Сæйрагдæр – сабиты бахъахъхъæнын

0
214

Рæстæгæй-рæстæгмæ медицинон фарсы уазджытæ – фæлтæрдджын дохтыртæ дзуаппытæ  фæдæттынц нæ рæстæджы æнæниздзинад хъахъхъæнынады царды домгæ фарстатæн. Ацы хатт æрбахуыдтам нæ мæскуыйаг зындгонд æмзæххоны. Цæуыл цыд ныхас нæ фембæлды рæстæг, уый дын, зынаргъ газеткæсæг, хæссæм дæ размæ.

Созайты Ларисæ Мæскуыйы Боткины номыл бирæкъабазджын наукон-клиникон центры акушерствæ æмæ гинекологийы кафедрæйы доцент, медицинон наукæты кандидат. Райгуырд æмæ схъомыл Дигорайы, каст фæцис Цæгат Ирыстоны медицинон институт. Пациенттимæ куыст, æнхъæлцау уæвынмæ тырнæг сылгоймæгтæ, санитарон рухстауæн куыст, стæй хосты рекламæйы фæдыл уыд нæ ныхас Ларисæимæ.

– Дохтыр, фыццаджыдæр, пациентимæ ныхас кæнын хъуамæ арæхса. Ахæм цау уыд мæ куысты: æрбацыд мæм, æдзухдæр алцæмæй разы чи нæ уыд, ахæм сылгоймаг. Цы 30 минуты мын лæвæрд вæййы, уыдонæй йæм 27 хъусгæ кодтон. Дисы бацыд. Дохтырмæ, зæгъы, бацыдтæн, компьютерæй мын цыдæр амынддзинæдтæ систа æмæ мæм сæ ратта. Ууыл ахицæн нæ фембæлд. Хъыгагæн, нал ахуыр кæнæм фидæны дохтырты æрбацæуæгимæ ныхас кæныныл, цæмæй байхъусой пациентмæ, фехъусой йæ, æрмæст уый фæстæ сбæрæг кæной йæ низыхатт. Фыццаг уал æм байхъус, йæ ныхæстæй скæн хатдзæг. Уымæй бирæ аразгæ у, раст æвæрд æрцæудзæн низ æви нæ. Кæд аразгæ интеллекты бон бирæ у (рæстæмбис нымадæй аппаратæй иртасыны рæстæг хæссы æртын-фæндзай минуты), уæддæр раст низ сæвæрыны нæуæдз процентæн ахъаз у пациентимæ ныхас. Дистанцион ахуырад æвзæрæрдæм фæзынд дохтыр æмæ рынчыны ‘хсæн ахаст-дзинæдтыл. Уый срастгæнинаг хъуыддаг у, æмæ йыл кусæм. Нæ наукон клиникон центры ис зонады хицæн фадыг. Уый ординаторты ахуыр кæны, æххуысмæ сæм чи æрбацæуы, уыдонимæ ныхас кæныны уагыл, – зæгъы Ларисæ.

Æнæзæнæг бинонты фарста цæхгæр лæууы нырыккон царды. Зæххы къорийы æнæзæнæг бинонты рæстæмбис бæрæггæнæн у ахæм: цыппор аст проценты бинонтæн никæд уыдзæн сывæллæттæ. Уыдонæй цыппор фондз проценты   нæлгоймæгтæ сты. Уролог-андрологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй уымæн ис цалдæр аххосаджы. Фыццаг – хæринаг, дыккаг – экологи, æртыккаг – адæймагæн знагхæссæг ахуыртæ, цыппæрæм – царды уаг. Дохтыртæн дайуаг у, æнхъæлцау сылгоймаджы гуырдз цыфæндыйæ дæр бахъахъхъæнын хъæуы æви нæ. Уый комкоммæ баст у гормонтæй уæрæх пайда кæныны фарстаимæ. Иу хъуыддаг – сывæллонæн, цалынмæ йæ райгуырыны афон не ‘рцæуа, уæдмæ йын æххуыс кæнын. Иннæ – мады æнæниздзинадыл хъуыды кæнын. Гормоналон терапийы фæстæ сылгоймаджы æнæниздзинады ивддзинæдтæ ‘рцæуы. Цалынмæ сæ нæ райдайа кæнын, уалынмæ ныхъхъуыды кæнын хъæуы, фылдæр пайда æрхæсдзысты сывæллон ныййарынæн æви нæ. Дохтыр хъуамæ раст равзара, цавæр гормон хъæуы, сывæрджын уæвынмæ чи тырны, уыцы сылгойма-джы. Сæ бæрцæй аразгæ у суанг мады цард. Хатт мæм æрбарвитынц гормоналон хосы хуызист, ацы хос мын бацамыдтой скæнын, зæгъгæ. Дохтырæн уыцы бар нæй, æмæ телефонæй амынддзинæдтæ дæтта йæ куысты рæстæ-
джы фæстæ. Ахæм дохтырты къордтæ ис дзæбæхгæнæн -диагностикон клиникæты, уыдон кæнынц телемедицинон консультацитæ, куы бахъæуа, уæд видеофыст æрмæг архивæй сисынц. Пациенты картæмæ кæсын у йæ дохтыры бон. Документацигонд иумæйаг электронон хызæй Ирыстоны нæма пайда кæнынц, хъыгагæн. Созайон куыд зæгъы, афтæмæй алы æнæзæнæг бинонтæ дæр хицæн кæнынц кæрæдзийæ, алкæмæндæр сæ ис хицæн истори.

