«Иудзинад»-ы арфӕйаг цӕдис

0
26

Ацы гӕлиртӕ дуджы, царды зынты сӕрты хизгӕйӕ, ирон адӕмӕн рухстауӕг чи басгуыхт, ӕмӕ ирондзинад, фыдӕлты ӕгъдау ӕмӕ аивады хорзӕх, рӕстаг зонды фарнимӕ, Иры хистӕрты, астӕуккаг фӕлтӕр ӕмӕ кӕстӕрты зӕрдӕты бӕркадджынӕй чи тауы, уыцы хӕрзгӕнӕг артдзӕстытӕй иу у регионалон ӕхсӕнадон змӕлд «Иудзинад».  Йӕ сарӕзтыл ацы аз сӕххӕст 10 азы. Юбилейы кадӕн Дзӕуджыхъӕуы  бӕрӕгбӕтты зал «Амыран»-ы арӕзт ӕрцыд кадджын ӕмбырд. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы министрадты ӕмӕ ведомствӕты бӕрнон кусджытӕ, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ, Ирыстоны мыггӕгты хистӕртӕ, сфӕлдыстадон ӕмӕ зонадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ.

Юбилейон ӕмбырд йӕ арфӕйы ныхасӕй байгом кодта ӕхсӕнадон  змӕлд «Иудзинад»-ы уӕнг Мамытты Тамерлан.

Фембӕлды архайджытӕ се ‘мбырды райдайӕны, иу минут ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, ссардтой, ӕрӕджы йӕ цардӕй чи ацыд, ӕхсӕнад «Иудзинад»-ы сарӕзт ӕмӕ архайдыл зӕрдиагӕй чи архайдта, уыцы зӕрдӕхӕлар, фендджын ӕмӕ зондджын хистӕр, ахуыргӕнӕг, нӕ республикӕйы культурӕйы сгуыхт кусӕг Токты Валодя ӕмӕ УФ-йы,  Цӕгат Ирыстон-Аланийы республикӕйы адӕмон артист, номдзыд музыкант, фӕндырдзӕгъдӕг, дирижер ӕмӕ рухстауӕг Гӕздӕнты Булаты рухс нӕмттӕ.

Мамытты Таймураз йӕ раныхасы загъта: «Республикон рухсадон-культурон змӕлд «Иудзинад» равзӕрд 2014 азы. Ныр кӕм бадӕм, уыцы бӕстыхайы уыцы аз уыд Ирон мыггӕгты форум. Ныхас дзы кодтам, нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ, культурӕ, ӕвзаг, аивад, национ-патриотон ӕмӕ рухсадон архайды уагӕвӕрдтыл ӕнцой кӕнгӕйӕ, ирон адӕмы рухс ӕмӕ бӕллиццаг фидӕныл архайдыл.

Дӕс азы размӕ цы стыр форум уыд, уый сӕйрагдӕр уынаффӕтӕй иу уыд ирон ӕвзагӕн йӕ паддзахадон бартӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын, нӕ фыдӕлты зӕххытӕ, нӕ кувӕндӕттӕ бахъахъхъӕнын, фӕсивӕдӕн цӕстуынгӕйӕ, хъуыддагӕй ӕмбарын кӕнын фыдӕлты фарн, ӕвзаг ӕмӕ национ аивады тых ӕмӕ рӕсугъддзинад, сӕ цардыуагон ӕмӕ удварнон стыр нысан. Дзӕуджыхъӕуы бӕрӕгастӕу Иудзинады мӕсыг самайын.  Арӕзт хъуамӕ ӕрцӕуа, хӕхбӕсты мыггӕгтӕн цы мӕсгуытӕ ис, уыдонӕй хаст дуртӕй.

Цы хӕстӕ сӕвӕрдтам нӕ размӕ, уыдон се ‘ппӕт сӕххӕст кӕнын, хъыгагӕн, къухы нӕма бафтыд. Иудзинады мӕсыг саразынӕн нын республикӕ ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы разамынд фӕзуат нӕма радих кодтой. Нырма ӕнӕлыггонд у ирон ӕвзагӕн йӕ бартӕ закъоны бындурыл сфидар кӕныны фарста. Уӕдӕ, нӕ фыдӕлты зӕххытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрдзон хъӕздыгдзинӕдтӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй цы уынаффӕтӕ рахастам, уыдон дӕр нырма царды нӕма рацыдысты.

