Фæтк сног кодтой

0
181

Æстай азы кæуыл сæххæст, Уæрæсейы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад ахæм адæймæгтæ æмæ фыццаг къорды инвалидтæм зилыны фæдыл пенсийæн уæлæфтуан æвæрыны фæтк сног кодта.

Ацы хабар фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны профилон ведомствæйы пресс-службæ. Уæлæфтуан æвæрдзысты пенсийы бæрц ногæй банымайыны фæрцы (уыимæ, хъуыддаг æххæстгонд æрцæудзæн автоматикон уагæй, Социалон фондмæ чи ис, уыцы бæрæггæнæнты, стæй социалон къабазы Иумæйаг централизацигонд нымæцон платформæйæ инвалиддзинады тыххæй хъусынгæнинæгты бындурыл). Пенси-
исæгыл искæдæм цæуыны кæнæ курдиæттæ фыссыны хæс æвæрд нæ уыдзæн.

Фыццаг къорды инвалидæй адæймаджы банымайыны тыххæй уынаффæ системæйы регистраци скæныны бонæй (кæнæ та адæймагыл 80 азы цы бон сæххæст, уыцы бонæй) тæккæ фылдæр фондз кусгæ боны æмгъуыдмæ Социалон фонды хæс уыдзæн пенси ногæй банымайыны тыххæй бардзырд сфидар кæнын (адæймагмæ кæд зилын хъæуы, уæд).

Ацы хъуыддаджы фæстæ æртæ кусгæ боны æмгъуыдмæ Социалон фонды хæс уыдзæн пенси ногæй бахынцыны тыххæй хабар пенсиисæгæн кæнæ та йæ минæварæн фехъусын кæнын.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here