Цард вазыгджын у. Царды уаг — диссаг. Алы фӕлтӕр дӕр йӕхи дуг, йӕхи царды уаг хуыздӕр ӕмӕ растдӕрыл нымайы. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ та нын, нӕ рагфыдӕлтӕ ӕнусты сӕрты цы рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ӕрхастой ӕмӕ бахъахъхъӕдтой, уыдонмӕ уӕлдай ӕфтауын ницыуал хъӕуы. Царды уылӕнтӕ сӕ сӕхӕдӕг ныссыгъдӕг кодтой, слӕгъз сӕ кодтой, ӕмӕ уыдоны сӕрты хизын куы райдыдтам, уӕдӕй фӕцудыдтой нӕ ирон ӕгъдау, ӕфсарм, нӕ царды уаг. Чидӕртӕ сыл былысчъилтӕ кӕнынц, зӕронд, талынг хъуыддӕгтыл сӕ нымайынц, къӕхты бын сӕ ссӕндынц. Ахӕмтӕн та ирон ӕмбисондӕй хуыздӕр дзуапп ничи ратдзӕн: «Ирон ӕгъдауыл къахӕй кӕм ныллӕууай, уым дӕ уӕлфадӕй скӕсдзӕн». Фӕлӕ ахӕм «зондджынтӕ», стыр хъыгагӕн, ирон ӕмбисӕндтӕ, ӕвӕццӕгӕн, зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, сӕ мидис дӕр сын не ‘мбарынц.
«Фӕлӕ та уӕддӕр бузныг газет «Рӕстдзинад»-ы редакцийы кусджытӕн, сӕрмагондӕй, Саутӕты Тамилӕйӕн, ирон ӕгъдау, ирондзинад, ирон царды уагыл арӕх кӕй фыссынц. Исчи та зӕгъдзӕн, цӕмӕн сыл хъӕуы афтӕ арӕх дзурын, фыссын. Фӕлӕ-иу фыдӕлтӕ афтӕ дзырдтой, цы нымӕт фылдӕр цӕгъдай, уый хъуынджындӕр кӕны, зӕгъгӕ. Стӕй аивдӕр кӕны. Аив дзаума та йӕ хицауы дӕр аив кӕны.
А-мӕнӕ та ныр дӕр, ацы аз, сусӕны мӕйы 9-ӕм бон Саутӕты Тамилӕйы уац «Гӕртӕмттӕ мӕрдтӕн, хӕсгард ӕмӕ чъиритӕ» куы бакастӕн, уӕд сӕры хъуын арц сбадти. Нал нын мард ис, нал — дзуар. Нал нын табуйаг исты баззад, нал — нӕфӕтджиаг. Нӕ табуйаг ӕртӕ чъирийӕ базар сарӕзтам, хынджылӕггаг сӕ скодтам. Уымӕй дӕр исчи нӕ, фӕлӕ нӕхӕдӕг.
Тамилӕ цы ӕфсины кой ракодта, уыцы «сӕрӕн» ӕфсины, ӕфсин схонын ӕвзаг тасгӕ дӕр нӕ кӕны, къух фыссынмӕ дӕр нӕ тасы. ӕндӕр куыд ис табуйаг хойрагмӕ фыс ӕлвынӕн хӕсгардӕй бавналӕн. Фыццаджыдӕр, ирон чъирийӕн йӕ цыхт ӕмӕ сой тӕдзгӕ фӕкӕнынц, карды бын куы нӕ лӕууы, уӕд хӕсгардӕй… Уыцы хуызы чъиритӕ ӕцӕгӕлон куы фена, уӕд сӕ йӕ зӕрдыл афтӕмӕй бадардзӕн. Уымӕй та худинаг кӕны ирон адӕмы, нӕ хъуыстгонд царвӕвдылд чъириты ӕмӕ уыцы «сӕрӕн» ӕфсин йӕхи дӕр, йӕ мыггаджы дӕр.
Тамилӕ дӕр ӕй куы загъта, табуйаг ӕртӕ чъиримӕ цыргъагӕй бавналынмӕ дӕр нымд кодтой. Ӕфсинтӕ-иу уӕларынг балӕууыны размӕ сӕ сӕртӕ ӕнгом сбастой, йӕ уӕлӕ раздарӕн ӕмӕ ма-иу йӕ дзых дӕр сыгъдӕг урс хӕцъилӕй бамбӕрзта, цӕмӕй йӕ комытӕф ма хӕццӕ кӕна табуйаг хойрагмӕ.
