Ирон адӕммӕ лӕгдзинадӕн баззад ахӕм хъуыды: «Дуне нӕ базыдта Нартӕ, Къоста ӕмӕ Абайты Уасойӕ», ӕз та ма йӕм сӕрыстырӕй ӕфтауын — ӕмӕ Джусойты Нафийӕ.
Ацы аз дӕр бӕрӕгбоны аз у Къостайӕн. Иры дзыхъхъ та йӕхи уӕхскуӕзӕй цӕттӕ кӕны 15 октябрмӕ, Къостайы райгуырӕн бонмӕ, стӕй уӕд йӕ «Ирон фӕндыр»-ы рацыды бонмӕ дӕр. Байаты Гаппойӕ абонмӕ, бирӕ ныхас фӕцыд Къостайыл, дзӕвгар ӕрмӕджытӕ фыст ӕрцыд йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстады фӕдыл. Бирӕ куырыхон ахуыргӕндтӕ загътой сӕ хъуыдытӕ Къостайы цард, йе сфӕлдыстад, стӕй уӕд йӕ дунеӕмбарынады фӕдыл. Уыцы куырыхон, разагъды лӕгтӕй иу у, Къостайы дунемӕ кулдуӕрттӕ чи байгом кодта, уыцы Джусойты Нафи. Абон немӕ нал ис Нафи, рухс дзӕнӕты бадӕд. Къостайыл дзургӕйӕ та нӕй ахизӕн Нафийы иувӕрсты.
Нафи ӕмӕ Къоста… Уацы автор йӕ разы ӕвӕры Нафийӕ иу фарст — цы цӕстӕй каст Нафи Къостайы удыхъӕдмӕ, йӕ бакӕнгӕ хъуыддӕгтӕм, Иры сӕрбосы цард ӕмӕ тохы фӕндӕгтӕм, стӕй нын цы амоны, цӕмӕй уарзӕм, зонӕм, аргъ кӕнӕм Къостайӕн. Цӕмӕн зӕгъы ацы фидар ныхас Нафи: «ӕнӕ Къоста нӕ уыдаид Ирыстон, ӕнӕ Ир та нӕ уыдаид Къоста».
Нафи уыд ӕнӕрынцой зӕрдӕйы хицау, йӕ царды бонты ӕвӕллайгӕ куыст фӕкодта йӕ раттӕг адӕмӕн, нӕртон зиууон уыд поэзи, прозӕ, драматурги, публицистикӕйы къабӕзты, бантыст ын иунӕгӕй ирон литературӕйы истори ныффыссын, уыдис курдиатджын ӕмӕ цӕстуарзон критик. Нафийӕ зӕгъӕн ис, ирон дзырдаивады ахӕм фарст нӕ баззад, йӕ хъуыдытӕ кӕй тыххӕй ӕмӕ цӕй тыххӕй нӕ загъта. Йӕ царды бонты хӕст уыд иу хъуыдыйыл: «Къоста нын радта чиныг, Елбыздыхъо та бакодта театры дуӕрттӕ». Уый хуымӕтӕджы ныхас нӕу, абоны бон дӕр национ тырысайау, нӕ сӕрмӕ фӕйлауынц ацы дзырдтӕ.
Нафи — цӕстуарзон реалистон критик. Уыдис нӕм рӕстӕггай ӕнӕцӕстуарзон, дӕлдзиныггӕнӕг критиктӕ дӕр. Бирӕ фысджытыл ӕнцадысты бырондоны ‘рдӕм, ӕнтысгӕдӕр сын бирӕ цыдӕртӕ бакодта, фӕлӕ куы фӕзынд Нафи, уӕд сӕ хуыггӕмттӕй ракӕсын нал бауӕндыдысты. Джусойы-фырт сӕрыстыр уыд нӕ литературӕйы зиууӕттӕй, фӕлӕ зӕгъӕн ис, иууыл бӕрзонддӕр бынаты дзы ӕвӕрдта Къоста ӕмӕ Елбыздыхъойы. Литературон «цъыфдзастӕй» Елбыздыхъойы Нафи сласта, Нафи бамбарын кодта Къостайы «рӕдыд хъуыды» йӕ адӕмӕн.