Ныфс нӕ ис, дунеон ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас»-имӕ нӕ тыхтӕ ӕмӕ зонд кӕй баиу кӕндзыстӕм, ӕмӕ нӕ уӕлдӕр амынд фӕндтӕ цӕмӕй сӕххӕст уой, нӕ республикӕйы Хицауад сӕм цӕмӕй йӕ хъус ӕрдара ӕмӕ сӕ царды рауадза, ууыл иумӕ бацархайдзыстӕм.

Дӕс азы архайӕм, ӕмӕ кӕд афтӕ бирӕ рӕстӕг нӕу, уӕддӕр нӕ къухы бафтыд фӕсивӕды патриотон-хъомыладон рӕзтӕн саразын республикон конкурс «Ирон дӕн ӕз». Вӕййы дыууӕ радӕй лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕн, афӕдзы бӕлвырд афонты. Кӕстӕртӕ дзы сӕ арӕхстдзинад февдисынц сӕ мыггӕгты равзӕрды истори, фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ зонынӕй, зарын, кафын ӕмӕ национ музыкалон инструменттӕй цӕгъдынӕй.

Сӕрмагондӕй ирон фыдӕлтыккон хъӕзтытӕ нӕ фӕсивӕды ‘хсӕн парахат кӕныны тыххӕй саразӕм республикон ерыстӕ «Иу-дзинады Зилахар». Фыццаг ерыстӕ уыдысты Горӕтгӕрон районы Октябрыхъӕуы. Ацы аз фӕззӕджы дӕр уыцы ерыстӕ ногӕй сараздзыстӕм. Фыццаг  уӕлахиздзаутӕ дзы  систы Бирӕгъты, Багаты ӕмӕ Хуыгаты мыггӕгты минӕвӕрттӕ.

Нӕ ӕхсӕнадон змӕлды бӕстыхайы ӕнтыстджынӕй кусынц ирон хореографион ӕмӕ вокалон къордтӕ, ис нӕм, ирон куклатӕ аразын кӕм ахуыр кӕнӕм, кӕй фӕнды уыдоны, ахӕм ӕрмадз-студи. Раппӕлинаг у, фыдӕлтыккон музыкалон инструменттӕ аразӕн ӕрмадз кӕй ис, уый. Кӕй фӕнды нӕ фыдӕлты уадынгӕрзтыл цӕгъдын сахуыр кӕнын, уыдонӕн дӕр ам ис алы фадӕттӕ. Нымӕт уӕрдын ӕмӕ цыллӕхыз кӕлмӕрзӕнтӕ бийӕн ахуырадон студи  дӕр нӕм ис.

Мыдадз ӕмӕ ӕндӕр аивадон куыстадон  фӕрӕзтӕй куклатӕ ӕмӕ мыдадзӕй конд скульптурон композицитӕ чи аразы, уыцы курдиатджын адӕймӕгтӕй иу у Таутиаты Азӕ. Цалдӕр азы размӕ мыдадзӕй сарӕзта номдзыд кадӕггӕнӕг Сланты Гахайы скульптурон ныв. Азӕйӕн нӕ республикӕйы цы аивадон равдыстытӕ уыд, уым ын аивады дӕснытӕ ӕмӕ адӕм йӕ куыстытӕн скодтой аккаг аргъ. Ӕрвылаз дӕр саразӕм Цӕгат Кавказы национ куклаты равдыст. Фӕархайынц дзы нӕ республикӕ ӕмӕ нӕ алыварс регионты куклаты аивады дӕснытӕ.

Дзӕуджыхъӕуы историон хай — Ирыхъӕуы  сарӕзтам  Хуыцауы арфӕйӕ хайджын адӕймаг, Ирыхъӕуы цӕрджыты низӕй чи ирвӕзын кодта, йӕ уды рауӕлдайӕ Дзӕуджыхъӕуы сӕрмӕ Хуыцауы дзуары кувӕндон арӕзт кӕй фӕрцы ӕрцыд, уый — Гуырцъыты Пипойы цыртдзӕвӕн.

Ирыстоны фӕсивӕдӕй  ӕмдзӕвгӕтӕ, радзырдтӕ фыссынмӕ йӕ хъус чи дары, уыцы курдиатджын кӕстӕртӕн дӕр нӕм ис литературон иугонд «Малусӕг».

