Социалон инфраструктурӕйы рӕзт

0
160

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар ДЗАНАЙТЫ Барис цы ӕмбырд сарӕзта министрты кабинетӕн, уым ӕркастысты Уӕрӕсейы Президент Владимир ПУТИН ӕмӕ федералон вице-премьертимӕ фембӕлды фӕстӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Сергей МЕНЯЙЛО цы фӕдзӕхстытӕ скодта, уыдон куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уымӕ.

Сӕрмагонд каст цӕуы регионы социалон инфраструктурӕйы рӕзты проекттӕ ӕмӕ мадзӕлттӕм.

РЦИ-Аланийы Транспорт ӕмӕ фӕндагон инфраструктурӕйы комитеты сӕрдар Солиты Тариэл радзырдта, Ногиры хиды арӕзтадон куыстытӕ куыд цӕуынц, уый тыххӕй. Туризмы комитеты разамонӕг Кочиты Сослан ӕмбырды архайджыты базонгӕ кодта, туристон инфраструктурӕйы рӕзты мадзӕлттӕ царды куыд уагъд цӕуынц, уыимӕ.

Дзанайты Барис ӕмбырды архайджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, августы кӕронмӕ ног национ проекты тыххӕй иумӕйаг хъуыдымӕ ӕрцӕуын кӕй хъӕуы. Национ проекттӕ нысан кӕнгӕйӕ, федералон центр ӕвӕрдта сӕйраг хӕс — Цӕгат Кавказы федералон зылды регионты домӕнтӕ хынцын. Цӕгат Ирыстоны Хицауады Сӕрдар министрты кабинетӕн бахӕс кодта уыцы куыст хъазуатондӕрӕй кӕнын ӕмӕ адӕмы царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны мадзӕлттӕ аразын.

— Уӕрӕсейы Президент ӕмӕ бӕстӕйы Хицауады ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон рӕзт ӕмӕ нӕ граждӕнты цардыуаджы уавӕртӕ уӕлдӕр ӕмвӕзадмӕ сисынмӕ арӕзт сты. Сӕрмагонд цӕстдард цӕуы, республикӕйы Сӕргълӕууӕг нын нӕ размӕ цы нысантӕ сӕвӕрдта, уыдон сӕххӕст кӕнынмӕ. Ӕппӕт дзуапдӕттӕг разамонджытӕ дӕр хъуамӕ сӕ сӕххӕст кӕныныл зӕрдиагӕй бакусой, — бахахх кодта Дзанайты Барис.

Уымӕй уӕлдай ма Хицауады Сӕрдар, ӕрдзон фыдбылызтӕ Мӕздӕджы районы цы 13 хъӕуы ӕрцыдысты, ӕмӕ дзы ныр уавӕр куыд у, уый тыххӕй профилон министрадтӕ ӕмӕ Мӕздӕджы муниципалон сконды разамынды докладтӕм байхъуыста.

Куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй арӕзт ӕрцыд кусӕг къорд ӕрдзон фыдбылызы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны тыххӕй. Ныртӕккӕ дарддӕр архайынц, хъыгдард кӕй хӕдзӕрттӕ баййӕфтой, уыцы цӕрджытӕн баххуыс кӕнын, стӕй хъӕутӕн дон ӕмӕ электрон тых раттыныл.

ГАПБАТЫ Алетӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here