О! Гормӕттӕ! Нӕ уӕздан ӕфсинтӕ! ӕхца бакусын хорз у, фӕлӕ, Шамилы загъдау: «Нӕхицӕн аргъ кӕнын хъуамӕ зонӕм».
Бынтон диссагдӕр ӕмӕ риссагдӕр фарста та нӕ рагфыдӕлты ингӕнтӕ — зӕппӕдзтӕ. Тамилӕ сӕрмагондӕй Дӕргъӕвсы зӕппӕдзты кой кӕны, бафтауинаг ницыуал ис, фӕлӕ цыбырӕй — мӕ хъуыдытӕ. Нӕ рагфыдӕлтӕ кӕд фылдӕр цӕугӕцард кодтой, уӕддӕр сӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кувӕндоны хуызӕн хъахъхъӕдтой ӕмӕ сыгъдӕг дардтой.
Ӕрхӕсдзынӕн иу рагон историон цау, чиныджы куыд фыст у, тӕлмац дӕр ӕй нӕ кӕнын ирон ӕвзагмӕ. «В конце VI в. до н.э. персидский царь Дарий задумал совсем уничтожить воинственных соседей (скифов). Как пишет Геродот, он послал гонцов к вождю скифов Иданфирсу с такими словами: «Зачем, ты чудак, все убегаешь? Хотя можешь выбрать одно из двух: если ты полагаешь, что в силах противостоять моему войску, — остановись, не блуждай более и сражайся! Если же ты чувствуешь себя слабее, то также приостанови свое бегство и ступай без переговоров к своему владыке с землею и водою в руках».
Скифты паддзах Иданфирс ын ахӕм дзуапп ӕрбарвыста: «Мы не убегаем от вас. Мы просто кочуем по своей степи. У нас нет городов, нет обработанной земли. Все свое богатство мы возим с собой. Если вы хотите сражаться с нами, то попробуйте тронуть могилы наших предков, тогда узнаете, станем ли мы с вами сражаться из-за этих могил или нет».
Ацы цыбыр дзуаппӕй бӕлвырд ӕмӕ бӕстон бамбарын кодта знагӕн, цы цӕстӕнгас ис сӕ фыдӕлты ингӕнтӕм, уый.
Уӕдӕ сӕ байзӕддаг, абоны фӕлтӕр, цӕмӕн афтӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсынц нӕ фыдӕлты ингӕнтӕм? Цӕмӕн сын хынджылӕггаг кӕнӕм се стӕгдар, сӕ ном? ӕппын нӕм нӕфӕтджиаг ницыуал ис? Хуыцауӕй дӕр нал тӕрсӕм, мӕрдтӕй дӕр, удӕгӕстӕй дӕр нал ӕфсӕрмы кӕнӕм. О! Гормӕттӕ! О! Ирон адӕм! Ахӕм ӕнаккаг, ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ митӕн ӕбӕрӕгӕй сӕфӕн нӕй. Адӕймаджы тӕригъӕд авд фӕлтӕрмӕ хӕццӕ кӕны, фӕзӕгъынц. Алчидӕр йӕ кӕстӕртыл хъуамӕ мӕт кӕна, фыццаджыдӕр, стӕй та — иннӕтыл.
Нӕфӕтджиаг! Табуйаг! Уыдон алы ирон лӕгӕн дӕр хъуамӕ афтӕмӕй баззайой. ӕз Дӕргъӕвсы зӕппӕдзты никуы уыдтӕн, фӕлӕ йӕ куыд ӕмбарын, афтӕмӕй йӕ алфамбылай ӕфсӕйнаг бруйӕ ӕхгӕд, дуарыл гӕс лӕууы. Уӕдӕ ма уӕд дзӕгъӕлдзу-мардкъахджытӕ кӕуылты хизынц, кӕд сӕ ӕгӕстӕ сӕхӕдӕг нӕ уадзынц, уӕд? Ам фарста ӕнцонӕй лыг хъуамӕ ӕрцӕуа. Мидӕмӕ цӕуыны бар нӕй бынӕттонӕн дӕр, уазӕгӕн дӕр. Дуарыл стыр дамгъӕтӕй ныффысс, чи йӕ не ‘мбары, уымӕн ма йӕ иу хатт дӕр бамбарын кӕн. Уыцы фарста хъуамӕ лыггонд цӕуа хъӕуыхицауы ӕмвӕзадыл. Нӕ сӕр сӕрмӕ хӕссӕм ӕмӕ нӕ фыдӕлты ингӕнтӕй хынджылӕггаг мауал кӕнӕм.
МАМИАТЫ Таймураз,
журнал «Мах дуг»-ы ӕппӕтдунеон премийы лауреат