Ӕнӕ хъысмӕтӕй мӕлӕт нӕй

0
211

(Тетаты ӕфсымӕрты цардӕй)

Иу райсом Уырыц, кӕртмӕ ӕрбахизгӕйӕ, афтӕ бакодта: «Не ‘фсин! Дӕлӕ нӕ сыхбӕсты (схонӕм ӕй Рамазан) хӕсты быдырӕй рӕстӕгмӕ суад ӕмӕ, цымӕ, мах цыппар лӕппуйӕ никӕуыл сӕмбӕлдаид?!»

— Ома йӕм цӕуылнӕ ныццӕуыс ӕмӕ бафӕрсыс?!

— Раст дын куы зӕгъон, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ йӕхимӕ нӕ исы. Рагӕй дӕр мӕм цыдӕр фӕлывды хуызӕн кӕсы…

— Ӕз ӕм мӕхӕдӕг, уӕдӕ, ныууайдзынӕн.

Рамазаны дуармӕ балӕууыд. Дуары бахостмӕ, хисӕрфӕнӕй сӕрфгӕ, дуарӕй ракаст. Кӕрӕдзийӕн, дӕ бон хорз зӕгъгӕйӕ, ныхасыл ахӕцыдысты.

— Кӕд, мыййаг, махонтӕй искӕуыл сӕмбӕлдтӕ?..

— Гуассӕ, дӕ зӕрдӕ дын нӕ барухс кӕндзынӕн, Украинӕйы Житомиры ‘рдыгӕй Рамазаны ацы дыууӕ къухӕй бавӕрдтон, немыцаг хӕдтӕхӕг доны был ӕрӕхста, ӕмӕ…

Гуассӕйӕн йӕ зӕрдӕ бахъарм. Йӕ цӕнгтыл хӕцгӕйӕ йӕ хӕдзарыл сӕмбӕлын кодтой. Сыхбӕстӕ, хабар фехъусгӕйӕ, зианмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ-иу Рамазаны къамтӕ къулыл кӕм уыдысты, уым-иу сӕ цӕссыг фӕкалдтой, рухсаг у, зӕгъгӕйӕ. Рӕсугъд афицер. Хӕстӕн йӕ тӕккӕ райдайӕны афицеры цин райста, Черниговы бӕхджын саперон училищӕ фӕуӕвгӕйӕ. Уырыц, Гуассӕ ӕмӕ ма хӕдзары фондз фыртӕй цы иунӕг Осмӕн уыди, уыдонмӕ хур нал касти.

Иу бон куы уыди, уӕд Уырыц афтӕ зӕгъы: «Цы ‘рцыди, уымӕн раздахӕн нал ис, фӕлӕ бавдӕлӕм, йӕ сӕфт октябры райдайӕнмӕ цӕуы, ӕмӕ йын йӕ дыууиссӕдзӕм бон скӕнӕм. Кӕд нӕ зӕхмӕ нал схӕццӕ, уӕддӕр ын къӕбӕр, хойраг ныххӕлар кӕнӕм… Уӕхи фидардӕр дарут, махӕн ма Рамазанӕй дарддӕр цыппар сты. Йӕ иунӕг кӕмӕн фесӕфы, уый та цы фӕуа?»

Цы бонмӕ бауынаффӕ кодтой, уӕдмӕ, ирон ӕгъдауӕн цы ӕмбӕлы, уый ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ сӕ сыхы хистӕр Афӕхъо ныххӕлар кодта. Фынгыл Хуыцауы номыл рӕгъ, рухсаджы рӕгъ хистӕр куыддӕр загъта, афтӕ Рамазан дуарӕй ӕрбахызт. Йӕ кӕрты дӕлиау бадт куы ауыдта, уӕд йӕ зӕрдӕ ныккӕрзыдта, кӕд ме ‘фсымӕртӕй чидӕр нал ис, зӕгъгӕ. Рамазан сабыргай хӕстӕг бацыд, бадты адӕм ӕм ныджджих сты, стӕй уӕд дыккаг хистӕр Мӕлыхъо сфӕрӕзта: «Ацы лӕг, ӕвӕццӕгӕн, уынджы ӕрцӕйцыд, тынг мӕллӕг куы нӕ уаид, уӕд Рамазаны хуызӕн цы тынг у!» Цы ма загътаид Рамазан, цинты бадут, зӕгъгӕ, ма сдзырдта. Уырыц, йӕ сӕрыл хӕцгӕйӕ, ракъахдзӕф кодта, кӕрдо бӕласмӕ йӕхи банцой кодта ӕмӕ сфӕрӕзта: «Нӕ зонын! Чырысти райгас фехъуыстон, фӕлӕ Рамазан?..»

