Ног хæстæ, ног уынаффæтæ

0
26

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд æмбырд. Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдонæй иу уыд кадрты фарста. РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæгæй нысангонд æрцыд Дмитрий Викторы фырт Кабацкий.

Æмбырды архайджытæ æркастысты, иуæй-иу закъонты проекттæм ивддзинæдтæ бахæссыны æмæ фидæны азты паддзахадон программæты нысантæ сфидар кæныны тыххæй фарстатæм. Зæххы хай иу нысаниуæгæй иннæмæ раивыны фæдыл раныхас кодта РЦИ-Аланийы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан.

Куыд загъта, афтæмæй, нæ республикæйы экономикон рæзты программæты бындурыл цы фондз ахъаззаг проекты æххæстгонд цæуынц, уыдонæй иу у комплекс «Къæхтысæр». Проект царды рауадзынæн хъæуы инвесторæн алывæрсыг æххуыс бакæнын.

2024 азы октябрь æмæ ноябры арæзт æрцæудзысты, нæ республикæйы фæзуæтты, æппæт районты фæзтæ ссыгъдæг кæныны, хъæутæ хæрзвадат уавæртæм раивыны санитарон мадзæлттæ. РЦИ-Аланийы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министры хæдивæг Тетцойты Алан куыд загъта, афтæмæй санитарон куыстытæ алы районы дæр хъуамæ ацæуой бæрзонд æмвæзадыл. Уый тыххæй профилон ведомствæтæ хъуамæ бацархайой сæ куыст баиу æмæ, республикæйы фæзуæттæ куыд æмбæлы, афтæ ссыгъдæг кæныныл.

РЦИ-Аланийы Транспорт æмæ инфраструктурæйы комитеты фæндæгты хæ-
дзарады сæрдар Солиты Тариэль радзырдта нæ республикæйы транспорты модернизацийы тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны транспорты модернизацийы фарстаты арæзт цæуы комплексон куыст.

– Ахсджиаг хъуыддагыл нымад у, нæ республикæйы цæрджытæн транспорты цæуынæн æдас æмæ хæрзвадат уавæртæ саразын, – загъта Солийы-фырт.

Æмбырды кæрон Дзанайты Барис бæстон хатдзæгтæ скодта, нæ республикæйы социалон æмæ экономикон рæзты программæты нысантæн æмæ загъта:

– Республикæ рамбылдта грант, «Æдас сабидуг», зæгъгæ, программæ царды рауадзынæн. Уыцы программæйы руаджы нын фадат уыдзæн алывæрсыг æххуыс кæнын, уæззау царды æмæ зын уавæрты чи бахауд, уыцы адæмæн. Уымæй уæлдай, дарддæр æххæст кæнæм социалон бадзырдты программæтæ, 2021 азæй дзы архайдтой 5000 адæймаджы. Æхцайы фæрæзтæ сын дихгонд æрцыд 900 милуан сомы. Уый хорз æххуыс у нæ республикæйы цæрджытæн, сæ хъæппæристæ бавдисынæн æмæ ног куысты бынæттæ аразынæн. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта, транспорты къабазы егъау модернизаци саразын. Балхæдтам 28 ног трамвайы, бæлццæттæ ласынæн – 214 автобусы. Ацы нысантæн хардзгонд æрцыд 3 миллиарды. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ нæ бæстæйы Президенты Указмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы историон цауы фæдыл ма нæ республикæ райста уæлæмхасæн æхцайы фæрæзтæ дæр. Æмбырды цы уынаффæтæ рахастам, уыдонæй иу «Кады Аллей»-йы комплексы рацарæзтæн бахардз кæндзыстæм 25 милуан сомы. Ахсджиаг хъуыддаг у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы мадзæлттæм мемориал цæттæ куыд уа, уый. Районты сæргълæуджытæй та курын, цыдæриддæр нæ республикæйы æфсымæрон ингæнтæ æмæ цыртдзæвæнтæ ис, уыдоны уавæрмæ æркæсын æмæ сæм базилын, – загъта нæ республикæйы Хицауады Сæрдар.

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here