Нафийы бӕрц зонадон ӕгъдауӕй Къостайыл ничи бакуыста, уый бӕрц ничи ныффыста куыстытӕ. ӕгӕрон уыд йӕ уарзондзинад Къостамӕ. Уарзта йӕ, табу йын кодта йӕ амӕлӕты бонмӕ. Тынг ӕнгом сбаста Нафи йӕхи Къостайы рацӕугӕ фӕндӕгтыл, тынг ӕй фӕзмыдта алы хъуыддаджы дӕр, ӕнӕцӕстуарзон тӕхуды йӕм нӕ кодта, фӕлӕ архайдта ууыл, цӕмӕй
Къостайӕн ӕгъдӕнцойыл хӕцӕгӕй сбӕзза. Афтӕ зӕгъы:
«Гъей, джиди
Уӕд та дӕр
Иу чысыл истӕмӕй
Куы уаин йӕ аккаг!
Куы бафтауин иу МУР
Йӕ хӕрзтыл».
Нырма уал сӕрыстырӕй зӕгъы: «Къоста тынг дӕсны уыд кафынмӕ, стӕй зарынмӕ. Ирон адӕмон зарджытӕ хуыздӕр чи азардзӕн, зӕгъгӕ, куы бафарста гуырдзиаг композитор Арахъуишвилийы 1901 азы Дзӕуджыхъӕуы, уӕд бацамыдтой Къостамӕ. Йӕ уарзон зарӕг уыд Бигъаты Сосейы зарӕг. Нафийӕн та йӕхи уарзон Плиты Хатуйы зарӕг уыдис. Иунӕг хъӕлдзӕг фынг дӕр афтӕ нӕ ацыд, Нафи дзы ма ныззарыдаид. Ирон адӕмон зарджытӕ бирӕ уарзта Нафи ӕмӕ-иу сӕ райдыдта Хатуйы зарӕгӕй. Нафи, Грис ӕмӕ-иу Дзугер куы баиу сты, уӕд сӕм адӕм хъусынӕй не ‘фсӕстысты.
Къостайы удыхъӕдыл хъуыды кӕнгӕйӕ, Нафи архайдта ууыл дӕр, цӕмӕй базона уымӕн йӕ ас, йӕ дӕргъ, йӕ уӕнгты конд, йӕ цӕсгомы хуыз. ӕмӕ сӕ аргӕ дӕр скодта, зӕгъы: «Уый уыдис цӕсгомӕй рӕсугъд: стыр саусауид цӕстытӕ чысыл ӕнтъыснӕгӕй, фӕлӕ лӕмбынӕгӕй каст дунемӕ. Иттӕг хорз фидыдтой йӕ саулагъз цӕсгомыл. Куы байрӕзт, уӕд дарын райдыдта рихитӕ, йӕ сӕры хил та уыд къӕбӕлдзыг ӕмӕ бӕзджын. Асӕй — рӕстӕмбис, фӕлӕ, хохаг цуанонау, цырд, ӕвзыгъд ӕмӕ хъаруджын. Йӕ буар — фӕлтӕрд ӕмӕ аив конд».
Цардбӕллон Нафи саразгӕ хъуыддӕгтӕ фагыл никуы банымадта, алы хатт дӕр Къостайыл дзургӕйӕ, йӕхи ӕвӕры къӕмдзӕстыджы бынаты. Къоста йӕ сӕйраг сагъӕс, йӕ зӕрдӕйы рыстдзинад ӕргомӕй дзырдта, кӕддӕриддӕр йӕ разы ӕвӕрдта фарст: «Цы уыдзӕн нӕ фидӕн, нӕ фӕстаг!». Егъау ӕмӕ ахсджиаг фарст уыд Къостайы сфӕлдыстады дӕр ӕмӕ ирон адӕмы царды дӕр. Йӕ иувӕрсты нӕ ацыд Нафи дӕр. Афтӕ зӕгъы: «…ацы фарстӕн Къоста дзуапп агуырдта цӕрӕнбонты. Дзуапп ын радта йӕ цардӕй, йӕ удӕй сфӕлдисгӕ аивадӕй, йӕ сӕруӕлдай тохӕй…». Ацы фарст Нафи схуыдта ӕнусон катай алы къаннӕг нацийӕн дӕр. Нафи ма зӕгъы уый дӕр, зӕгъгӕ, наци иу зонд, иу фӕндагыл куы цӕуой, «уӕд сӕм разыны ӕмӕ раргом вӕййы стыр фӕлдисӕг хъуыды». Дзыллӕйы иудзинад цард аразӕг у, уымӕ бӕллыд Къоста, фӕдзӕхсгӕ дӕр кодта, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрут, зӕгъгӕ. Иры фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ, Нафи ацы ахсджиаг хъуыддаг нымадта раст ӕмӕ ‘цӕгыл.