Изӕрӕй Рамазаны уынынмӕ чи ‘рбацыд, уыдонӕн йӕ зӕрдӕ дӕр нӕ куымдта дзурын, афтӕмӕй сын хабӕрттӕ фӕдзырдта, цы зындзинӕдтӕ федта цыппар мӕйы дӕргъы:

— Цӕвиттон, немыц хӕсты райдайӕны, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тыхджындӕр уыдысты алцӕмӕй дӕр, ӕмӕ Сырх ӕфсады сӕ разӕй тардтой, цагътой. Иу ран Житомирмӕ ‘ввахс нӕ немыц цъымарамӕ батардтой. Алырдыгӕй нӕ ӕхсынц, афтӕмӕй хъуырмӕ цъымарайы фӕлӕууыдыстӕм. Цъымарайӕ ма иу украинагимӕ тыххӕй раирвӕзтыстӕм. Украинаг цы хъӕуӕй загъта, уым цӕрын, зӕгъгӕ, уымӕ ӕрбахӕццӕ стӕм. Далӕ цы хъӕу зыны, уым, дам, дыккаг уынджы ӕппӕты кӕронӕй цӕрын, ӕмӕ уал ӕз басгарон, мыййаг дзы, немыц куы уа. Лӕг ацыд. ӕз суткӕмӕ ‘ввахс фенхъӕлмӕ кастӕн, куы нӕ фӕзынд, уӕд изӕрыгон хъӕумӕ ныццыдтӕн. Сӕ рудзынджы цурмӕ бацыдтӕн, рудзынг бахостон. Ус мӕм рагӕпп кодта ӕмӕ мыл ныхъхъӕртӕ кодта. Бамбарын ын кодтон: ӕз, дӕ лӕгимӕ чи аирвӕзт, гъе уый дӕн, зӕгъгӕ. Уӕддӕр къӕрттӕй цъула не ‘ппӕрста. Цӕуын ӕххормагӕй кӕйдӕр зӕххыл, хъару лӕмӕгъдӕр кӕны. Цӕуын быдырты, ӕмӕ дзы сӕкӕры цӕхӕра тыд. Иу бын дзы сӕппӕрстон, асыгъдӕг ӕй кодтон, ӕххормаг хӕрд дзы бакодтон. Кӕмдӕр гыццыл ме стонг фӕсаст. Боныгон цас фӕцыдаин, иу фондз хуторыл ахызтӕн, фӕстӕмӕ та хъӕд райдыдта ӕмӕ диссаг — хъӕдмӕ ‘ввахс хъуг хизы. Мӕхи йӕм сабыргай байстон, хъуг зӕрондгомау, фӕлӕ йӕм лӕгъзӕй дзургӕйӕ, ӕхсыры агуывзӕйы бӕрц ӕрдыгътон. Уыцы зӕрдиаг нозт куыддӕр акодтон, афтӕ йӕ хицау, 18 азы бӕрц кӕуыл цыдаид, ахӕм чызг мӕ цуры украинагау цыдӕртӕ хъуыр-хъуыр кӕны.

