Мадæлон æвзаг

0
220

Цæгат Ирыстоны фæрсæй-фæрстæм хæларæй цæрынц бирæ адæмыхæттытæ. Алкæмæн дæр сæ ис йæхи æвзаг æмæ культурæ. Абон нæ мадæлон æвзаг цы уæззау уавæры ис, уый æмбаргæйæ, хъуамæ иумæ архайæм йæ бахъахъхъæныныл æмæ йæ сыгъдæгдзинадыл. Æвзаджы руаджы цæуы бастдзинад фæлтæрты ’хсæн. Уый фæрцы райгуыры уарзондзинад нæ адæмы хъæздыг истори æмæ культурæмæ.

Æрæджы Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн Цæгат Ирыстоны ацыд сфæлдыстадон конкурс «Нæ иудзинад – нæ мадæлон æвзаг». Кадджын мадзал бацæттæ кодта Цæгат Ирыстоны регионалон культурон-рухстауæн æхсæнадон организаци «Ирон фæсивæд», йæ сæргъы – Багаты Эрик, афтæмæй.

Архайдтой дзы, 15 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, 100 ахæм ахуырдзауы нæ республикæйы алы сахартæ æмæ хъæуты скъолатæй. Сæ хæс уыд зындгонд ирон фысджыты уацмыстæ аив, зæрдылдаргæйæ бакæсын. Фыццаг бынат дзы бацахста Æрыдоны 1-æм астæуккаг иумæйагахуырадон скъолайы ахуырдзау Гуыбаты Дзерассæ. Ирон æвзаг æмæ йын литературæйы уроктæ амоны Лохты Ритæ.

Кады гæххæттытæ, арфæйы фыстæджытæ æмæ зæрдылдарæн хæрзиуджытæ уæлахиздзаутæн балæвар кодта «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Уататы Зелимхан.

Дарддæр дæр ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ сæ къухы куыд æфтой, ахæм арфæ сæ уæд!

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here