«Æфсымæрон хæстытæ» цасфæнды куы ахæссой, уæддæр сын кæрон æнæскæнгæ нæй

0
147

Сæрмагонд æфсæддон операци цы бон райдыдта, уæдæй фæстæмæ сарæх сты ахæм ныхæстæ:
«Дыууæ æфсымæрон адæм бацыдысты æфсымæрон хæсты». Фæлæ «не ‘фсымæртæ» кæй хонæм, уыдон се ‘нæсæрфат цардамонджыты аххосæй дыу-
уæ дихы ныйисты, æмæ сæ иу хай – украинаг националисттæ – не ‘фсымæртæ сты, зæгъгæ, уыцы хъуыды сæхимæ хæстæгдæр нæ уадзынц. Иннæ ахæм, нæ либералтæ дæр сæ удæй бацыдысты, «æфсымæрон адæмæн сæ сæрибарыл къух систам», зæгъгæ, сæ хъæр дардмæ айхъуыст. Æмæ сæ алчидæр йæхи нымайы растыл.

Раст чи у, чи та – зылын, уыцы фарст домы хицæн дзуапп. Фæлæ æцæгдзинад куыд æвдисы, афтæмæй, æфсымæртæй иу йæхи уæлдæр æвæрын куы райдайы æмæ се ‘хсæн быцæудзинад куы сæвзæры, уæлдайдæр та топпы цæстæй кæрæдзимæ куы акæсынц, уæд хъуыддаг хуымæтæгæй нал ахицæн вæййы. Хосдзауы цæвæг йæхи дурыл куыд скъуыры, афтæ дыууæ æфсымæрон адæм дæр фæбыцæу вæййынц, иу дзы иннæмæн хатыр нал фæкæны, æмæ хъуыддагæн æнæ цæхгæр алыггæнгæ нал вæййы, науæд уыцы знаджы цæстæй кæрæдзимæ кастæн кæрон нæ уыдзæн…

Иу æвзагыл кæнæ, кæрæдзимæ тынг хæстæг чи у, ахæм æвзæгтыл чи дзуры, иу диныл хæст чи у, æрвылбоны царды бирæ хъуыддæгтæй, культурон, æхсæнадон, хæдзарадон ахастдзинæдтæй баст чи у, дыууæ ахæм æфсымæрон адæм-иу кæрæдзимæ знаджы цæстæй кæсын куы райдыдтой, ахæм цаутæ алы дуджы, историйы алы къæпхæнты раздæр дæр уыд бирæ. Сты ныр дæр. Цæмæн-иу афтæ рауад? Цæй аххосæй? Ацы фарстæн ис иунæг дзуапп: йæхи геополитикон интересты сæраппонд-иу се ‘хсæн чи бацыд, уыцы знæгтæн сæ мæлгъæвзаджы аххосæй. Дыууæ æфсымæрон адæмы фæкæрæдзимæ кæнын сæ къухы цæмæй бафтыдаид, уый тыххæй абон дæр æлгъ ницæмæй кæнынц.

«Æфсымæрон хæстытæ» алкæддæр уыдысты уæлдай карз, уæлдай æгъатырдæр. Сæ бындур уыдысты рагон хъаугъатæ æмæ зæрдæхудтытæ. Хæст цыд принциптæ æмæ идеалты сæраппонд. Адæймаг иу туг, иу стæг кæимæ уа, йæ уыцы хиуонимæ цы дих кæна, исты ахæм царды алкæддæр разындзæн. Æцæгæлæттæ кæрæдзимæ куы фæвæййынц, уæд уым та фылдæр вæййы политикæ, монцтæн дзы бынат нæ разыны.