Хатгай хъуыстысты ӕхситт, срӕмыгъдтытӕ, уӕлдӕфон цъаммартӕ-иу фӕзындысты. Цыдӕриддӕр уыди, дыууӕ сахаты фӕстӕ къорды баййӕфтон. ӕмӕ мӕнӕ ӕнӕнхъӕлӕджы диссаг, мӕ сыхбӕстаг Рамазан дӕр — семӕ. Йӕ службӕ уыди сыхаг хайады, музыкалон взводы. Дон мын радтой, иу картофы мур, фӕлӕ иунӕг кӕй нал уыдтӕн, уымӕй мын фенцондӕр. Бахсӕвиуат кодтам хъӕды. Куы ӕрбабон, уӕд араст стӕм скӕсӕны ‘рдӕм. Цас фӕцыдтӕн, фӕлӕ кӕсӕм ӕмӕ — цӕугӕдон. Лӕппутӕн дӕр, сӕ иу сомихаг, бамбарын кодтон, къордтӕй, куыд нӕ зынӕм, афтӕ доны ‘рдӕм нӕхи ныййисӕм, ӕмӕ уый былты скӕсӕны ‘рдӕм цӕудзыстӕм, чи зоны нӕ стырдӕр донмӕ ракӕна. Равзӕрстам, Рамазан ӕмӕ, немӕ цы Сережӕ баззад, уыдонимӕ иу змисджын ран. Кӕсын, ӕмӕ мӕлдзыджытӕ тынг зӕрдиаг архайд кӕнынц. Уыцы дынджыр гуппарыл дзаумӕттӕ ӕркалдтам, мӕ кител айтыдтон ӕмӕ мӕлдзыджытӕ нӕ дзаумӕттӕ ӕнӕхъуаджы змӕлджытӕй сыгъдӕг кӕнын байдыдтой. Нӕхӕдӕг дӕр кӕд фӕллад уыдыстӕм нӕ лидзынӕй, уӕддӕр нӕ донӕй нӕ къах нал хаста. Уӕдмӕ ныл бафтыд «мессершмидт». Йӕхи ныл ӕрыскъӕры, ӕвӕццӕгӕн, кителмӕ фӕкомкоммӕ ис ӕмӕ ӕртӕхы, нӕмыгзгъалӕн кӕны. Былгӕрон цыдӕр гыццыл дзыхъхъы ӕмбӕхсӕм, фӕлӕ та — уырдӕм дӕр. Ӕз, цыма мӕ мардӕй дон фӕласы, афтӕ мӕхи баппӕрстон. Фӕлӕ мын Рамазан йӕхи дзаумӕтты бӕсты мӕ дзаумӕттӕ ахаста. Хӕдтӕхӕг, куы нал нӕ уыдта, уӕд атахт. Ӕз хъӕр кӕнын иуырдӕм, иннӕрдӕм, ӕмбӕлттӕ хӕстӕг нал сты. Мӕнӕ диссаг, иунӕгӕй та баззадтӕн. Хорз ӕмӕ мын дзаумӕттӕ сбӕззыдысты, ӕмӕ афицерӕй, салдатмӕ ‘рхаудтӕн музвзводы бӕрӕггӕнӕнтимӕ.

Цӕуыныл та ахӕцыдтӕн дарддӕр. Быдыры та цӕхӕра куыд сыгъдӕг кодтон, афтӕ мӕ цуры «бидаркӕ» алӕууыд ӕмӕ мӕм дзуры: «Чи дӕ, уый ӕмбарын, хъӕутӕ ахст сты немыцӕй. Мемӕ сбад, фыддзинад ӕмӕ гадзрахатдзинадӕй ма тӕрс, хъӕуы «старостӕ» дӕн, мӕ бон цы у, уымӕй ӕххуыс кӕнын».

Афтӕмӕй немыцы ‘хсӕн балӕууыдтӕн. Немыцаг афицер мӕм фӕкасти «ауевайс» — дӕ гӕххӕттытӕ, зӕгъгӕ. Мӕхи мын схонын бахъуыди Рамазанӕй. Загътон, гъе уыцы ран «музвзводы» цагътон, коммунист, фӕскомцӕдисон нӕ дӕн, советон хицауад мӕ кулак скодта.

