Зынгзӕрдӕ хиуылхӕст ирон дипломат

0
448

Цыппар азы размӕ не ‘хсӕнӕй ацыд йе ‘цӕг дунемӕ зындгонд паддзахадон архайӕг, стыр дӕсны-дзинад ӕмӕ фӕлтӕрддзинады хицау, уӕздан ӕмӕ хиуылхӕст ирон дипломат КЪАРДЖИАТЫ Хъаныхъойы фырт Эльбрус, фӕлӕ ма абон дӕр йӕ рухстауӕг хъуыддӕгтӕй нӕ цух кӕны дзыллӕйы зӕрдӕтӕй.

Эльбрусы цардвӕндаг уыдис хъӕздыг ӕмӕ алыхуызон. Йӕ царды иу хай баст уыди наукон-ахуырадон архайдимӕ, иннӕ — хицауады оргӕнты куыстимӕ, ӕртыккаг та — дипломатон службӕимӕ. Кусынмӕ-иу цы къабазмӕ бацыд, уырдӕм-иу бахаста ног хъӕппӕристӕ, куыст рацаразыны ногдзинӕдтӕ ӕмӕ-иу йӕ архайдӕй ныууагъта бирӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ рухс фӕд.

Эльбрус райгуырд 1944 азы Дзӕуджыхъӕуы. Иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕцис Дзӕуджыхъӕуы фӕндзӕм скъола ӕмӕ Цӕгат Кавказы Хӕххон-металлургон институт. Ам йӕхи ахӕм сӕрӕнӕй равдыста, ӕмӕ йӕ ныууагътой институты. Хуымӕтӕг ахуыргӕнӕг, деканы хӕдивӕг, стӕй та декан 32-аздзыдӕй ссис институты наукон куысты проректор. Уыцы рӕстӕгмӕ бахъахъхъӕдта техникон наукӕты кандидаты диссертаци, ссис доцент.

Сӕрӕн лӕппуйы архайдыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой республикӕйы раза-мынд ӕмӕ йӕ ӕрбахуыдтой Цӕгат Ирыстоны Обкомы хайады хицауы бынатмӕ. Эльбрус дзуапп лӕвӕрдта ахуырад, наукӕ ӕмӕ уӕлдӕр скъолайы фарстатыл. Фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ бацархайдта ӕппӕт быцӕутӕ ӕмӕ ӕнӕлыггонд фарстатӕ аиуварс кӕныныл. ӕнтыстджынӕй кусын райдыдта Цӕгат Ирыстоны уӕлдӕр скъолаты ректорты ахуыргӕндты советы. Йӕ хъӕппӕрисӕй уынаффӕ хаст ӕрцыд ахуырады министрад, профессионалон техникон ахуырады комитет, уӕлдӕр скъолатӕн дзуапдӕттӕг ведомствӕтӕ ӕмӕ техникумтӕ Адӕмон ахуырады министрадимӕ баиу кӕныны тыххӕй. Ног структурӕйы сӕргъы сӕвӕрдтой Эльбрусы.

Иннӕ ног бынатмӕ Эльбрусы бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бахъуыд. Сӕвӕрдтой йӕ ЦИАССР-йы Министрты Советы Сӕрдары хӕдивӕгӕй. Ацы ног бынаты дӕр та, кӕд ССР Цӕдисы фехӕлды къӕсӕрыл уавӕртӕ хорзӕрдӕм нӕ ивтой, уӕддӕр йӕхи равдыста хъӕппӕрисджынӕй организаторон сӕрӕндзинадимӕ.

Йӕ амынддзинадмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд ассоциаци «Ирыстоны ӕвзонг курдиӕттӕ». Йӕ архайдӕй ӕргомгонд ӕрцыдысты  ӕмӕ ӕххуыс райстой ӕрыгон курдиӕттӕ наукӕ ӕмӕ аивады алы къабӕзты, арӕзт ӕрцыд фестиваль «Звездочка Осетии», байгом сты номдзыд ахуыргонд Жорж Дюмезилы номхӕссӕг 45-ӕм скъола ӕмӕ фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕ арфдӕр ахуыр кӕныны скъола 11-ӕм скъолайы бындурыл. Ацы ногдзинӕдтӕм бафтауӕн ис, сывӕллӕтты ахуыргӕнӕн ӕмӕ аивадон литературӕйӕн ӕхцайы премитӕ кӕй снысан кодта, уый дӕр. Уыцы премиты фыццаг лауреаттӕ систы уыцы рӕстӕг бынтон ӕрыгон историк Бзарты Руслан, ахуыргӕнӕн чиныг Ирыстоны истори ӕмӕ журнал «Дарьял»-ы редактор Тотраты Русланы ӕмбырдгонд «Тревожный зверь Убрыко»-йы тыххӕй.

