Боны фӕткы — паддзахадон программӕтм ӕмӕ национ проекттыл куыст

0
154

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар ДЗАНАЙТЫ Барис республикон министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕн цы ӕмбырд сарӕзта, уым бӕстон ныхас рауад регионы дарддӕры социалон-экономикон райрӕзты фарстатыл.

Цӕгат Ирыстон нысанмӕ арӕзт федералон программӕтӕ ӕмӕ фыццаградон национ проектты цас ахадгӕ архайыӕ Республикӕйы дарддӕры ӕнӕкъуыхцы социалон-экономикон райрӕзты фӕдыл Уӕрӕсейы Президенты амынддзинӕдтӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынцӕ Беслӕны рӕзты генералон пъланы уагӕвӕрдтыл цы куыст цӕуыӕ Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстатӕм лӕмбынӕг ӕркастысты ӕмбырды архайджытӕ.

Дзанайты Барис йӕ раныхасы куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй паддзахадон программӕтӕ ӕмӕ национ проекттӕ хорз фадӕттӕ аразынц республикӕйы дарддӕры социалон-экономикон райрӕзтӕн, зӕрдӕзӕгъгӕ ахадынц адӕмы царды уавӕртыл. Профилон федералон ведомствӕты минӕвӕрттӕ хорз аргъ кӕнынц, регион амынд программӕтӕ ӕмӕ проекттыл куыд кусы, уымӕн.

— Фӕстаг азты бирӕ арфӕйаг хъуыддӕгтӕ саразын бантыст. Ныртӕккӕйы уавӕрты дӕр ахсджиаг у, цӕмӕй амынд программӕтӕ ӕмӕ проекттыл архайд иу уысм дӕр ма фӕмынӕг уа. Уыимӕ, фыццаградон ӕргом здахын хъӕуы, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло национ проекттӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы Хицауады размӕ цы нысантӕ сӕвӕрдта, уыдонмӕ. Цӕстдарды мадзӕлттӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй национ проектты уагӕвӕрдтӕ республикӕ ӕххӕст кӕны афойнадыл. Подрядчиктӕ гӕнӕн ӕмӕ амалӕй архайынц рагагъоммӕ фидаргонд графикты фӕткыл кусыныл. Профилон ведомствӕты минӕвӕрттӕй та курӕг дӕн, цӕмӕй сӕ цӕст иудадзыг дарой арӕзтадон ӕмӕ цалцӕггӕнӕн куыстыты хӕрзхъӕддзинадмӕ. Уымӕй уӕлдай, министрадты разамонджыты зӕрдыл лӕууын кӕнын, профилон федералон ведомствӕты ӕмвӕзадыл ныртӕккӕ ног национ проектты уагӕвӕрдтыл куыст кӕй цӕуы, уый. Республикӕйы Хицауад хъуамӕ афойнадыл сбӕлвырд кӕна, уыцы проектты регион куыд архайдзӕн, уый. Уыцы фарстамӕ уӕлдай бӕрнон ахаст равдисут, — бацамыдта Дзанайы-фырт.

Хицауады Сӕрдар сӕрмагонд амынддзинӕдтӕ ратта Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министрады разамындӕн, цӕмӕй бацӕттӕ кӕна, кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй ног цӕрӕнуӕттӕм раивын кӕй хъӕуы, уыцы адӕмы номхыгъдтӕ. Ахӕм номхыгъдты бындурыл республикӕ йӕ курдиат бадӕтдзӕн адӕмы кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй ӕппӕтфадатджын цӕрӕнуӕттӕм раивыны ног федералон программӕйы архайыны фӕдыл.

Беслӕны дарддӕры социалон-экономикон рӕзты генералон пъланыл цы куыст цӕуы, уымӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, профилон ведомствӕты минӕвӕрттӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй документы ис 49 уагӕвӕрды (алыхуызон ахсджиаг социалон объектты арӕзтад ӕмӕ цалцӕгимӕ баст). Генералон пъланмӕ хаст объекттӕн сӕ фылдӕр ныридӕгӕн арӕзт ӕмӕ цалцӕггонд ӕрцыдысты, иннӕтыл дарддӕр архайд цӕуы.

Кӕронбӕттӕны Дзанайты Барис боны фӕткы фарстаты фӕдыл бӕлвырд амынддзинӕдтӕ ратта Экономикон рӕзты министрад ӕмӕ иннӕ ведомствӕты разамонджытӕн.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here