Нӕ ӕхсӕнады уӕнг, Ирыстоны ӕцӕг патриот Мӕрзойты Тамерланы ӕххуысӕй рауагътам, рухсадон ӕмӕ зонадон-ахуырадон нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм 70  чиныджы. Зӕгъӕм, рауагътам Цӕгат Кавказы фысджыты уацмысты антологи дӕр. Сарӕзтам сын презентацитӕ.

Нӕ ныхас ӕмӕ хъуыдытӕ адӕммӕ  цӕмӕй хуыздӕр хӕццӕ кӕной, уый тыххӕй нӕм зӕрдигӕй сӕ цӕст дарынц республикон телеуынынады каналтӕ «Алани» ӕмӕ «Осетия-Ирыстон», газеттӕ «Рӕстдзинад» ӕмӕ «Северная Осетия», паддзахадон радио «Алани». Нӕ ӕхсӕнадӕн ис йӕхи газет «Иудзинад». Йӕ алы номыр дӕр вӕййы иттӕг хъӕздыг мидисӕй ӕмӕ аив бакастӕй.

Алы къуыри дӕр цалдӕр хатты не ‘мбырдтӕ аразӕн залы фембӕлӕм Ирыстоны мыггӕгты, сыхты «Ныхас»-ты минӕвӕрттимӕ, фӕсивӕдимӕ. Фӕдзурӕм ирон ӕвзаг, ӕгъдӕуттӕ, национ хиӕмбарынады бындурты рӕзт ӕмӕ сӕ фӕлтӕртӕм хӕсыныл. Иу ныхасӕй, нӕ бирӕ хорз фӕндтӕй сӕ кӕцыдӕртӕ царды рауагътам, фӕлӕ дзы, махӕй аразгӕ цы нӕу, ахӕм къуылымпытӕ вӕййы, уӕддӕр архайдзыстӕм ӕмӕ иумӕйагӕй зӕрдиагӕй кусдзыстӕм».

РЦИ-Аланийы адӕмон поэт, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Дзасохты Музафер иудадзыгдӕр зӕрдиагӕй фӕархайы ӕхсӕнады куысты. Йӕ арфӕйы ныхасы уый загъта, ӕхсӕнад кӕй кӕны, ирон адӕмы рӕзтыл чи ахады, ахӕм арфӕйаг хъуыддӕгтӕ.

Арфӕйы ныхас загъта РЦИ-Аланийы адӕмон фыссӕг, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Агънаты Гӕстӕн ӕмӕ Фысджыты цӕдисы сӕрдар Хозиты Барис.

Ӕхсӕнадон змӕлд «Иудзинад»-ы алы уӕнг дӕр Ирыстоны фидӕныл кӕй тыхсы, уый тыххӕй ныхасӕй нӕ, фӕлӕ бӕлвырд хъуыддӕгтӕй нӕ ирондзинад, ӕвзаг ӕмӕ национ хиӕмбарынады рӕзтыл кӕй архайы, стӕй ма, сӕ размӕ цы хӕстӕ ис, уый тыххӕй юбилейон ӕмбырды ма сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ загътой  РЦИ-Аланийы национ политикӕ ӕмӕ ӕддагон бастдзинӕдты министры хӕдивӕг Къуымӕллӕгкаты Олег, ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас»-ы мыггӕгты комитеты сӕрдар ӕгкацаты Юри, Хетӕгкаты Къостайы номыл национ-культурон рухсадон центры сӕрдар, профессор ӕлборты Иван, Цӕгат Ирыстоны  истори ӕмӕ археологийы институты номӕй — Еналдыты Хъазыбег, ӕхсӕнадон архайджытӕ  Сӕлбиты Гӕирбег, Цогойты Тамерлан ӕмӕ иннӕтӕ.

Юбилейон кадджын ӕмбырды кӕронбӕттӕны йӕ архайджытӕ ӕмӕ уазджытӕн арфӕ ракодта Мамытты Тамерлан. Уый ӕмбырды архайджытӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕм фӕсидт, цӕмӕй ӕнгомдӕр ӕрбалӕууой «Иудзинад»-ы фарсмӕ, «цӕмӕй иумӕйаг хъарутӕй бакусӕм ирон адӕмы тыхстагдӕр фарстатыл, нӕ уарзон Ирыстоны рухсдӕр фидӕныл».

ГАСАНТЫ Валери

Къам систа

Татьянӕ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here