Уырдыгæй-иу комы алы рæттæм акæндзысты сæ бæстæзонæн-экспедицион балцытæ æвзонг туристтæ. Уыимæ, ерысты фæткмæ гæсгæ, ахæм балцытæ уыдзысты иу кæнæ цалдæр боны æмгъуыдмæ. Афтæмæй командæтæ сæрмагонд маршрутты бындурыл æрзилдзысты национ парк «Алания» æмæ паддзахадон фæдзæхст бынат «Цейский заказник»-ы цымыдисагдæр æмæ рæсугъддæр бынæттыл. Командæты уæнгтæ сæ фæндагыл æххæст кæндзысты алыхуызон бæстæзонæн-иртасæн хæслæвæрдтæ, фæстæдæр та хатдзæгтæ скæн-
дзысты сæ балцытæн.
Фембæлды программæйы ис æндæр ахуырадон-хъомыладон, бæстæзонæн-хиирхæфсæн мадзæлттæ дæр. Кæронбæттæны бæрæггонд æрцæудзысты хуыздæр командæтæ æмæ хицæн æвзонг туристтæ. Уыдонæн саккаг кæндзысты сæрмагонд сертификаттæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Слеты сæйрагдæр нысантæ сты сывæллæттæ æмæ фæсивæды туризмы райрæзтæн уæлæмхасæн фадæттæ аразын, рæзгæ фæлтæры æнæниз цардыуагмæ æмхицдæр кæнын, æрыгæттимæ туристон-бæстæзонæн куысты ахадындзинадыл æфтауын.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here