Фиддонтæ исынц

0
178

Æртæ азæй кæстæр сывæллæттæ кæм цæрынц, астсæдæ ахæм цæгат-
ирыстойнаг бинонтæ ныййарæджы капиталы фæрæзтæй фиддонтæ исынц. Афæдзы райдайæнæй нырмæ Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыс-
тойнаг хайад социалон æххуысы амынд
хуызæн радих кодта 78 милуан сомы.

– Регионы иу адæймагæн цæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр хæрдзты дыууæхаттон бæрцæй дæлдæр рæстæмбисон æфтиагимæ (ома, ныййарджыты фæллойадон архайдмæ, кæнæ исбонмæ æнæ уæлæмхасæн домæнтæй мæймæ адæймагæн 27816 сомы) бинонтæн фиддон сæвæрынц. Ацы аз ныййарæджы капиталы фæрæзтæй æрвылмæйон фиддоны бæрц у нæ республикæйы сывæллонæн фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр хæрдзты бæрц, ома, 13941 сомы, – зæгъы амынд хайады разамонæг Таболты Сергей.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: фаронæй фæстæмæ бинонтæн ис æртæ азæй кæстæр алы сывæллонæн ныййарæджы капиталæй æрвылмæйон фиддонæн гæххæттытæ саразыны бар (амæй размæ та амынд гæххæттытæ арæзтой æрмæст дыккаг сывæллонæн). Бинонтæ сывæллоны райгуырды мæйæ фæстæмæ фиддон цæмæй исой, уый тыххæй сæ хæс у ног бинойнаджы райгуырды мæйæ афæдзы æрдæджы æмгъуыдмæ курдиат барвитын.

Бинонтæн ис æрвылмæйон фиддон исыны фæдыл курдиат портал «Госуслуги»-йы, кæнæ бæстæйы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады клиентон службæты, науæд та бирæкъабазджын центры комкоммæ уагæй барвитыны бар. Арæх мады хæс вæййы æрмæст курдиат барвитын, Социалон фонды специалисттæ та æппæт хъæугæ бæрæггæнæнтæ райсдзысты хæдбарæй, ведомствæты æмгуыстады фæткмæ гæсгæ.

Фиддоны фæдыл курдиатыл æрныхас кæнынц 10 кусгæ боны æмгъуыдмæ. Разыйы дзуапп раттыны фæстæ бинонтæн æхца барвитынц фондз кусгæ боны æмгъуыдмæ, фæстæдæр та – фиддон сæвæрыны мæйы фæстæ цæуæг мæйы фæндзæм бон. Фиддоны бон кæд фæлладуадзæн бонмæ, кæнæ бæрæгбонмæ хауы, уæд  æхца бафидынц бон раздæр.

Æрвылмæйон фиддон сæвæрынц 12 мæйы æмгъуыдмæ. Фиддон цы мæйæн сæвæрдтой, мадæн ис æмгъуыды уыцы фæстаг мæй фиддон райсыны тыххæй дыккаг курдиат барвитыны бар (сабийыл цалынмæ æртæ азы сæххæст уа, уæдмæ).

Уæрæсейы Социалон фонды иумæйаг контакт-центр: 8-800-100-00-01 (телефонæй фæдзурæн ис лæвар). Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады линийы куысты фæтк: къуырисæрæй цыппæрæммæ – 8 сахаты æмæ 30 минутæй – 17 сахаты æмæ 30 минуты онг, майрæмбоны та – 8 сахаты æмæ 30 минутæй – 16 сахаты æмæ 30 минуты онг.

 

УФ-йы Социалон фонды
цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here