– Кафедрæйы сконды ис дыууæ клиникæйы, уыдон æххуыс сты, нырыккон технологитæй пайда кæнгæйæ, бинонтæн ноггуырд балæвар кæнынæн. Дыууæ дзæбæхгæнæндоны дæр сты адæймаджы репродукцийы уæрæсейаг ассоциацийы уæнгтæ. Интернеты чи ис, уыцы æрмæджыты зонын-дзинæдты нæуæдз проценты пациенты нæ хъæуынц. Уый нæ, фæлæ ма ахъаз сты дохтырмæ ныхмæ лæууынæн. Уымæ гæсгæ сæ æз бынтон разы нæ дæн. Цыфæндыйæ дæр Семашкойы системæ кæддæриддæр ахадгæ уыд царды. Йæ бындурыл арæзт сты Китай, Кубæ, Латинаг Америкæйы паддзахæдты системæтæ. Не ‘мкурсон цæры æмæ кусы Англисы, уым дæр æнæниздзинады системæ хъавынц Семашкойы амынддзинæдтæм гæсгæ рацаразын. Йæ бындур та у, Советон Цæдисы заман цы профилактикон куыст кодтой, уый сног кæнын, – дзуры Ларисæ.

Профилактикон куысты ахадындзинадæн дзы æмбал нæй. Акушерствæ æмæ гинекологийы профилактикон мадзæлттæ райдайынц сылгоймæгты консультацийæ. Мады гуыбыны сывæллонæй ссæрибар уæвын  не ‘руадзынæй бирæ аразгæ у паддзахады демографион уавæр. Сылгоймæгты консультацимæ уыцы хъуыдыимæ чи æрбацæуы, уыцы æнхъæлцау сылгоймагæн гинекологтæ æмæ акушеркæтæ хъуамæ ‘мбарын кæной, цы знаггад ракæндзæн уыцы процедурæ, уый.

Нæ æрмæджы хъайтары фæллойадон фæндаг сылгоймæгты консультацийы райдыдта, æмæ-иу куы бахъуыд, уæд цалдæр хатты семæ ныхас дæр кодта, цæмæй, царды рухс чи нæма федта, уыцы саби хъахъхъæд æрцæуа.  Æмбарынгæнæн куыстæн уыд
рæстæг, ныр дохтырæн пациентимæ фембæлынæн, йемæ ныхас кæнынæн лæвæрд цæуы æрмæстдæр сахаты ‘рдæг. Уыдонæй фынддæс минуты хардз кæнынц гæххæттытимæ куыстыл. Семæ архайд та, хъыгагæн, фылдæр рæстæг домы. Кæд сæ раст ныффысса дохтыр, уæд афтæ нымад цæуы, æмæ сылгоймагæн баххуыс кодтай, кæд нæ – уæд ницы кусыс. Хъыгагæн, дохтырæн профилактикæйы фарстаты фæдыл амынддзинæдтæ дæттынæн рæстæг нал сфаг вæййы.