Кæй зæгъын æй хъæуы, историйы дæргъы чи ‘рцыд, уыцы «æфсымæрон хæстытæ» алкæд иухуызон нæ уыдысты, хицæн кодтой сæ карз-
дзинадæй, се ‘нæуынондзинадæй. Ацы ран цæвиттонæн æрхæссын æмбæлы, Герман баиу кæныны рæстæг пруссиаг-австриаг хæстон быцæутæ; кæнæ Балкайнаг хæстытæ – чырыстон диныл хæст адæмтæ сæ кæрæдзимæ куы фесты, уæд, афтæмæй та уымæй чысыл раздæр иумæ хæцыдысты османты ныхмæ; кæнæ та, ссæдзæм æнусы дæргъы сербтæ æмæ хорваттæ кæрæдзимæ æнæуынон цæстæй куыд кастысты, æмæ уыцы æнæуынондзинад стыр хæст куыд расайдта, æмæ Югославийы ныппырхæй куыд ахицæн, уый. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, нæхи Граждайнаг хæст – ссæдзæм æнусы уæрæсейаг стырдæр фыдбæллæх. Уый дæр уыд «æфсымæрон хæст» – æфсымæр-иу рацыд æфсымæры ныхмæ, фырт – фыды ныхмæ, бинонтæ-иу фехæлдысты, зноны æрдхæрттæ-иу кæрæдзимæ цыфыддæр знаджы цæстæй акас-
тысты.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст цы зæххытыл цыд, уым абон сæрмагонд æфсæддон операци кæй цæуы, уый дæр хуымæтæджы нæу. Æмæ æрмæст уый куы уаид: 1919 азы цы Граждайнаг хæст уыд, уый раст цыма ногæй бацайдагъ, адæймагмæ афтæ кæсы. Æрвылбон сæ хъусæм – Донецк, Харьков, Запорожье, Гуляйполе, Херсон, Каховка, Мариуполь… Сæдæ азы размæ цы таурæгътæ æмæ зарджытæ уыд, уыдоны хъайтартæ цæстыты раз ногæй æрлæууынц. Æмæ нын уый ногæй æмæ та ногæй амоны – нæ туг абон дзæгъæлы нæ калæм: кæйдæр æнæсæрфат, æнæзонд уынаффæйы аххосæй нæ Райгуырæн зæхх æртын азмæ лæвæрд æрцыд не «’фсымæрæн», тынг æнцонæй ныл гадзрахатæй чи рацыд, уымæн. Æмæ ныр бацархайын хъæуы, нæ зæхх нæхи зæххæй цæмæй баззайа, ууыл.

О, хæдæгай, уæд дæр, Граждайнаг хæсты рæстæг, уыдысты петлюровонтæ, фæсарæйнаг интервенттæ, сæ ахсджиагдæр бæллиц уыд, Украинæйы «къухтæй» Уæрæсе фехалын, æмæ хæцæнгарз калдтой æмæ калдтой. Уæд сæ хъуыддагæй ницы рауад. Ницы дзы рауайдзæн ныр дæр.

«Æфсымæрон хæстытæн» ма ис æндæр ахæм хицæндзинад – фылдæр хатт уыдон райгуырынц идеологон быцæутæй, ивгъуыды бонтæм, историон цаутæм, фидæнмæ æмхуызон цæстæй каст кæй нæ цæуы, уымæй. Нæ ивгъуыд иу кæй уыд, фидæны фæндаг та алкæмæн дæр хицæн кæй у, ууыл бацайдагъ вæййы быцæу ныхас. Ахæм уавæры бафхæрынæн, зæрдæ скъахынæн, хæст ракъахынæн фаг сты цыртдзæвæнтæ калын, историйæ ахуыргæнæн чингуытæ зыгъуыммæтæ кæнын, мадæлон æвзагыл дзурынæн гæрæнтæ æвæрын. Быцæу ныхас сæвзæры мыхуыры фæрæзты, азæлы горæтты уынгтæ æмæ фæзтыл… Афтæмæй, хылкъахæн ныхас («æртыккаг тыхтæ» дæр хъуыддагмæ се‘ххуысы хай куыннæ бахæссынц) расайы хæст, иу адæмы ныддихтæ æмæ сæ кæрæдзи ныхмæ фæкæны. Æмæ ныр алыхуызон зондылхæст адæмы хæст дыууæ дихы акодта – идейæты быцæуæй равзæрд хæст, æцæг хæст…

О, хъысмæты уынаффæйæ цæрæм хæсты рæстæг, тæссаг рæстæг. Адæймагмæ хаттæй-хатт афтæ дæр фæкæсы, цыма, цы уавæр сæвзæрд, уымæй нæй рацæуæн, цыма хæст аххæсдзæн азтæ, чи зоны, æнустæ æмæ ма фехалдзæн фидæны фæлтæрты хъысмæт дæр. Афтæ уыдзæн, хъуыддаг ныртæккæ æрдæгыл куы ныууадзæм æмæ йæ кæронмæ куы нæ ахæццæ кæнæм, уæд. «Æфсымæрон хæстытæ» кæд карз вæййынц, уæддæр хъæдгæмттæ сдзæбæх вæййынц. Æрмæст уымæн хъæуы иунæг хъуыддаг – уæлахиз. Æнæмæнг уæлахиз. Уый куы нæ уа, уæд та, ай-гъай дæр, хъæдгæмттæ не сдзæбæх уыдзысты, æмæ туг сæдæгай азты хъардзæн æмæ хъардзæн уыцы хъæдгæмттæй.

Уæлахиздзау чи у, уый бæрæг куы уа, уæд фарстытæн бынат нал уыдзæн. Дис дæр ма кæндзыстæм: ау, уый та куыд, æмæ кæрæдзиимæ хæцыдыстæм, кæрæдзи мардтам? Уымæн куыд гæнæн уыд?

Сабыр цард цæмæй ралæууа, уымæн хъæуы Уæлахиз. Æндæр гæнæн нæй.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here