Йӕ царды фӕндӕгтӕ йӕ дарддӕр ахастой Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ. 1994 азӕй 1997 азмӕ уыд Туркменистаны Уӕрӕсейы Федерацийы Минӕварады уынаффӕгӕнӕг, 1997-2000 азты та — Турчы Уӕрӕсейы Минӕварады уынаффӕгӕнӕг-минӕвар. 2007-2008 азты уыд Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады цыппӕрӕм департаменты сӕйраг уынаффӕгӕнӕг (йӕ бӕрны уыдысты Абхаз, Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомих ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ ӕмархайды фарстатӕ).

2008 азы 25 октябры Къарджиаты Эльбрус нысангонд ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы ӕххӕстбарджын минӕварӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны. Уыцы бынаты ӕнтыстджынӕй бакуыс-та  2017 азы майы онг.

2011 азы Къарджиайы-фыртӕн лӕвӕрд ӕрцыд 1-ӕм къласы ӕххӕстбарджын минӕвары дипломатон къӕпхӕн. Саккаг ын кодтой бирӕ кадджын нӕмттӕ ӕмӕ хӕрзиуджытӕ, уыдонимӕ — Хӕлардзинады ӕмӕ Кады ордентӕ, майдан «Ирыстоны намысӕн», Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хӕлардзинады орден.

Зындгонд паддзахадон архайӕг, стыр дӕсныдзинад ӕмӕ фӕлтӕрддзинады хицау, уӕздан ӕмӕ хиуылхӕст адӕймаг Къарджиаты Хъаны-хъойы фырт Эльбрусы ном ӕнустӕм баззайдзӕн, чи йӕ зыдта, уыдоны зӕрдӕты, Ирыстон ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы историйы.

Зынгзӕрдӕ патриот, ӕвӕллайгӕ хъӕппӕрисджын, адӕмуарзон зӕрдӕйы хицау Къарджиаты Хъаныхъойы фырт Эльбрусы мысынц, чи йӕ зыдта ӕмӕ кӕимӕ куыста, уыцы зонгӕтӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ:

ЧЕДЖЕМТЫ Сергей, Барад ӕмӕ паддзахады истори ӕмӕ теорийы кафедрӕйы профессор:

— Уый ӕдзухдӕр уыд дипломат. Мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йе ‘нтыстытӕ дипломатон архайды  гуырдзӕй рахаста, йӕ туджы зилдухӕн кодта уыцы миниуӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ комкоммӕ фыдӕл Къарджиаты Бекызӕ XVIII ӕнусы депутатты къордимӕ архайдта Астрӕхӕны губернатор Кречетниковимӕ баныхасы, цӕмӕй Ирыстон Уӕрӕсеимӕ баиу уа, уый тыххӕй.

Курдиатджын ахуыргӕнӕг, дӕсны, хъӕппӕрисджын разамонӕг ӕмӕ дипломатӕй уӕлдай, уый уыд диссаджы бинонтӕдарӕг, уарзон фыд. Йӕ чызджытӕ кӕм ахуыр кодтой, уыцы 26-ӕм скъолайӕн кӕйдӕртау телефонты дзӕнгӕрджытӕй не ‘ххуыс кодта, фӕлӕ йӕ уӕнгдыхӕй дӕр. Ныртӕккӕ ууыл зын баууӕндӕн у, фӕлӕ-иу ныййарджыты зиуты йӕхи бафистӕг кодта ӕмӕ-иу куыста иннӕты ӕмрӕнхъ. Уыцы азты ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма-иу ахӕм зиуты фенӕн уыд партийы горкомы 1-аг нымӕрдар Бирӕгъты Юрийы, республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты сӕрдары хӕдивӕг Сидахъаты Юрийы, стӕй ӕндӕр бӕрнон кусджыты.

Эльбрус дипломатон куыстмӕ кӕй ацыд, уый сӕйраг ӕфсонӕй мӕ куы бафӕрсиккой, уӕд зӕгъин, уыдонӕй иу у, мидполитикӕйы фарстатӕ лыггӕнгӕйӕ дӕр, кӕй уыд дипломат. Ӕмӕ йӕм ӕввахс чи уыд, аргъ кӕмӕн кодта, уыцы адӕймӕгты ‘хсӕн Президенты бынаты тыххӕй ныхмӕвӕрдтӕ куы фӕзынд, уӕд ӕй уым архайын нӕ бафӕндыд.

Таболты Сергейы (Солтаны) ӕвирхъау мӕлӕт ын ноджы фӕфидардӕр кодта республикӕйы политикӕйӕ ацӕуыны хъуыды.