– Мæскуыйы 1-æм, 2-æм æмæ 3-æм медицинон институтты дохтыртæ бæрзонддæр кæнынц сæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ. Цæуыл дзы ахуыр кæнынц, уыцы
фарстатæ сты æппынфылдæр зонындзинæдтæ дæттынимæ баст. Къæрцхъус уæвын хъæуы æдзух. Дæсныйадæн фесæфæн нæй, уымæн æмæ аразгæ интеллект нæ баивдзæн дохтыр æмæ рынчыны цæрдуд ахастдзинæдтæ, уæлдайдæр, медицинæйы ахæм къабазы, куыд акушерствæ. Нырыккон царды йæ уагыл фæзынд ног ахорæнтæ, раздæр уый аивад хуыдтой. Баст у, ацы дæсныйадмæ ахаст кæй фæивта, лæггад кæныны уагыл æй кæй сæвæрдтой, уыимæ. Уыцы ахаст нæхимæ ивын хъæуы.

Нæ амондæн, цыфæндыйæ дæр сылгоймагмæ гуырдз сæвзæрыныл нæу нæ архайд. Академик Машетовайы фæрцы нын фидар бастдзинæдтæ ис  Ирыстонимæ. Арæх ссæуæм консультацитæ кæнынмæ, нæ клиникæйы ацæуынц ахуыртæ ирыстойнаг сывæллæтты эндокринологтæ æмæ хирургтæ.  Нæ клиникон ординатортæ уыдысты дыккæгæм дзæуджыхъæуккаг арæндоны сæйраг дохтыр Тогойты Жаннæ, стæй Цæгат Ирыстоны сывæллæтты сæйраг гинеколог Сатцаты Майæ, сывæллæтты эндокринологийæ цы зонын-дзинæдтæ райста, уыдонæй пайда кæны йæ куысты, – зæгъы Ларисæ.

Хосты рекламæмæ цы цæстæй кæсы нæ уазæг, уыцы фарстæн нæ йæ дзуапп дисы нæ бафтыдта.

– Раст мæм нæ кæсы хосты рекламæ. Цыфæндыйæ дæр хос хос у. Раздæр нæ стандартизацийы кафедрæ каст æппæт препаратты, сæ къантролы æмæ клиникон иртæстыты фарстатæм. Рекламæ сæ адæмæн хъары. Адæйма-джы фыццаг дзæбæх кæнынц, сæ фæстæ та махмæ æрбацæуынц сæхи дзæбæх кæнынмæ. Афтæ хъуамæ ма уа, алы хос дæр дохтыры амындæй хъуамæ нуазай. Уый пациенты базонгæ кæны хосы пайда æмæ зианхæссæг миниуджытимæ. Уыцы зонындзинæдтæ Интернетæй нæ, фæлæ дохтыр хъуамæ базона. Хос нуазгæйæ, зæрдæхсаинаг куы разына, уæд ын дохтыр бамбарын кæна, дарддæр ын цы кæнгæ у, уый. Цыфæнды хос дæр хъуамæ дохтыр бацамона, уый хæссы юридикон æмæ моралон бæрндзинад. Закъондæттыны æмвæзадыл хъуамæ каст цæуа ацы хъуыддагмæ, уымæн æмæ ацы фарста баст у царды хæрзхъæддзинад æмæ национ æдасдзинадимæ.
Мæскуыйы æнæ рафысгæйæ иунæг хос дæр нæ рауæй кæндзысты. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады коллегийы ныхас цыд, цæмæй гормоналон, сæкæрнизы, психо-неврологон хостæ дзæбæхгæнæн уагдæтты лæвæрд цæуой. Фæсарæнты уый нæй, махмæ дæр хъуамæ уый ма уа, науæд бирæ цæуылдæрты фæуы-дзыстæм фæсмойнаг, – дзуры Ларисæ.

Уавæрæй спайда кæнгæйæ, æндæр фарстатыл дæр ныхас кодтам Созайты Ларисæимæ нæ фембæлды рæстæг. Æнæвдæлон кæд у, уæддæр архайы йæ бинонтимæ фыдæлты зæхх бабæрæг кæныныл. Тых мын дæтты, зæгъы, цæрынæн æмæ кусынæн. Сывæллæтты хæринаг, демографион уавæр, йæ дæсныйадæн бындур æвæрд кæм æрцыд, уыцы ахуыргæнæндоны юбилейы, стæй йе ‘мкурсонты тыххæй æмæ Ирыстонмæ йæ ахасты фæдыл ныхас кæнгæйæ, бамбæрстам, райгуырæн бæстæйæ дард уæвгæйæ дæр йе ‘мбæстæгты æнæниздзинадыл куыд тыхсы, куыд адджын ын у, цы зæххыл райгуырд, уый.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here