Тыхджын къӕвда, дымгӕ, их тынг бахъыгдардтой Мӕздӕджы район. Цыбыр рӕстӕгмӕ дымгӕ афӕлдӕхта бӕлӕстӕ, хӕдзӕртты сӕртӕ систа, их ныххоста машинӕтӕ, уынгты ацӕуӕнтӕ нал уыд. Уайтагъд районы сфидар кодтой ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты фӕтк. Специалисттӕ ӕмӕ бӕрнон адӕм сбӕрӕг кодтой ӕрдзон фыдбылызы зиан.
Куыддӕр ӕрдзон фыдбылыз фӕцис, афтӕ Мӕздӕджы районы цӕрджытӕ, аварион службӕтӕ февнӕлдтой уавӕр нывыл кӕнынмӕ. Республикӕйы ӕмӕ районы коммуналон службӕтӕ уайтагъд калд бӕлӕстӕй уынгтӕ ссыгъдӕг кодтой, ӕппӕт хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕнгӕйӕ.
Дымгӕ атыдта электрон тыхы телтӕ, ӕнӕ рухсӕй аззадысты районы 13 поселочы, хъӕуы, зӕгъӕм, Сухотскийы, Ново-Осетиновскийы, Терскийы, Черноярскийы цӕрӕнбынӕттӕ. Донӕфсисады фарста дӕр ссис ахсджиаг. ӕнӕ электрон тыхӕй донимӕ дӕр къуылымпытӕ сӕвзӕрд.
«Россети Цӕгат Кавказ»-ы 12 бригады электрон ӕфсисады хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кодтой, тынг рӕвдз бакуыстой доны хӕдзарады специалисттӕ. Скусын кодтой сыгъдӕггӕнӕнтӕ, канализацион-цъирӕн станцӕ. Хызтӕ донӕй байдзаг кодтой.
Мӕздӕггӕгтӕ кӕд тыхстдзинӕдтӕ бавзӕрстой, уӕддӕр ӕмхуызонӕй сӕ цӕрӕн бынӕттӕ, уынгтӕ сыгъдӕг кӕнынмӕ февнӕлдтой.














