Иумӕйаг пособи исынц

0
197

Ӕвддӕс азӕй кӕстӕр 76504 цӕгатирыстойнаг сывӕллоны ныййарджытӕ исынц иумӕйаг пособи. Ацы хъуыддаг сӕххӕст кӕнынӕн ацы азы райдайӕнӕй нырмӕ Уӕрӕсейы Социалон фонды регионалон хайад барвыста 8 миллиард сомӕй фылдӕр.

Иумӕйаг пособийӕн гӕххӕттытӕ саразынӕн сывӕллӕттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ хъуамӕ уой Уӕрӕсейы граждӕнтӕ ӕмӕ иудадзыг хъуамӕ цӕрой нӕ бӕстӕйы. Бинонты материалон уавӕр нымайгӕйӕ, амынд хайад фидар кӕны регионы сывӕллонӕн фӕцӕрынӕн хъӕугӕ хӕрдзты тӕккӕ къаддӕр бӕрцы 50 проценты, 75 проценты ӕмӕ 100 проценты бӕрц пособи. Нӕ республикӕйы сывӕллӕттӕн ӕмбӕлгӕ иумӕйаг пособийы бӕрц у мӕнӕ ахӕм: 100 проценты — 13491 сомы, 75 проценты — 10118 сомы ӕмӕ 50 проценты — 6745,5 сомы.

— Иумӕйаг пособи ӕвӕрыны рӕстӕг алименттӕ нымайыны фӕдыл ивддзинӕдтӕ ацы аз архайын кӕй райдыдтой, уый уын уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм. Алиментты фиддонтӕ кӕд тӕрхондон сфидар кодта, уӕд, раздӕр куыд уыд, афтӕ ныр дӕр ӕфтиӕгты хыгъды нымайдзысты ӕцӕг уагӕй ӕрбафтӕг ӕхцайы бӕрц. Тӕрхондоны уынаффӕ кӕд тӕрхонадон пъырыстыфты службӕмӕ барвыстой, уӕд нӕ хайад ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ Уӕрӕсейы Тӕрхондон пъырыстыфты федералон службӕйӕ хӕдбарӕй райсдзӕн. Ныййарджытӕ алиментты бӕрцыл дзыхӕйдзургӕйӕ, кӕнӕ нотариалон бадзырды фӕрцы кӕд бафидыдтой, уӕд адӕймаджы рӕстӕмбис ӕфтиаг хынцыны рӕстӕг нымайдзысты курдиаты, науӕд та фидыны амынд ӕхцайы бӕрц, фӕлӕ ӕфтиаджы бӕрц иу сывӕллонӕн фӕцӕрынӕн хъӕугӕ тӕккӕ къаддӕр хӕрдзты цыппӕрӕм хайӕ (4810,5 сомы), дыууӕ сывӕллонӕн — амынд хӕрдзты ӕртыццаг хайӕ (6414 сомы), ӕртӕ ӕмӕ уымӕй фылдӕр сывӕллонӕн та — хӕрдзты ӕмбисӕй (9621 сомы) къаддӕр куыд нӕ уа, афтӕ, — зӕгъы бӕстӕйы Социалон фонды цӕгатирыстойнаг регионалон хайады разамонӕг Таболты Сергей.

Уымӕй уӕлдай, пособи ӕвӕрыны рӕстӕг кӕй нӕ нымайынц, ахӕм ӕфтиӕгты номхыгъд фӕуӕрӕх кодтой. Ныр амынд ӕфтиӕгтӕм хауынц мӕнӕ ахӕмтӕ: ӕвджид кӕуыл кӕнынц, ахӕм сывӕллӕттӕн гомгонд номиналон хыгъдты фӕдыл проценттӕ, «Мад-хъӕбатыр»-ы номы, орден «Ныййарӕджы намыс»-ы, кӕнӕ ацы ордены майданы тыххӕй фиддонтӕ. 18 азӕй кӕстӕр ӕнахъомтӕ ахуыры рӕстӕг фӕллойадон архайдӕй кӕй райстой, уыцы ӕфтиӕгтӕ дӕр нӕ нымайынц (хӕдбарӕй кусӕг ӕнахъомтӕй фӕстӕмӕ, ацы адӕймӕгты ӕфтиӕгтӕ раздӕрау хынцынц).

Иумӕйаг пособи сӕвӕрынц социалон къазнайады уагӕй (пособийӕн гӕххӕттытӕ саразынӕн курдиат барвитын фаг у, ӕппӕт ӕмбӕлгӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ та Уӕрӕсейы Социалон фонды цӕгат-ирыстойнаг хайад ӕмбӕлгӕ кусӕндӕттӕй хӕдбарӕй райсдзӕн, зӕгъгӕ, амынд ӕууӕл ууыл дзурӕг у). Пособийы фӕдыл бахатӕн ис Социалон фонды хайады клиентон службӕтӕм, кӕнӕ та — бирӕкъабазджын центрмӕ.

Уӕрӕсейы Социалон фонды иумӕйаг контакт-центр: 8-800-100-00-01 (телефонӕй фӕдзурӕн ис лӕвар).

УФ-йы Социалон фонды цӕгатирыстойнаг хайады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here