Куы цыди, уӕд ныффыста уац «Некролог революциям». Уым бавӕрдта ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, ӕхсӕнады хъӕуынц политикон рацарӕзты сабыр, ӕнӕтугкалд фӕндӕгтӕ.

 

Багир МАМИЕВ, Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Минӕвар Дзӕуджыхъӕуы

— Эльбрусы ӕхсызгонӕй нымайын мӕ фыццаг ахуыргӕнӕгыл.

Мӕн ахӕм амонд фӕци, ӕмӕ йӕ разамындӕй 2009-2013 азты куыстон Уӕрӕсейы фыццаг Минӕварадимӕ Хуссар Ирыстоны. Уыцы азты, гуырдзиаг агрессийы фӕстӕ, республикӕ ӕвзӕрста уӕззау рӕстӕджытӕ, Цхинвал уыд бынтон дӕрӕнгонд. Электрон тых, газ ӕмӕ доны хӕтӕлтӕ уыдысты пырх. Адӕм арӕх ӕвзӕрстой хъуагдзинӕдтӕ уыдонӕй. Уыцы уӕззау уавӕрты коллективы аразын хъуыд дыууӕрдыгон ахастдзинӕдты ахсджиаг фарстатӕ.

Эльбрусы куырыхон зонд, фӕлтӕрддзинад ӕмӕ къӕрцхъусдзинады фӕрцы йӕ размӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕстгонд цыдысты ӕнтыстджынӕй.

Хицӕнӕй мӕ зӕгъын фӕнды, Эльбрусы уарзондзинад аивадмӕ куыд тыхджын уыд, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ йӕ кусджыты дӕр куыд разӕнгард кодта, уый тыххӕй. Исты бӕрӕгбоны мадзал-иу куы арӕзтам, уӕд нӕ алкӕмӕндӕр ӕнӕмӕнг хъуыддагыл нымадта йӕ арӕхстдзинад музыкалон, литературон кӕнӕ аивады ӕндӕр хуызы равдисын. Уыимӕ, Минӕвар йӕхӕдӕг уыд фӕзминаг уыцы хъуыддаджы, уарзта зарын ӕмӕ йӕ ӕххӕст кодта бӕрзонд професионалон ӕмвӕзадыл.

Уӕдӕй рацыд бирӕ рӕстӕг, фӕлӕ азты ‘хсӕнты фидарӕй баззадысты, Минӕварады кусджыты ‘хсӕн Эльбрус кӕй ныууагъта, уыцы сыгъдӕг ӕмӕ хӕлар ахастдзинӕдтӕ.

Йӕ рухс ном абон цӕры ӕмӕ цӕрдзӕн, алы азты йемӕ чи куыста, уыцы бирӕ адӕмты зӕрдӕты.

 

ХАРЕБАТЫ Батрадз,

Хуссар Ирыстоны Парламенты Информацион-аналитикон хайады разамонӕг:

— Эльбрусимӕ куыд базонгӕ дӕн, уый мӕ никуы  ферох уыдзӕн.Уыд Хетӕгкаты Къостайы 130 азы юбилей. Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр арӕзт ӕрцыд юбилейон къамистӕ. Рахастой уынаффӕ ӕмархайд кӕнын ӕмӕ мадзӕлтты иумӕйаг пълан саразын. Хуссар Ирыстоны Обкомы идеологон фарстатӕн дзуапдӕттӕг уыдтӕн ӕмӕ мӕ уыцы фарстаты фӕдыл командировкӕйы арвыстой Дзӕуджыхъӕумӕ. Джусойты Нафи уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд, йӕ зӕрдӕ хъуыддагыл тынг кӕй рысти, уымӕ гӕсгӕ мемӕ цӕуын фӕнд скодта. Ӕхсызгонӕй сразы дӕн. Дзӕуджыхъӕумӕ куы бахӕццӕ стӕм, уӕд, Нафийы фӕндонмӕ гӕсгӕ, нӕ балц райдыдтам партийы Обкомы  нымӕрдар Къониаты Юри ӕмӕ Къарджиаты Эльбрусимӕ фембӕлдӕй. Сӕмбӕлдысты ныл ӕвӕстиатӕй ӕмӕ нын нӕ хъуыддӕгтӕ уайтагъддӕр сарӕзтой. Хъуыдис нӕ бӕрӕгбоны плакаттӕ ӕмӕ сувениртӕ балхӕнын, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ дӕр сӕхимӕ райстой. Уый — фылдӕр Нафийы кад ӕмӕ сӕхи уӕздандзинады фӕрцы. Командировкӕмӕ дыууӕ боны ӕмгъуыдмӕ  ӕрвыст уыдтӕн, хъуыддӕгтӕ та дыууӕ сахатмӕ ӕрцыдысты конд. Ӕз дзы уый бӕрц ницы скодтон, фӕлӕ мыл мӕ хицауад сӕмбӕлдысты, ӕнтыстджын хъуыддагаразӕгыл сӕмбӕлӕгау. Эльбрусы минӕварадон куыст ирдӕй зындис йӕ алы архайды дӕр. Иуахӕмы дзы ӕз дӕр бахаудтӕн. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ алы бӕстӕты дӕр минӕварад рауадзы чиныг, уыцы бӕлвырд бӕстӕйы уырыс цас ӕмӕ куыд цӕрынц, уый тыххӕй. Уыцы традицийы бындур ӕвӕрд ӕрцыд тынг раджы. Уымӕн хаст ӕрцыд уынаффӕ ахӕм проект Хуссар Ирыстоны дӕр саразын. Ахӕм чингуытӕ иннӕ бӕстӕты аразынц авторты коллективтӕ, ам та мӕн скодтой аразӕг. Нӕ фембӕлды рӕстӕг мын ӕмгъуыдтӕ куы загъта, уӕд ӕрмӕст ӕз нӕ, фӕлӕ дзы чи архайдта — Кочиты Андрей, Икъаты Олег ӕмӕ иннӕтӕ дӕр — фӕдызӕрдыг стӕм. Гуырысхо нӕ кодта ӕрмӕстдӕр Эльбрус. Джусойты Нафи, Гаглойты Роберт ӕмӕ минӕварады кусӕг Олег Логиновӕн бабар кодта куыстмӕ цӕст дарын. Йӕхӕдӕг ӕрбамбырд кодта республикӕйы рауагъдады хуыздӕр кусджыты ӕмӕ не ‘ппӕты дисӕн дӕр чиныг «Уырыссӕгтӕ — Хуссар Ирыстоны» рацыд хӕрзхъӕд ӕмӕ афоныл Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровы разныхасимӕ. Уый ма уыд Къарджиаты Эльбрусы уӕлахизтӕй ноджыдӕр иу.