Афицер та мӕм ныккаст ӕмӕ та бакодта: «ты еврей», уынын дӕ, сау дӕ. Ӕз дзуттаг дӕр нӕ дӕн, уырыссаг дӕр, ӕз дӕн ирон. Уыцы адӕмӕн Гитлер аргъ кӕны. Нӕ дӕ марӕм, бамбӕрстам дӕ, къухы хӕцӕнгарз кӕй нӕ уыди, фӕлӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы нӕ уай, уӕд цъыкк, зӕгъгӕ. Хорз ӕмӕ училищӕйы дыууӕ курсы зӕрдиаг ахуыр кодтон немыцаг ӕвзаг, мӕхи бахъахъхъӕнын мӕ бахъуыди. Старостӕ уӕйгӕнӕг нӕ уыд, немыцагау кӕй зыдта, уый тыххӕй йӕ немыц ӕххуысгӕнӕг скодтой. Ӕз та иу мӕйы бӕрц «старостӕйы» бидаркӕйы фӕралас-балас кодтон, немыцӕй нал тарстӕн, хӕринаг дӕр гыццыл фӕхуыздӕр. Старостӕ мын баххуыс кодта, гӕххӕттытӕ ӕмӕ куыд бӕхтӕм зилӕг, афтӕ мӕ ӕфсӕддон хайады бӕхтимӕ Кавказы ‘рдӕм сӕмбӕлын кодта, уырдыгӕй мӕ хӕдзарыл дӕр сӕмбӕлдтӕн удӕгасӕй. Гыццыл фӕстӕдӕр — фӕстӕмӕ фронтмӕ, — дзырдта Рамазан. Цӕвиттон, ме ‘рвад цӕфтӕ дӕр баййӕфта, бирӕ хӕрзиуджытӕ райста.

Ӕфсады фӕстӕ — Беслӕны 1-ӕм скъолайы хӕстон хъуыддӕгты ахуыргӕнӕг, фӕлӕ сӕйрагдӕр — шофыры курсыты ахуыргӕнӕг. Рахизфарсы районы мингай шофырты бирӕ азты дӕргъы ахуыр кодта. Адӕмы ‘хсӕн тынг кадджын, алкӕимӕ дӕр дзурын зыдта. «Книга Памяти»-йы дыууӕ хаты фыст ӕрцыди Тетаты Уырыцы фырт Рамазан. Иу хатт та йӕ йӕ сыхбӕстаг йӕхи къухӕй бавӕрдта, цыппӕрӕм хатт ӕцӕгдӕр фӕзиан.

Цы хабӕрттӕ фӕдзырдта Рамазан, уыдон цыдысты Украинӕйы, сӕ хуторты нӕмттӕ дӕр дзырдта, фӕлӕ сӕ нӕ бахъуыды кодтон.

Рамазан хӕсты кӕронмӕ фӕхӕцыд саперон батальоны. Фыццаг цӕф фӕци, Румыны паддзахад уӕгъд кӕнгӕйӕ.

Йӕ хистӕр ӕфсымӕр Гӕмӕт Севастополы Сапун-Хохы хӕстӕй рог цӕфӕй ласт ӕрцыд Новороссийскмӕ. Уырдыгӕй йӕ йӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ рауагътой йӕ хӕдзармӕ. Фронтмӕ нал бахауд, ӕфсӕйнаг фӕндагыл кусгӕйӕ баззад. Йӕ иннӕ ӕфсымӕр Ибрагим, 1905 азы гуырд, фӕмард 1942 азы сентябры Воронежы облӕсты ӕмӕ уым Коротякы хъӕуы ӕфсымӕрон ингӕны ӕвӕрд ӕрцыд. Аннӕ ӕфсымӕр дӕр фӕмард уыцы аз: Ирыстоны кадджын лӕг Кӕсӕбиты Митяимӕ иумӕ уыдысты хӕсты. Уырызбег, 1919 азы гуырд, уыцы хӕсты фӕмард, Митяйӕн та йӕ къах фӕцӕф.

ТЕТАТЫ Эльврик,

ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here