Мӕздӕджы ӕфсӕддон госпитӕлы 21 азы размӕ цы террористон фыдракӕнд ӕрцыд, уый ӕнаххос амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссарыны фӕдыл ацы ран арӕзт ӕрцыд номарӕн митинг.
Госпитӕлы раздӕры бынатмӕ ӕрбацыдысты медицинон кусджытӕ, бынӕттон хицауады, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ, теракты чи фӕмард, уыдоны хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ. 21 азы размӕ террорист, уӕзласӕн машинӕйӕн йӕ гуыффӕ рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй йедзаг, афтӕмӕй йӕ баскъӕрдта ӕфсӕддон госпитӕлы территоримӕ. Уыцы бонты медицинон уагдон куыста карздӕр фӕткмӕ гӕсгӕ — ардӕм ластой, контр-террористон операцийы архайгӕйӕ, чи фӕцӕф, ахӕм ӕфсӕддонты. Тыхджын срӕмыгъдӕй фӕмард сты, цы рынчынты дзы дзӕбӕх кодтой, уыдон, стӕй сӕ чи дзӕбӕх кодта, уыцы медицинон кусджытӕ дӕр. Срӕмыгъдӕй иу цалдӕр секунды размӕ рӕмудзӕг ӕрмӕгӕй дзаг «КамАЗ» бауромын хъавыд госпитӕль хъахъхъӕнӕг федералон тыхты ӕфсӕддон. Службӕгӕнӕг рӕнхъон Валерий Лаба, машинӕйыл госпитӕлмӕ цалынмӕ бынтон нӕ феввахс, уӕдмӕ автомат ауагъта. Уыцы сгуыхтдзинады тыххӕй йӕ амӕлӕты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыд Хъӕбатырдзинады орденӕй.
Госпитӕль цы бынаты уыд, уым терактыл афӕдз рацӕуыны фӕстӕ арӕзт ӕрцыд чысыл аргъуан. ӕмӕ йӕм ныр адӕм ӕрбамбырд сты, цӕмӕй та ногӕй сӕ ӕмслужбӕгӕнджытӕ, хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмбӕлтты рухс нӕмттӕ ссарой, уый тыххӕй. Иу минут ӕдзӕмӕй алӕууыдысты, стӕй дзӕнгӕрӕг ныццавта 52 хатты — уый бӕрц уыдысты, террористты къухӕй йӕ цард ӕрдӕгыл кӕмӕн аскъуыд, уыцы ӕнаххос адӕм.
Нӕ уацхӕссӕг