Ӕппӕтуӕрӕсеон турнир — Дзӕуджыхъӕуы

0
119

Дзӕуджыхъӕуы «Спорты академийы» теннисы хайад «Асгард»-ы корттыл ацы бонты цӕуынц ӕппӕтуӕрӕсеон турниры ерыстӕ спорты мастер Гӕбуты Ангелинӕйы Кубок рамбулыныл. Ерысты архайынц Уӕрӕсейы ссӕдз регионы ӕмӕ Беларусы ӕрыгон теннисисттӕ. Сӕ кармӕ гӕсгӕ чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ дихгонд сты дыууӕ къордыл (13- ӕмӕ 17-аздзыдтыл).

Ерысты сӕйраг тӕрхонгӕнӕг Юлия Оборина турниры ахадындзинады тыххӕй загъта: «Ацы ерыстӕ хаст ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрады къӕлиндармӕ. Лӕвӕрд ын ӕрцыд 1-аг категори, ӕмӕ йӕ ахадындзинад у бӕрзонд ӕвӕрд. Ахӕм турнирты фӕуӕлахизуӕвӕг теннисисттӕн лӕвӕрд цӕуынц спорты 1-аг разрядтӕ ӕмӕ спорты мастеры ном. Дзӕуджыхъӕуы ацы турниры архайынц 113 спортсмены. Уӕрӕсейы тыхджындӕр ӕрыгон теннисисттӕй уӕлдай, ам ерыс кӕнынц Беларусы минӕвӕрттӕ дӕр. Уыдонимӕ сӕхи сӕрӕнӕй ӕвдисынц Ирыстоны ӕрыгон теннисисттӕ дӕр. Мах разы стӕм, Дзӕуджыхъӕуы нӕ турнирӕн цы хорз уавӕртӕ ис, уыдонӕй. Спортсменты ‘хсӕн ис, Дзӕуджыхъӕуы амӕй размӕ цалдӕр хатты чи уыди, ахӕмтӕ, ӕмӕ уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, Ирыстонмӕ фӕцӕуынц тынг ӕхсызгонӕй».

Ныртӕккӕ ерыстӕ бацыдысты сӕ тӕмӕны. Майрӕмбоны сбӕрӕг уыдзысты фыццаг уӕлахиздзаутӕ, сабаты та базондзыстӕм ӕппӕт уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсӕг теннисистты нӕмттӕ.

БАСКАТЫ Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here