Нафи йӕ куыстыты бӕстон ӕвзары, чи уыдысты Къостайӕн Пушкин, Лермонтов, Грибоедов, Островский, Чайковский, Плещеев, Неверов, Смирнов, Хъипиани, Хъазбеги ӕмӕ ӕндӕртӕ, цӕмӕн сын кодта ахӕм стыр аргъ. Джусойы-фырт стыр ӕргом аздӕхта Къостайы цардыуагмӕ, цӕуылнӕ ӕмӕ цы аххосӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бантыст Къостайӕн бинонтӕ скӕнын. Чи уыдысты Аннӕ Попова ӕмӕ Цӕлыккаты Аннӕ, уый фӕдыл ӕмбӕлон хъуыдытӕ ӕрцыд загъд Нафийӕн. Аннӕ Попова, — зӕгъы Нафи, — уыдис хъӕздыг бинонты буцхаст чызг», Цӕлыккаты Аннӕйы тыххӕй та зӕгъы: «Ам дӕр поэт ӕмӕ йӕ уарзоны ‘хсӕн лӕууыд мӕгуырдзинады хох, йӕ сӕрты ахизӕн кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм Эверест… Стӕй ма уый дӕр, ӕмӕ Къостайӕ Аннӕ бирӕ кӕстӕр кӕй уыд».
Къостайы размӕ литературон куыст чи кодта, уыдонӕй иу дӕр ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕгыл нымад не ‘рцыд. Къоста цӕмӕн ӕрцыд, уый тыххӕй Нафи бӕстон хъуыдытӕ загъта: «Къостайы размӕ ирон фысджытӕ уыдысты иугӕйттӕ, не ссардта се сфӕлдыстад уӕрӕх фӕндаг адӕмы зӕрдӕмӕ, Къоста та йӕ аив ныхӕстӕй нырризын кодта ирон адӕмы зӕрдӕтӕ, бауырнын кодта адӕмӕн литературӕйы ахсджиагдзинад ӕхсӕны царды. Къостайы фӕстӕ литературӕ ирон адӕмы зондахасты дӕр ныффидар, куыд стыр национ хъуыддаг». Литературӕйы хӕзнадонмӕ фӕндаг амонӕг кӕй ссис, уый дӕр ӕргомӕй зӕгъы Нафи: «Уыйадыл литературон куыстмӕ раттой сӕ зӕрдӕ бирӕ курдиатджын фӕсивӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ирон литературӕйы галуан афтид никуыуал уыд — курдиатджын кусджытӕ дзы уыд кӕддӕриддӕр».
Ӕмӕ уӕд чи уыд Къоста йӕхӕдӕг та адӕмӕнӕ Нафийы дзуапп: «Къоста та сси йӕ адӕмы духовон фӕтӕг, йӕ дзыллӕйы удыхъӕд рӕсугъдгӕнӕг, уый, зӕрдӕмӕ — ног ӕнкъарӕнтӕ, уый, зондмӕ — ног идеалтӕ чи бахаста, ахӕм адӕймаг. Къостайӕ фӕстӕмӕ ирон адӕм фыссӕджы номыл бӕттынц ӕхсӕнадон кусӕжы бӕрн ӕмӕ дзыллӕйы монон фӕтӕджы хӕс дӕр». Нафийы цы фӕндыд Къостайӕн, уый ӕргомӕй зӕгъы:
«Нӕ Ирыл хъуамӕ рӕгътыл, фӕзты
Мыггагмӕ раздзогӕй тӕха».
Къоста йӕ Иры зӕрдӕйӕ кӕй никуы схаудзӕн, уый фидарӕй уырныдта Нафийы, уӕндонӕй дӕр ӕй уымӕн загъта: «Къоста цӕры ӕмӕ цӕрдзӕн, цалынмӕ ма дунейыл, ирон аив дзырд чи уарзы, чи ‘мбары ӕмӕ фӕлдисынхъом чи у, ахӕм адӕймаг уа, уӕдмӕ».
Къостайы бӕрӕгбоныл ӕмбӕлӕм стыр цинимӕ.
Ӕцӕг зӕрдӕйӕн зын у, Нафи немӕ кӕй нал ис, Нафи нын Къостайы кады зарӕг кӕй нал ныккӕндзӕн.
ПЛИТЫ Гацыр,
Хетӕгкаты Къостайы номыл премийы лауреат