ХЕТӔГКАТЫ Алан,

Республикӕ Казахстан, Усть-Каменогорскы Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон консул

— Махӕн, Ирыстонӕй рацӕуӕг уӕрӕсейаг дипломатты ӕрыгон фӕлтӕрӕн, Эльбрус уыд, стыр аргъ кӕмӕн кодтам, ахӕм хистӕр, куырыхон ахуыргӕнӕг, ӕцӕг зондамонӕг. Кӕмфӕнды ма уыдаид, цавӕрфӕнды рӕстӕг дӕр уымӕ уыдис баулӕфӕн зондджын уынаффӕмӕ, бахъуаджы ӕххуысмӕ. Ӕдзух дӕр-иу сӕрыстырӕй бафиппайдта, не ‘мзӕххонтӕ сӕ райгуырдӕй дипломаттӕ кӕй сты. «Уыдонӕн уӕздандзинад, ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕн аргъ кӕнын, куыст сфӕлдыстадон ӕмӕ бӕрнонӕй ӕххӕст кӕнын сӕ туджы ис», — дзырдта-иу Эльбрус.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы минӕварад арӕзт куы цыд, уӕд, чи зоны, уый тыххӕй акодта ӕртӕ кусӕджы иумӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады дзӕуджыхъӕуккаг минӕварадӕй. ӕмӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, фӕсмон нӕ фӕкодта йӕ уыцы уынаффӕйыл.

Мӕ зӕрдыл хорз лӕууы, Эльбрус ӕмӕ нӕ нӕ хистӕр иннӕ ӕмкусӕг Таболты Владимир 2010 азы куыд сразӕнгард кодтой Дзӕуджыхъӕуы Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады фӕзуатон оргӕнты историйы фыццаг хатт Дипломатон кусӕджы бонмӕ Дунеон наукон-практикон конференци саразынмӕ. Уӕд конференцийы архайджытӕ ӕмӕ уазджытӕн арфӕтӕ ӕрӕрвыста Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавров. Дарддӕр уыцы мадзал ссис традицион.

Эльбрус ӕдзухдӕр уыд циндзаст, стыр ахуырдзинады хицау, ӕргомзӕрдӕ адӕймаг. Уый курдиатджын уыд алцӕмӕйдӕр. Фыста ӕмдзӕвгӕтӕ, уыд диссаджы зарӕггӕнӕг, тынг хорз зыдта аивад, истори ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дипломатон архайды фарстатӕ.

Фидарӕй мӕ бон зӕгъын у: Эльбрус йӕ царды, йӕ архайды кӕимӕдӕриддӕр ӕмбӕлыд, уыдоны зӕрдӕты ныууагъта ӕнӕферохгӕнгӕ хъарм фӕд.

Ӕрмӕг мыхуырмӕ бацӕттӕ кодта КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here